Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл»

«Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл»

«Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл, хъӕбатыр у ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд» (ПС. 27:14).

128 ЗАРӔГ Кӕронмӕ фидар лӕуу

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. а) Йегъовӕ нын цы ныфс дӕтты? б) Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай, уый цы нысан кӕны? (Кӕс фиппаинаг «Ацы ныхӕстӕн сӕ хъуыды цы у».)

 ЙЕГЪОВӔ дӕтты диссаджы ныфс, чи йӕ уарзы, уыдонӕн. Тагъд кӕрон скӕндзӕн низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн, стӕй маст дӕр ницӕуылуал кӕндзыстӕм (Рарг. 21:3, 4). Йӕ ныфс ыл чи дары, уыцы сабыр, коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххӕй дзӕнӕт скӕной (Пс. 37:9–11). Абон дӕр Йегъовӕ у нӕ Хӕлар. Фӕлӕ йӕм уӕд ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ хӕлардзинад уыдзӕн ноджы фидардӕр. Уыцы ныфсыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц. Фӕлӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый? Уымӕн, ӕмӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы. Цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Уӕдӕ нӕ бон у нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын (Пс. 27:14) *. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, фӕразонӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ (Ис. 55:10, 11).

2. Йегъовӕ нырмӕ дӕр куыд равдыста, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕны, уый?

2 Йегъовӕ нырмӕ дӕр равдыста, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕны. Иуы тыххӕй дзы нӕ бон у бакӕсын Раргомады чиныджы. Йегъовӕ загъта, нӕ рӕстӕджы кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн адӕмы ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, цӕмӕй йын лӕггад кӕной. Библи сӕ хоны «тынг бирӕ адӕм» (Рарг. 7:9, 10). Се ’хсӕн ис нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ бӕстӕтӕй, дзурынц алыхуызон ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ уӕддӕр сты иу бинонты хуызӕн ӕмӕ се ’хсӕн ис фарн (Пс. 133:1; Иоан. 10:16). Уымӕй уӕлдай, «тынг бирӕ адӕм» зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар. Уыдон алкӕддӕр цӕттӕ вӕййынц, хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн, уыцы ныфсы тыххӕй, чи сӕм байхъусы, уыцы адӕмӕн радзурынмӕ (Матф. 28:19, 20; Рарг. 14:6, 7; 22:17). Кӕд ды дӕр «тынг бирӕ адӕмӕй» дӕ, уӕд уыцы ныфсӕн куыннӕ аргъ кӕндзынӕ.

3. Хӕйрӕгӕн йӕ нысан цы у?

3 Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй нын фидӕнӕй ныфс уа. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, Йегъовӕйы нӕ мӕт кӕй нӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй нӕ сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Уый йӕ къухы куы бафта, уӕд хъӕбатыр нал уыдзыстӕм ӕмӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн дӕр мауал лӕггад кӕнӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм Иовы хабарыл. Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй йӕ йӕ ныфсӕй ӕнӕхай фӕкодтаид ӕмӕ Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кодтаид.

4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм? (Иов 1:9–12).

4 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хӕйрӕг цы арӕзта, цӕмӕй Иов Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивтаид. (Бакӕс Иов 1:9–12.) Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Иовы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, Хуыцау нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый.

ХӔЙРӔГ АРХАЙДТА, ЦӔМӔЙ ИОВЫ ЙӔ НЫФСӔЙ ӔНӔХАЙ ФӔКОДТАИД

5, 6. Иовыл цыбыр рӕстӕгмӕ цытӕ ӕрцыд?

5 Иовы цардмӕ чифӕнды дӕр батӕхуды кодтаид. Йегъовӕ уыди йе ’ввахс Хӕлар, уыди йын стыр, ӕнгом бинонтӕ, стӕй уыд тынг хъӕздыг (Иов 1:1–5). Фӕлӕ иу бонмӕ ӕнӕ ницӕмӕй аззад. Фыццаг уал ӕнӕхай фӕци йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй (Иов 1:13–17). Стӕй та йӕ сывӕллӕттӕ фӕмард сты. Мад ӕмӕ фыдӕн сӕ сывӕллон куы амӕлы, уӕд сыл дуне баталынг вӕййы. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, Иовӕн ӕмӕ йӕ бинойнагӕн сӕ зӕрдӕтӕ куыд скъуыдтӕ кодтаиккой, сӕ дӕс хъӕбулы кӕй бабын сты, уый куы фехъуыстой, уӕд! Иовӕн афтӕ зын уыд, ӕмӕ «йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта» ӕмӕ «зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд» (Иов 1:18–20).

