Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 1 2023 | Психикӕимӕ баст низтӕ. Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн

Ӕгас дунейы дӕр милуангай адӕмӕн психикӕимӕ баст низтӕ сӕ цард ӕнад кӕнынц. Ахӕм низтимӕ фӕтох кӕнынц алыхуызон адӕм, уӕлдай нӕу адӕймаг цы диныл хӕст у, цы адӕмыхаттӕй у, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, ахуыргонд у ӕви нӕ. Ацы журналы дзырд цӕуы, психикӕимӕ баст низтӕ цы сты ӕмӕ адӕймаджы цардыл куыд фӕзынынц. Дзырд ма дзы цӕуы, ахсджиаг цӕмӕн вӕййы, цӕмӕй адӕймаг дохтырты ӕххуыс бацагура, стӕй ахӕм адӕмӕн Библи куыд ӕххуыс кӕны, ууыл.

 

Ӕгас дунейы дӕр психикӕимӕ баст низтӕ сарӕх сты

Психикӕимӕ баст низтӕ, гӕнӕн ис, кӕмӕфӕнды дӕр фӕзыной, уӕлдай нӕу, адӕймаг цы кары ис ӕмӕ цы уавӕрты цард. Базон, Библийы уынаффӕтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты.

Хуыцау дыл тыхсы

Дӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ дын дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ де ’нкъарӕнтӕ алкӕмӕй хуыздӕр кӕй ӕмбары?

1 | Хуыцаумӕ кувын. «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут»

Цымӕ дӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цыдӕриддӕр дӕ тыхсын кӕны, уыдӕтты тыххӕй? Тыхст хъуыдытӕ ӕнцой кӕмӕн нӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн куывд куыд баххуыс кӕндзӕн?

2 | «Фыстад... удӕнцой дӕтты»

Библи ныфс ӕвӕры, зӕрдӕрыст кӕй тыххӕй февзарӕм, уыцы ӕнкъарӕнтӕй тагъд рӕстӕджы кӕй фервӕздзыстӕм.

3 | Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ

Библийы цы адӕмы тыххӕй ис фыст, уыдонмӕ дӕр-иу уыд, махмӕ цы ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, ахӕмтӕ. Сӕ цӕвиттонтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕхимӕ иунӕг ма кӕсӕм ӕмӕ ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кӕнӕм.

4 | Библийы уынаффӕтӕ пайда сты

Базон, Библи куы кӕсай ӕмӕ, дӕ къухы чи бафтдзӕн, дӕ разы ахӕм нысӕнттӕ куы ӕвӕрай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн психикӕимӕ баст низимӕ тох кӕнынӕн.

Психикӕимӕ баст низ кӕмӕ ис, уымӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн

Де ’мбал психикӕимӕ баст низимӕ куы тох кӕна, ӕмӕ йӕ фарсмӕ куы уай, уӕд ын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн.