Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Къадз

Уӕларвон мӕргътӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм

Уӕларвон мӕргътӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм

«Дӕ хорзӕхӕй, бафӕрс... уӕларвон мӕргъты, ӕмӕ дын ӕй уыдон радзурдзысты. Уыдонӕй йӕ чи нӕ зоны, ӕппӕт уыдӕттӕ Йегъовӕйы къух кӕй сарӕзта?» (Иов 12:7, 9).

ӔРТӔ мин азӕй фылдӕры размӕ иу нӕлгоймаг, Иов, бамбӕрста, мӕргътӕм кӕсгӕйӕ Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн кӕй ис, уый. Мӕргътӕ фӕсномыг ныхӕсты ӕмӕ абарстыты хорз фидауынц ӕмӕ Библийы сӕ кой арӕх ӕмбӕлы. Цы абарстыты ӕмӕ фӕсномыг ныхӕсты ӕмбӕлынц, уыдоны фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн царды тыххӕй ӕмӕ Хуыцаумӕ куыд ӕввахсдӕр кӕнӕн ис, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр цӕвиттонмӕ.

ЗӔРВАТЫКК АХСТОН КӔМ СКӔНЫ

Зӕрватыкк

Иерусалимы бирӕ зӕрватыччытӕ уыди. Сӕ ахстӕттӕ-иу скодтой хӕдзӕртты сӕрты бынмӕ. Иуӕй-иутӕ ахстӕттӕ кодтой Соломоны кувӕндоны дӕр. Ӕвӕццӕгӕн-иу зӕрватыччытӕ алы аз дӕр уырдӕм уый тыххӕй ӕртахтысты, ӕмӕ уым сӕ лӕппынтӕн тӕссаг ницӕмӕй уыди.

84 псалом чи ныффыста, уый уыди Корейы фырттӕй, ӕмӕ-иу кувӕндоны лӕггад кодта алы ӕхсӕз мӕйы дӕр иу къуыри. Уый уыдта кувӕндоны зӕрватыччыты ахстӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уый дӕр уыдонау ӕдзух Йегъовӕйы хӕдзары уыдаид. «Куыд тынг дын уарзын дӕ кадджын цатыр, о Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау! Мӕ уд бӕллы Йегъовӕйы кӕртытӕм, батад уыдон мысгӕйӕ,– загъта псаломзарӕггӕнӕг.– Суанг цъиу дӕр ссары хӕдзар ӕмӕ зӕрватыкк скӕны ахстон йӕхицӕн ӕмӕ йӕ лӕппынтӕн дӕ кадджын нывондхӕссӕны раз, о Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!» (Псалом 84:1–3). Цымӕ мах дӕр нӕ сывӕллӕттимӕ ӕдзухдӕр афтӕ тынг фӕфӕнды ӕмбырдтӕм цӕуын, ӕмӕ нын Хуыцауы адӕмимӕ ӕмбырд кӕныны фадат кӕй ис, уымӕн афтӕ тынг аргъ кӕнӕм? (Псалом 26:8, 12).

КЪАДЗ ЗОНЫ ЙӔ РӔСТӔДЖЫТӔ

Пехуымпар Йереми ныффыста: «Къадз... уӕларвыл йӕ нысангонд рӕстӕджытӕ зоны». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йереми хорз зыдта, къадзтӕ-иу Зӕрдӕвӕрд зӕххы сӕрты хъарм бӕстӕтӕм кӕй тахтысты, уый. Уалдзӕджы фенӕн вӕййы, 300 000 бӕрц урс къадзы Африкӕйӕ Цӕгат Европӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы сӕрты куыд фӕтӕхынц, уый. Уыцы мӕргътӕн цыма сӕ мидӕг сахат ис ӕмӕ сын уый амоны, сӕрды лӕппынтӕ кӕм рауагътой, уырдӕм та сӕ аздӕхын кӕй хъӕуы. Хъарм бӕстӕтӕм чи фӕтӕхы, уыцы мӕргътау уыдон дӕр «зонынц, кӕд хъуамӕ ӕртӕхой, уыцы рӕстӕг» (Йереми 8:7).

Иу чиныджы мӕргъты тыххӕй фыст ис: «Хъарм бӕстӕмӕ кӕй атӕхынц, уый диссаг уымӕн у, ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕ цӕмӕн кӕнынц, уый» (Collins Atlas of Bird Migration). Йегъовӕ Хуыцау мӕргъты афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ зонынц, хъарм бӕстӕтӕм сӕ цы рӕстӕг тӕхын хъӕуы, уый. Адӕймагӕн та радта ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй зона рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ (Лукайы 12:54–56). Ӕрдзӕй зондджын къадзтӕй уӕлдай адӕймаджы хъӕуы Хуыцауы базонын, цӕмӕй ӕмбара, нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый. Йеремийы заман израилӕгтӕ ницӕмӕ дардтой, сӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цыди, уыдон. Хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый Хуыцау афтӕ бамбарын кодта: «Уыдон сӕ къух систой Йегъовӕйы ныхасыл, ӕмӕ уӕд цӕй зондджын сты?» (Йереми 8:9).