6 Фӕстӕдӕр та Хӕйрӕг Иовыл бафтыдта хъизӕмайраг низ, ӕмӕ уыцы низы тыххӕй Иов ӕгады бынатмӕ ӕрхауд (Иов 2:6–8; 7:5). Раздӕр Иов уыд нымад, кадджын лӕг, ӕмӕ-иу ӕм адӕм зондагур цыдысты (Иов 31:18). Фӕлӕ йыл ныр та ӕлгъ кодтой. Йе ’фсымӕртӕ, йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ ӕмӕ йӕм суанг йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр хӕстӕг нал цыдысты! (Иов 19:13, 14, 16).

Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ бавзӕрстой, Иов цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕ, ӕмӕ йӕ хорз ӕмбарынц (кӕс 7 абзац) *

7. а) Иовы хъуыдымӕ гӕсгӕ, бӕллӕхтӕ йыл чи ӕруагъта, фӕлӕ уӕддӕр цы нӕ сарӕзта? б) Ӕркӕс нывмӕ. Абон чырыстӕттыл дӕр цавӕр бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы?

7 Хӕйрӕджы фӕндыд Иовы баууӕндын кӕнын, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй нӕу ӕмӕ йыл бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй кӕй ӕрцыд. Хӕйрӕг тыхджын дымгӕ рауагъта, Иовы сывӕллӕттӕ иумӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзарыл (Иов 1:18, 19). Уымӕй уӕлдай, уӕларвӕй ныккалдта зынг, ӕмӕ Иовы фос ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ ныццагъдысты (Иов 1:16). Ӕнахуыр дымгӕ кӕй радымдта ӕмӕ зынг уӕларвӕй кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Иов ахъуыды кодта, уыцы бӕллӕхтӕ Йегъовӕйӕ кӕй сты, ӕвӕццӕгӕн, дам, мӕм цӕйдӕр тыххӕй мӕсты у. Фӕлӕ йӕм кӕд ахӕм хъуыдытӕ уыд, уӕддӕр йӕ уӕларвон Фыды нӕ ралгъыста. Рох дзы нӕ уыд, Йегъовӕ йын бирӕ азты дӕргъы куыд арфӕ кодта ӕмӕ йын хорзӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕттӕ. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ кӕд, Хуыцау ын хорзӕй цы дӕтты, ууыл разы у, уӕд хъуамӕ разы уа, цы йын бавзарын кодта, ууыл дӕр. Иов загъта: «Табу уӕд Йегъовӕйы номӕн алкӕддӕр» (Иов 1:20, 21; 2:10). Кӕд ыл утӕппӕт бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Фӕлӕ Хӕйрӕг ууыл не ’рлӕууыд.

8. Хӕйрӕг ма цы сарӕзта, цӕмӕй Иов йӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр мауал нымадтаид?

8 Хӕйрӕг ма спайда кодта Иовы ӕртӕ ӕмбалӕй дӕр, цӕмӕй Иов йӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр мауал нымадтаид. Сӕхи йе ’мбӕлттӕ бӕргӕ хуыдтой. Фӕлӕ уыдон Иовӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, дыл уыцы бӕллӕхтӕ уый тыххӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ, дам, бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтай (Иов 22:5–9). Стӕй, дам, кӕд хорз цыдӕртӕ дӕр арӕзтай, уӕддӕр, дам, уыдӕттӕ Хуыцаумӕ нымады дӕр не сты (Иов 4:18; 22:2, 3; 25:4). Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй Иов афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтаид, ӕмӕ йӕ Хуыцау нӕ уарзы, нӕ йыл тыхсы, стӕй, кӕй йын лӕггад кӕны, уымӕй ницы пайда ис. Сӕ ныхӕсты тыххӕй Иовӕн йӕ ныфс, ӕвӕццӕгӕн, бынтондӕр асаст.

9. Иовӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр ӕмӕ фидар уыдаид?

9 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Иов фӕнычы бады, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр риссы (Иов 2:8). Цы бӕллӕхтӕ йыл ӕрцыд, уыдоны уӕзӕй бынтон ныггуыбыр. Йӕ сывӕллӕттыл йӕ зӕрдӕ дудгӕ рыст кӕны. Фыццаг уал Иов хъусӕй лӕууы (Иов 2:13–3:1). Кӕй ницы дзуры, уый тыххӕй кӕд йе ’ртӕ ӕмбалмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ Хуыцауыл йӕ къух систа, уӕд тынг рӕдийынц! Уыдон Иовыл цъыф калынц ӕмӕ дзы алы ӕвзӕртӕ дзурынц. Фӕлӕ иуафон Иов, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сӕрыл хӕрдмӕ схӕцыд, комкоммӕ сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5). Иовӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй ахӕм уавӕры хъӕбатыр ӕмӕ фидар уыдаид? Кӕд афтӕ зӕрдӕсаст уыд, уӕддӕр ӕй ныфс уыди, йӕ уарзӕгой Хуыцау ӕй йӕ хъизӕмӕрттӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Зыдта йӕ: мӕлгӕ дӕр куы акӕна, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ райгас кӕндзӕн (Иов 14:13–15).

