ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Январь 2020

Ацы номыры ис, 2020 азы 2 мартъийӕ 5 апрелмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

«Ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

2020 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ цӕй фӕрцы суыдзыстӕм, ууыл.

Дӕ бон у, ӕмӕ иннӕтӕн уай «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос»

Базон, иннӕтӕн стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос кӕй фӕрцы уыдзынӕ, ӕртӕ ахӕм миниуӕджы тыххӕй.

Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын тынг аргъ кӕны!

Кӕд исты низимӕ тох кӕныс, цардамӕлттӕ кӕнын дын зын у йе та дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй дӕ ныфс асаст, уӕд дӕ зӕрдыл дар, нӕ уӕларвон Фыды уарзондзинадӕй дӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн.

«Хуыцауы сыгъдӕг тых... ӕвдисӕн лӕууы»

Адӕймаг куыд бамбары, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыд, уый? Уӕлӕрвты цӕрынмӕ хуынд куыд ӕрцӕуы?

«Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»

Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Кӕд сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, уӕд нӕ уый хъуамӕ мӕты ӕфтауа?