Библи «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны, уыцы рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕн абон бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Къадзы хуызӕн ды дӕр рӕстӕджытӕ зондзынӕ, ома, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уымӕ дӕ хъус дардзынӕ?

ЦӔРГӔС ДАРДМӔ УЫНЫ

Цӕргӕс

Библийы цӕргӕсы кой арӕх ӕмбӕлы. Зӕрдӕвӕрд зӕххы уыцы маргъы фенын диссаг нӕ уыд. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, цӕргӕс йӕ ахстон саразы къӕдзӕхы цъуппыл, ӕмӕ уырдыгӕй фӕкӕсы, «фӕагуры хӕринаг». Стӕй ма дзы фыст ис, «йӕ цӕстытӕ кӕсынц дардмӕ», зӕгъгӕ (Иов 39:27–29). Цӕргӕс дардмӕ афтӕ хорз уыны, ӕмӕ, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй тӕрхъусы иу километрмӕ фены.

Цӕргӕс дардмӕ куыд хорз уыны, раст афтӕ хорз уыны Йегъовӕ дӕр, разӕй нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз райдианӕй дзурын, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Исай 46:10). Йегъовӕ ӕнӕкӕрон зонды хицау ӕмӕ дардмӕуынӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ уынаффӕтӕ стыр пайда уыдзысты (Исай 48:17, 18).

Хуыцауыл йӕ ныфс чи дары, уыдоны дӕр Библи цӕргӕсимӕ бары: «Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн. Цыма сыл цӕргӕсы базыртӕ ис, уыйау бӕрзонд стӕхдзысты» (Исай 40:31). Цӕргӕс, йӕ базыртӕ куы нӕ фезмӕлын кӕны, афтӕмӕй куы фӕтӕхы, уӕд фӕпайда кӕны, зӕххӕй хӕрдмӕ цы уӕлдӕф фӕцӕуы, уымӕй. Уыцы уӕлдӕфы цӕргӕс йӕ базыртӕ куы айтындзы, уӕд ӕй уӕлдӕф зӕххы сӕрмӕ бӕрзонд сисы. Ӕмӕ цӕмӕй тынг дард атӕха, уый тыххӕй йӕ йӕ тыхтӕ хардз кӕнын нӕ фӕхъӕуы. Йегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» сӕ кӕй хайджын кӕндзӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:7, 8).

«КАРК ЙӔ ЦЪИУТЫ... КУЫД ӔРБАМБЫРД КӔНЫ»

Карк ӕмӕ йӕ цъиутӕ

Йӕ мӕлӕты размӕ Йесо дзуттӕгты сӕйраг горӕтмӕ кӕсгӕйӕ загъта: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары ӕмӕ йӕм кӕй арвитынц, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы!» Стӕй ма загъта: «Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын! Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд» (Матфейы 23:37).

Мӕргътӕ афтӕ конд сты, ӕмӕ йӕ кӕд ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, уӕддӕр сӕ лӕппынты афтӕ фӕхъахъхъӕнынц, ӕмӕ диссаг. Йӕ ахстон зӕххыл кӕмӕн вӕййы, уыцы мӕргътӕ, зӕгъӕм, хӕдзарон кӕрчытӕ, хъуамӕ тынг къӕрцхъус уой. Карк куы фены, арвыл тугдзых маргъ кӕй зилдух кӕны, уӕд фӕдисы хъӕр сисы, ӕмӕ цъиутӕ уайтагъд йӕ базырты бын амбӕхсынц. Цъиутӕ ма сӕ мады базырты бын бамбӕхсынц тӕвд хуры тынтӕй ӕмӕ къӕвдайӕ дӕр. Йесойы дӕр фӕндыд Иерусалимы цӕрджыты уырнындзинад бахъахъхъӕнын. Абон мах дӕр Йесо хоны, цӕмӕй йӕм ӕрбацӕуӕм ӕмӕ удӕнцой ссарӕм ӕмӕ нӕ царды хабӕрттыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм (Матфейы 11:28, 29).

Цас цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм мӕргътӕй! Куы сӕм кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Хуыцауы Ныхасы сӕ кой цы абарстыты ӕмӕ фӕсномыг ныхӕсты ис, уыдоныл. Зӕрватыччы цӕвиттон дын ӕххуыс кӕнӕд, Йегъовӕйӕн кӕм лӕггад кӕнӕм, уыцы бынатӕн аргъ кӕнынӕн. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ-иу Йегъовӕ дӕу дӕр цӕргӕсау бӕрзонд сисдзӕн. Йесомӕ рӕстдзинад базоныны тыххӕй ӕрбацу, ӕмӕ уыцы рӕстдзинады фӕрцы уыдзынӕ ӕдас, цъиутӕ сӕ мады базыры бын куыд ӕдас вӕййынц, уыйау. Къадзы цӕвиттон та дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕд, нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уымӕ дӕ хъус кӕй хъуамӕ дарай, уый.