НӔ БОН ЦӔМӔЙ У ИОВЫ БАФӔЗМЫН?

10. Иовы хабар нын цӕуыл дзурӕг у?

10 Иовы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хӕйрӕгӕн йӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы ныууадзӕм. Стӕй ма ацы хабарӕй базыдтам, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ алцыдӕр кӕй фӕзоны. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Иовы хабарӕй ма нӕ бон цы у зондӕн райсын, уымӕ.

11. Алкӕддӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕ бон цы бауыдзӕн? (Иаковы 4:7).

11 Иовы хабарӕй бӕрӕг у: алкӕддӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕнтӕ дӕр сфӕразын. Стӕй нӕ бон уыдзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууын, ӕмӕ нӕ уӕд алидздзӕн. (Бакӕс Иаковы 4:7.)

12. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл Иов ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый йын куыд ӕххуыс кодта?

12 Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Айразмӕйы статьяйы дзырд цыди, мӕлӕтӕй кӕй тӕрсӕм, уымӕй Хӕйрӕг кӕй пайда кӕны, цӕмӕй нын Хуыцауы ныууадзын кӕна. Уый Иовӕй загъта, зӕгъгӕ, йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй цыфӕнды дӕр сараздзӕн, суанг Хуыцауыл дӕр йӕ къух сисдзӕн. Фӕлӕ Хӕйрӕг тынг рӕдыд! Иовмӕ афтӕ куы каст, ӕмӕ йӕ мӕлӕт хӕстӕг у, уӕд дӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Фидарӕй йӕ зыдта, Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ ӕппынфӕстаг алцыдӕр кӕй сраст кӕндзӕн. Ӕмӕ йын уый баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн. Иовы уырныдта, Йегъовӕ йӕ йӕ низӕй куы нӕ фервӕзын кӕна, уӕддӕр ӕй фидӕны кӕй райгас кӕндзӕн. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Кӕд уый мах дӕр фидарӕй уырны, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм, суанг нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд дӕр.

13. Хӕйрӕг Иовӕн цытӕ бавзарын кодта, уый цӕмӕн хъуамӕ зонӕм?

13 Хӕйрӕг Иовӕн цытӕ бавзарын кодта, уый хъуамӕ зонӕм, уымӕн ӕмӕ абон дӕр афтӕ архайы. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Хӕйрӕг цы загъта, уымӕ: «Адӕймаг [ӕрмӕст Иов нӕ] йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4, 5). Хӕйрӕджы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ уарзӕм, ӕмӕ нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд ӕй ныууадздзыстӕм. Уый ма дзуры, Хуыцау нӕ кӕй нӕ уарзы ӕмӕ, цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр ын нӕ бон кӕй нӕу йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын. Фӕлӕ мах Хӕйрӕджы фыдвӕндтӕ хорз зонӕм. Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ мӕнг ныхӕстыл не ’ууӕндӕм.

14. Фӕлварӕнты нӕхи тыххӕй цы базонӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Фӕлварӕнты фӕрцы адӕймаг йӕхи хуыздӕр базоны. Иов цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уыдон ын баххуыс кодтой, цӕмӕй федтаид, цы миниуджытыл ӕй хъӕуы бакусын, уый. Зӕгъӕм, бамбӕрста, кӕй йӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй ноджы сӕрныллӕгдӕр уа (Иов 42:3). Фӕлварӕнты махӕн дӕр нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ рабӕрӕг вӕййынц ӕмӕ фенӕм, цы нӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын, уый. Ӕфсымӕр Николайы ахӕстоны сбадын кодтой, кӕд йе ’нӕниздзинад сӕ хӕрзтӕй нӕ уыд, уӕддӕр *. Уый загъта: «Ахӕстон рентгенӕй уӕлдай нӕу. Уым рабӕрӕг вӕййы, чырыстон миниуджытӕ нӕм ис ӕви нӕ». Адӕймаг куы фены, цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм кӕй ис, уӕд йӕ бон вӕййы семӕ тох кӕнын.

15. Кӕй ныхӕстӕм хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ цӕмӕн?

15 Мах хъуамӕ хъусӕм, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ, не знӕгтӕ цы дзурынц, уымӕ нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ Иовимӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕм Иов лӕмбынӕг хъуыста. Йегъовӕ йӕм фарстатӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид йӕ зондахаст аивынӕн. Цыма йын афтӕ дзырдта: «Акӕс-ма, цытӕ сфӕлдыстон. Цы стыр тых мӕм ис, уый уыныс? Ӕз хорз зонын, цы дыл ӕрцыд, уый. Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ дыл мӕ бон батыхсын нӕу?» Иов Йегъовӕйӕн цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн кӕй аргъ кодта. Уый загъта: «Ӕз дын дӕ кой хъуыстон, фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй» (Иов 42:5). Ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ уавӕр нӕма фӕивта: бадти фӕнычы, йӕ буар уыд хъӕдгӕмттӕй йедзаг ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты мӕлӕтыл маст кодта. Фӕлӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Иов 42:7, 8).

