Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Чи амард, уыдон ӕнӕмӕнг райгас уыдзысты!

Чи амард, уыдон ӕнӕмӕнг райгас уыдзысты!

«Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (ХЪУЫД. 24:15).

151 ЗАРӔГ Уый фӕдзурдзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн цавӕр диссаджы ныфс ис?

АДӔЙМАГӔН ныфс уа, уый тынг ахсджиаг у. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты ныфс вӕййы, бинонтӕ сын куы фӕзына, уӕд амондджын кӕй уыдзысты, кӕйдӕр ныфс вӕййы, йӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕниз кӕй уыдзысты, кӕйдӕр та ныфс вӕййы, уӕззау низӕй кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн. Чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ уыдӕттӕм фӕбӕллынц. Фӕлӕ, махӕн цы ныфс ис, уый ноджы диссагдӕр у. Мах ныфс ис, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм, стӕй, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты.

2 Апостол Павел загъта: «Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыд. 24:15). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кой ма Павелы размӕ Иов дӕр кодта. Уый фидарӕй уырныдта, Хуыцау ӕй кӕй ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ йӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн (Иов 14:7–10, 12–15).

3. 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕры цы фыст ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

3 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый у, нӕ уырнындзинады «бындур» чи сты, уыцы ахуырӕдтӕй сӕ иу (Дзут. 6:1, 2). Уый тыххӕй Павел цы дзырдта, уый фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕры. Йӕ ныхӕстӕ 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты тынг бафидар кодтаиккой. Ӕмӕ нӕ кӕд, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый рагӕй уырны, уӕддӕр нӕ 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕр ноджы тынгдӕр ныфс бауадздзӕн.

4. Чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?

4 Йесо Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы нӕ ныфс ис, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты. Павел коринфӕгтӕн цы «хорз хабар» фехъусын кодта, уымӕ хауди, Чырысти кӕй райгас, уыцы хабар дӕр (1 Кор. 15:1, 2). Павел загъта, ӕмӕ кӕд чырыстон ууыл не ’ууӕнды, уӕд йӕ уырнындзинад ницы пайда у (1 Кор. 15:17). Уӕдӕ, Чырысти кӕй райгас, уый нӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ нӕ уырны, иннӕтӕ дӕр кӕй райгас уыдзысты.

5, 6. 1 Коринфӕгтӕм 15:3, 4 стихтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

5 Павел райдианы ракодта ӕртӕ хабары кой: 1) «Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй», 2) «бавӕрдтой» йӕ ӕмӕ 3) «ӕртыккаг бон райгас, Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:3, 4.)

6 Чырысти кӕй амард, кӕй йӕ бавӕрдтой ӕмӕ кӕй райгас, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Пехуымпар Исай ныффыста, Мессийӕйы «удӕгӕсты зӕххӕй» кӕй айсдзысты ӕмӕ йӕ кӕй «бавӕрдзысты фыдгӕнджытимӕ». Фӕлӕ ма ноджыдӕр иу ахсджиаг хабар ӕрцыд. Исай ма ныффыста, Мессийӕ кӕй ахӕсдзӕн «бирӕты тӕригъӕдтӕ». Ӕмӕ Йесо уый сарӕзта, йӕ цард нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ (Ис. 53:8, 9, 12; Матф. 20:28; Ром. 5:8). Уӕдӕ, Чырысти кӕй амард, кӕй йӕ бавӕрдтой ӕмӕ кӕй райгас, уый фӕрцы нын фидар ныфс ис, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй кӕй ссӕрибар уыдзыстӕм ӕмӕ нын чи амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты, ӕмӕ та иумӕ кӕй уыдзыстӕм.

ЙЕСО КУЫ РАЙГАС, УЫЙ ФӔСТӔ ЙӔ БИРӔТӔ ФЕДТОЙ

7, 8. Йесо кӕй райгас, уый чырыстӕтты цӕмӕн уырны?

7 Куыд федтам, афтӕмӕй, Чырысти кӕй райгас, уый нӕ куы уырна, уӕд нӕ уырндзӕн, мӕрдтӕ ӕцӕгдӕр кӕй райгас уыдзысты. Йегъовӕ Чырыстийы кӕй райгас кодта, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?

