Ӕргом ныхас кӕнӕн абарӕн ис, уӕ сывӕллӕттимӕ уӕ чи иу кӕны, ахӕм хидимӕ

НЫЙЙАРДЖЫТӔН

5. Ӕргом ныхас кӕнут

5. Ӕргом ныхас кӕнут

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Уӕ сывӕллӕттимӕ ӕргом ныхас кӕндзыстут, уӕ хъуыдытӕ ӕмӕ уе ’нкъарӕнты тыххӕй кӕрӕдзийӕн куы дзурат, уӕд.

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары куы вӕййынц, уӕд уӕлдай зындӕр вӕййы семӕ ӕргом ныхас кӕнын. Уӕ сывӕллӕттӕ гыццылтӕ куы уыдысты, уӕд-иу уын, ӕвӕццӕгӕн, алцыдӕр радзырдтой. Фӕлӕ ныр уемӕ къаддӕр ныхас кӕнынц, ӕмӕ йӕ нӕ зонут, сӕ сӕры ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уый абарӕн ис, цыма сымах стыр цӕугӕдонӕн йӕ иу фарс лӕуут, уыдон та цыма йӕ иннӕ фарс лӕууынц, уыимӕ. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары куы вӕййынц, уӕд уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы семӕ ӕргом ныхас кӕнын, кӕд уый нӕ февдисынц, уӕддӕр.

ЦЫ ИС САРАЗӔН

Уӕ сывӕллоны аныхас кӕнын кӕд фӕнда, уыцы рӕстӕг-иу аныхас кӕнут йемӕ. Йемӕ-иу аныхас кӕнут, ӕнафон куы уа, уӕд дӕр.

«Чи зоны дӕ фӕнда зӕгъын: „Ныр дӕ фӕнды ныхас кӕнын? Ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон кӕм уыдтӕ?“ Фӕлӕ куыд хъуамӕ хъуыр-хъуыр кӕнӕм, нӕ сывӕллоны йӕ зӕрдӕ раргом кӕнын куы фӕнда, уӕд? Алы ныййарӕг дӕр уымӕ куы бӕллы!» (Лизӕ).

«Ӕнӕуи раджы схуыссын, фӕлӕ мӕ сывӕллӕттимӕ арӕхдӕр хорз аныхас кӕнын фӕсӕмбисӕхсӕв» (Герберт).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).

Къуылымпыйы хос уын мацы уӕд. Иу нӕлгоймаг загъта: «Мӕ сывӕллӕттимӕ куы фӕныхас кӕнын, уӕд ӕй иуӕй-иу хатт бамбарын, ӕндӕр цӕуылдӕрты ма кӕй хъуыды кӕнын. Фӕлӕ уыдон алцыдӕр уынынц, нӕ сӕ асайдзынӕ».

Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ вӕййы, уӕд-иу телевизор ахуыссын кӕн ӕмӕ-иу дӕ телефон иуварс ӕрӕвӕр. Ӕмӕ-иу дӕ сывӕллонмӕ лӕмбынӕг хъус, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ, цы дзуры, уый тынг ахсджиаг нӕу, уӕддӕр.

«Хъуамӕ нӕ сывӕллӕттӕн ӕвдисӕм, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый нын уӕлдай кӕй нӕу. Кӕннод немӕ ӕргом нал ныхас кӕндзысты кӕнӕ ӕххуыс ӕндӕр искӕмӕй агурдзысты» (Мирандӕ).

«Дӕ сывӕллон куыд хъуыды кӕны, уый раст куы нӕ уа, суанг-иу ӕм уӕд дӕр хыл кӕнын ма райдай» (Энтони).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут» (Лукайы 8:18).

Ныхас кӕнут, иумӕ исты куы аразат, уӕд. Дӕ сывӕллоны дӕ ныхмӕ куы сбадын кӕнай ӕмӕ йӕм фарстатӕ куы дӕттай, уӕд уын ӕргом аныхас кӕнын зынтӕй рауайдзӕн.

«Мах фӕныхас кӕнӕм машинӕйы цӕугӕйӕ. Адӕймаг дӕ ныхмӕ нӕ, фӕлӕ дӕ фарсмӕ куы бада, уӕд йемӕ ныхас кӕнын ӕнцондӕр вӕййы» (Николь).

Иумӕ хӕрынмӕ куы ’рбадут, уӕд уый дӕр хорз фадат вӕййы ӕргом аныхас кӕнынӕн.

«Ӕхсӕвӕр иумӕ куы фӕхӕрӕм, уӕд нӕ алчидӕр радзуры, боны дӕргъы йыл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцыд, уый. Уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕ алчидӕр фӕзоны, йӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй кӕй нӕ тох кӕны» (Робин).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19).