16. Исай 49:15, 16 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, фӕлварӕнтыл куы ӕмбӕлӕм, уӕд?

16 Абон дӕр бирӕтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц. Уыдон нын нӕ организацийы номыл цъыф калынц ӕмӕ ныл алы ӕвзӕртӕ мысынц (Матф. 5:11). Фӕлӕ Иовы хабарӕй бӕрӕг у: Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, фӕлварӕнты йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзыстӕм. Йегъовӕ тынг уарзы, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдоны ӕмӕ сӕ никуы ныууадздзӕн. (Бакӕс Исайы 49:15, 16.) Хуыцауы знӕгтӕ цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц, уыдонмӕ та хъуамӕ ма хъусӕм. Ӕфсымӕр Джеймс цӕры Турцийы. Йӕ бинонтимӕ сӕмбӕлд стыр фӕлварӕнтыл. Уый загъта: «Мах бамбӕрстам, Хуыцауы адӕмы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕм куы хъусӕм, уӕд нӕ ныфс кӕй асӕтдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ-иу фылдӕр хъуыды кодтам, Хуыцау нын ныфс цы фидӕнӕй бавӕрдта, ууыл. Стӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архайдтам. Уый фӕрцы нӕ циндзинад не ’рмынӕг». Мах дӕр Иовау хъусӕм Йегъовӕмӕ! Не знӕгтӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр нын нӕ ныфс нӕ байсдзысты.

ЦЫ НЫФС ДЫН ИС, УЫЙ ДӔ ФИДАР КӔНДЗӔН

Йегъовӕ Иовӕн йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ бирӕ азты дӕргъы амондджынӕй фӕцардысты (кӕс 17 абзац) *

17. Дзуттӕгтӕм 11-ӕм сӕры цы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты кой ис, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕззау фӕлварӕнтыл ӕрмӕст Иов не ’мбӕлд. Ахӕм фӕлварӕнтыл Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕмбӕлдысты. Ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты хъӕбатыр ӕмӕ фидар фӕлӕууыдысты. Павел йӕ фыстӕджы дзуттӕгтӕм уыдонӕй кӕйдӕрты кой скодта, ӕмӕ сӕ схуыдта «ӕвдисӕнты... стыр мигъ» (Дзут. 12:1, фип.). Кӕд се ’ппӕт дӕр уӕззау фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты (Дзут. 11:36–40). Ӕмӕ сӕ лӕггад дзӕгъӕлы нӕ уыд. Кӕд, Йегъовӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон иууылдӕр сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр алкӕддӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой. Уыдон зыдтой, райгонд сӕ кӕй у, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, цы загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Дзут. 11:4, 5). Сӕ цӕвиттонтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм.

18. Дӕ фидар фӕнд цы у? (Дзуттӕгтӕм 11:6).

18 Абон дунейы уавӕр кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр (2 Тим. 3:13). Стӕй Хӕйрӕг дӕр Хуыцауы адӕмы иу ран нӕ уадзы. Цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ «нӕ ныфс дарӕм удӕгас Хуыцауыл» ӕмӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм (1 Тим. 4:10). Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ Иовы хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уымӕй бӕрӕг у, «фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иак. 5:11). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн ӕнӕмӕнг кӕй раарфӕ кӕндзӕн! (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:6.)

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

^ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй стыр зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд арӕхдӕр нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы Иов. Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы хабарӕй нӕ бон у базонын, Хӕйрӕгӕн йӕ бон кӕй нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы ныууадзӕм. Стӕй ма йӕ хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ хорз кӕй фӕзоны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уый. Ӕмӕ Иовы фыдӕвзарӕнтӕн кӕрон куыд скодта, афтӕ тагъд мах зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм.

^ АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. «Ныфс дарын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны цӕмӕдӕр тынг «ӕнхъӕлмӕ кӕсын». Вӕййы ма йын ахӕм хъуыды дӕр – «искӕуыл зӕрдӕ дарын» (Пс. 25:2, 3; 62:5).

^ Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ НЫВ. Иовыл ӕмӕ йӕ бинойнагыл стыр бӕллӕх ӕрцыд: сӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр фӕмард сты.

^ НЫВ. Иов фӕлварӕнты кӕронмӕ дӕр фидар фӕлӕууыд. Йӕ бинойнагимӕ ныхас кӕнынц, Йегъовӕ сын сӕ бинонтӕн куыд раарфӕ кодта, ууыл.