8 Чырысти куы райгас, уӕд ӕй уый фӕстӕ бирӕтӕ федтой (1 Кор. 15:5–7). Павел фыццаг скодта апостол Петры (Кифӕйы) кой. Уый размӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр загътой, Петр Чырыстийы кӕй федта (Лук. 24:33, 34). Уымӕй уӕлдай ма йӕ федтой «дыууадӕс ахуыргӕнинаджы» дӕр, ома апостолтӕ. Уый фӕстӕ Чырысти «уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ». Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар ӕрцыд, Галилейӕйы йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы фембӕлд, уӕд. Уый тыххӕй фыст ис Матфейы 28:16–20 стихты. Чырысти ма «фӕзынд Иаковмӕ». Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди йе ’фсымӕр Иаков. Уый раздӕр нӕ уырныдта, Йесо Мессийӕ кӕй у (Иоан. 7:5). Фӕлӕ, Йесо куы райгас ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй бауырныдта. Павел коринфӕгтӕм йӕ фыстӕг ныффыста н. э. 55 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ цымыдисаг у, Йесойы йӕ райгасы фӕстӕ чи федта, уыдонӕй бирӕтӕ уыцы рӕстӕг нырма ӕгас кӕй уыдысты. Уӕдӕ кӕд, Йесо кӕй райгас, ууыл исчи дызӕрдыг кодта, уӕд йӕ бон уыд уыдоны бафӕрсын.

9. Хъуыддӕгтӕ 9:3–5 стихтӕм гӕсгӕ, Павелӕн дӕр йӕ бон цӕмӕн уыд фидарӕй зӕгъын, Йесо ӕцӕгдӕр кӕй райгас?

9 Йесо куы райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фӕзынд Павелмӕ (1 Кор. 15:8). Павел (Савл) Дамаскмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд фехъуыста Йесойы хъӕлӕс ӕмӕ Йесойы цӕстылуайӕны федта. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 9:3–5.) Ӕмӕ уыцы хабар дӕр уыд бӕлвырдгӕнӕн, Йесо ӕцӕгдӕр кӕй райгас, уымӕн (Хъуыд. 26:12–15).

10. Йесо кӕй райгас, уый Павелы фидарӕй кӕй уырныдта, уымӕ гӕсгӕ цы арӕзта?

10 Павел Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый кӕмӕдӕрты диссаг кастаид, уымӕн ӕмӕ раздӕр йӕхӕдӕг чырыстӕтты ӕфхӕргӕ кодта. Фӕлӕ, Йесо кӕй райгас, ууыл куы баууӕндыд, уӕд иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уыцы хабар бауырныдтаид. Йесо кӕй амард, фӕлӕ стӕй кӕй райгас, уый тыххӕй куы хъусын кодта, уӕд бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрста. Зӕгъӕм, фӕнадтой-иу ӕй, ахӕстоны-иу ӕй бакодтой ӕмӕ-иу цы науыл цыд, уый-иу ныппырх (1 Кор. 15:9–11; 2 Кор. 11:23–27). Йесо кӕй райгас, ууыл Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Ӕмӕ йын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр-иу уый тыххӕй хъусын кодта. Уӕдӕ, Йесо кӕй райгас, уымӕн 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ уыдысты ӕвдисӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр уырны, уый ӕцӕг хабар кӕй у. Стӕй нӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр уырны, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты.

ПАВЕЛ БАМБАРЫН КОДТА, ЧИДӔРТӔ КӔЙ РӔДЫДЫСТЫ

11. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый фӕдыл коринфаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ рӕдыд хъуыдытыл хӕст цӕмӕн уыдысты?

11 Коринфы (Грецийы горӕттӕй иуы) цӕрӕг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый фӕдыл рӕдыд хъуыдытыл хӕст уыдысты. Чидӕртӕ ма суанг афтӕ дӕр дзырдтой, ӕмӕ «мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты». Цымӕ афтӕ цӕмӕн дзырдтой? (1 Кор. 15:12). Афинты цы философтӕ уыд, уыдонмӕ худӕг каст, Йесо кӕй райгас, уыцы хъуыды. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зондахаст Коринфы цӕрджытӕй дӕр иуӕй-иутыл фӕзынд, суанг чырыстӕттыл дӕр (Хъуыд. 17:18, 31, 32). Иннӕтӕ та, чи зоны, хъуыды кодтой, ӕмӕ, адӕймаг райгас уа, уый комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу. Ома, дам, адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ ис «мард» схонӕн, фӕлӕ, дам, чырыстон куы свӕййы, уӕд йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц, ӕмӕ цыма райгас, афтӕ вӕййы. Куыдфӕнды ма уыдаид, чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ райгасдзинадыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй сӕ уырнындзинад дзӕгъӕлы уыд. Кӕд Хуыцау Йесойы нӕ райгас кодта, уӕд афтӕ уади, ӕмӕ йӕ цард дӕр нывондӕн не ’рхаста, ӕмӕ уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ дӕр хатыргонд не ’рцыдысты. Уӕдӕ, афтӕ чи дзырдта, ӕмӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уыдоны фидӕнӕй ницы ныфс уыд (1 Кор. 15:13–19; Дзут. 9:12, 14).

