Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау дын дӕ куывдтытӕм фӕхъусы?

Хуыцау дын дӕ куывдтытӕм фӕхъусы?

Куыд дӕм кӕсы, Хуыцаумӕ куы фӕкувыс, уӕд дӕм фӕхъусы?

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?

  • Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. [...] Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн» (Псалом 145:18, 19).

  • Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувай. Библи нын дзуры: «Алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Филиппӕгтӕм 4:6).

  • Хуыцау дыл тынг тыхсы. Хуыцау хорз зоны, цӕуыл тыхсыс ӕмӕ дӕ мӕты цы ӕфтауы, уый. Ӕмӕ йӕ фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын. Библийы фыст ис: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).