12. 1 Петры 3:18, 22 стихтӕм гӕсгӕ, Йесойы райгасы хабар, уый размӕ чи амард ӕмӕ чи райгас, уыдоны хабарӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

12 Павел бӕлвырд зыдта, «Чырысти ӕцӕгдӕр [кӕй] райгас». Ӕмӕ уыцы хабар, уый размӕ чи райгас, уыдоны хабарӕй бирӕ диссагдӕр уыд. Уыдон фӕстӕдӕр уӕддӕр амардысты. Павел Йесойы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг». Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Йесо уыди, уӕларвон буары чи хъуамӕ райгас уыдаид ӕмӕ уӕлӕрвтӕм чи хъуамӕ ссыдаид, уыдонӕй фыццаг (1 Кор. 15:20; Хъуыд. 26:23; бакӕс 1 Петры 3:18, 22).

«ИУУЫЛДӔР РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ»

13. Адамы тыххӕй цы ’рцыд ӕмӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы гӕнӕн цӕмӕн ис?

13 Иу адӕймаг кӕй амард, уый фӕрцы милуантӕ цардмӕ куыд раздӕхдзысты? Уый Павел хорз бамбарын кодта. Ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрдта, Адамы тыххӕй цы ’рцыд ӕмӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы гӕнӕн цӕмӕн ис, уый. Адамы тыххӕй ныффыста: «Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй... фӕзынд». Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр фыдбылызы баппӕрста. Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй абон мах дӕр хъизӕмар кӕнӕм. Фӕлӕ, Хуыцау йӕ Фырты кӕй райгас кодта, уый фӕрцы нын фидӕнӕй ис диссаджы ныфс! Павел дарддӕр ныффыста: «Афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы [ома Йесойы фӕрцы] ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Кор. 15:21, 22).

14. Адам райгас уыдзӕн? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Павел афтӕ куы загъта, «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр... мӕлынц», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Уый кодта Адамы байзӕддӕгты кой. Адамы аххосӕй уыдон сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт (Ром. 5:12). Чи «райгас уыдзӕн», уыдоны ’хсӕн Адам нӕ уыдзӕн. Чырыстийы нывонд Адамы тыххӕй не ’рцыд хаст, уымӕн ӕмӕ Адам уыд ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты зонгӕ-зонын ахызт. Фидӕны Йесо Чырысти «сӕгътыл» кӕй банымайдзӕн, уыдон «ӕнустӕм фесӕфдзысты», ӕмӕ Адамӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у (Матф. 25:31–33, 46; Дзут. 5:9).

Бирӕтӕ райгас уыдзысты уӕлӕрвты цӕрынӕн. Уӕларвон цардмӕ фыццаг райгас Йесо Чырысти (кӕс 15, 16 абзацтӕ) *

15. 1 Коринфӕгтӕм 15:22 стихы цы ис фыст, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй?

15 Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Павел афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «Чырыстийы фӕрцы... иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Кор. 15:22). Павел йӕ фыстӕг ныффыста, Коринфы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм. Фидӕны уыдон хъуамӕ райгас уыдаиккой уӕларвон цардмӕ. Уыцы чырыстӕтты «Хуыцау... ссыгъдӕг кодта» ӕмӕ уыдысты «Йесо Чырыстиимӕ иудзинады», ӕрхуыдта сӕ, «цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой». Ӕмӕ Павел скодта, «Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард», уыдоны кой (1 Кор. 1:2; 15:18; 2 Кор. 5:17). Ӕндӕр фыстӕджы та ныффыста, Чырыстийау чи амард ӕмӕ йемӕ чи баиу, уыдон, Чырысти куыд райгас, афтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ йемӕ кӕй баиу уыдзысты (Ром. 6:3–5). Йесо райгас уӕларвон буары ӕмӕ ссыд уӕлӕрвтӕм. Ӕмӕ, «Чырыстиимӕ иудзинады» чи ис, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр, ома сӕрст чырыстӕттӕм, ахӕм фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

16. Павел Чырыстийы тыххӕй афтӕ кӕй ныффыста, «райгас фыццаг», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?

16 Павел Чырыстийы тыххӕй ныффыста, «чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг», зӕгъгӕ. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй, уый размӕ чи райгас, уыдон зӕххыл цардысты. Зӕгъӕм, афтӕ уыд Лазӕры хабар. Фӕлӕ Чырыстийы размӕ уӕларвон буары ничи райгас ӕмӕ ӕнусон цардӕй ничи схайджын – уый уыд фыццаг. Уымӕй уӕлдай, Павел Чырыстийы тыххӕй афтӕ кӕй загъта, «райгас фыццаг», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма уый фӕстӕ ноджыдӕр чидӕртӕ хъуамӕ райгас уыдаиккой уӕлӕрвты цӕрынӕн. Уый хауы апостолтӕм ӕмӕ ма «Чырыстиимӕ иудзинады» ноджыдӕр чи ис, уыдонмӕ.

17. «Чырыстиимӕ иудзинады» чи уыд, уыдон сӕ уӕларвон хӕрзиуӕгӕй кӕд хъуамӕ схайджын уыдаиккой?

17 Павел коринфӕгтӕм куы фыста, уыцы рӕстӕг, «Чырыстиимӕ иудзинады» чи уыд, уыдон уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕгас кӕнын нӕма райдыдтой. Павел бамбарын кодта, уый фидӕны кӕй уыдзӕн: «Алчидӕр йӕхи афон: фыццаг – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон, куы ’рцӕуа, уӕд» (1 Кор. 15:23; 1 Фес. 4:15, 16). Абон мах цӕрӕм Чырыстийы ӕрцыды рӕстӕг. Уӕдӕ бӕрӕг у, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕ, Чырысти куыд райгас, афтӕ уайтагъд кӕй нӕ райгас сты ӕмӕ йемӕ уайтагъд кӕй нӕ баиу сты. Уыдон сӕ уӕларвон хӕрзиуӕгӕй схайджын сты, Чырысти куы ’рцыд, уӕд.

МАХӔН ИС ФИДАР НЫФС!

18. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн куы райгас уой, уӕд уый фӕстӕ ӕндӕр райгасдзинад дӕр уыдзӕн? б) 1 Коринфӕгтӕм 15:24–26 стихтӕм гӕсгӕ, уӕлӕрвты цавӕр хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн?

18 Библийы фыст ис, уӕлӕрвты чи цӕрдзӕн, уыдон кӕй сты «фыццаг райгасдзинадӕй хайджын» (Рарг. 20:6, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма уыдзӕн ӕндӕр райгасдзинад дӕр. Иовы дӕр уымӕй уыд ныфс (Иов 14:15). «Чырыстийы чи у, уыдон» уыдзысты йемӕ уӕлӕрвты, «ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты дӕр куы фесафа, уӕд». Суанг ма «сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт». Уӕларвон цардмӕ чи райгас вӕййы, уыдоныл мӕлӕты бар нал фӕцӕуы. Фӕлӕ, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ цӕрыны ныфс кӕмӕн нӕй, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕй та цы ис зӕгъӕн? (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:24–26.)

19. Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

19 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн нӕй, уыдонӕн Павелы ныхӕстӕ сты ныфсы хос: «Ӕз мӕ ныфс дарын... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыд. 24:15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу фыдгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон нӕу уӕлӕрвтӕм ссӕуын. Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ амонынц, фидӕны адӕм кӕй ӕгас кӕндзысты зӕххыл цӕрынӕн.

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нӕ кӕй уырны, уый фӕрцы фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (кӕс 20 абзац) *

20. Ацы статья дын куыд баххуыс кодта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ноджы тынгдӕр баууӕндынӕн?

20 Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис: мӕрдтӕ райгас уыдзысты! Зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн уыдзӕн ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Дӕ бон у ууыл фидарӕй ӕууӕндын. Кӕд нын исчи амард, уӕд нын уыцы ныфс удӕнцойы хос у. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕй райгас уыдзысты, уымӕ. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, Чырысти ӕмӕ ма йемӕ чи уыдзӕн, уыдон мин азы дӕргъы паддзӕхтӕ куы уой, уыцы рӕстӕг (Рарг. 20:6). Ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Чырыстийы миназон хицаудзинады райдианмӕ куы нӕ фӕцӕрӕм, уӕддӕр нӕ Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн. Нӕ «ныфсӕй... фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзыстӕм» (Ром. 5:5). Уыцы ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ ма 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕрӕй нӕ бон у ноджыдӕр цыдӕр базонын. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

147 ЗАРӔГ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард

^ 5 абз. 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕры дзырд цӕуы, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Ацы ахуырад ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ, Йесо Чырысти кӕй райгас, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис? Ацы статьяйӕ дзуапп базондзыстӕм ацы фарстатӕн ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн дӕр.

^ 56 абз. НЫВ. Уӕлӕрвтӕм чи ссыд, уыдонӕй фыццаг уыди Чырысти (Хъуыд. 1:9). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йемӕ чи уыдзӕн, уыдоны ’хсӕн сты Фома, Иаков, Лидийӕ, Иоанн, Марийӕ ӕмӕ Павел.

^ 58 абз. НЫВ. Ӕфсымӕрӕн йӕ бинойнаг амард. Уыдон Йегъовӕйӕн иумӕ бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодтой. Ӕфсымӕры фидарӕй уырны, йӕ бинойнаг кӕй райгас уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕны.