Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...

Удӕнцойы хос у, хъыг чи кӕны, уыдонӕн

Удӕнцойы хос у, хъыг чи кӕны, уыдонӕн

Искуы афтӕ уыди, ӕмӕ чидӕр йӕ зианыл хъыг кӕны, фӕлӕ йын цӕмӕй баххуыс кӕнай, уый нӕ зоныс? Исты зӕгъынмӕ кӕнӕ саразынмӕ хатт нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъгӕ дӕр ницы фӕкӕнӕм ӕмӕ аразгӕ дӕр. Фӕлӕ сын нӕ бон у баххуыс кӕнын.

Арӕх фаг вӕййы, цӕмӕй зианджынмӕ бацӕуай ӕмӕ йын тӕфӕрфӕс ракӕнай. Кӕмдӕрты та ис ахӕм ӕгъдау, ӕмӕ адӕймагӕн ахъӕбыс кӕнынц кӕнӕ йын йӕ къух райсынц. Кӕд зианджыны аныхас кӕнын фӕнда, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъус. Ӕппӕты хуыздӕр та уаид, йӕ куыстытӕй исты йӕ бӕсты куы саразис, зӕгъӕм, дӕ бон у, ӕмӕ хӕринаг скӕнай, сывӕллӕттӕм фӕкӕсай кӕнӕ, кӕд хъӕуа, уӕд зианы хъуыддӕгты баххуыс кӕнай. Уый цыфӕнды рӕсугъд ныхӕстӕй дӕр хуыздӕр равдисдзӕн, йӕ рыст ын кӕй ӕмбарыс.

Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд, чи зоны, ӕвзӕр нӕ уаид, зианджынимӕ куы аныхас кӕнис, чи амард, уыцы адӕймаджы тыххӕй. Зӕгъӕм, иумӕ ӕрымысут, цы хорз миниуджытӕ йӕм уыд кӕнӕ йыл цы хорз хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Ахӕм ныхӕстӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ гыццыл бахъӕлдзӕг уа. Зӕгъӕм, Пэмӕн йӕ сӕрыхицау Йен амард 6 азы размӕ. Пэм дзуры: «Адӕм мын иуӕй-иу хатт радзурынц, Йен кӕй сарӕзта, фӕлӕ ӕз кӕй нӕ зыдтон, уыцы хорз хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ уӕд мӕ зӕрдӕ барухс вӕййы».

Иртасджытӕ зӕгъынц, райдианы зианджынтӕм се ’мбӕлттӕ сӕ хъус тынг кӕй фӕдарынц, фӕлӕ сӕ стӕй айрох кӕнынц, уымӕн ӕмӕ та сӕхи хабӕрттыл фӕвӕййынц. Уӕдӕ, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыцы адӕймагмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ телефонӕй бадзур кӕнӕ-иу ӕй абӕрӕг кӕн *. Зианджынтӕй бирӕтӕ уымӕн тынг фӕаргъ кӕнынц.

Ӕркӕсӕм иу ӕрыгон япойнаг сылгоймаг Каорийы хабармӕ. Каорийӕн йӕ мад амард, йӕ хистӕр хойы мӕлӕтыл афӕдз ӕмӕ ӕртӕ мӕйы куы рацыд, уӕд. Йе ’мбӕлттӕ ӕдзух йӕ фарсмӕ уыдысты. Уыдонӕй иу, Рицуко, Каорийӕ бирӕ хистӕр уыди. Рицуко йын загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс ӕмбал суа. Каори зӕгъы: «Мӕ мады бынаты исчи уыдаид, уый мӕ, раст зӕгъгӕйӕ, нӕ фӕндыд. Стӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ уый никӕй бон бауыдзӕн. Фӕлӕ мын мамӕ Рицуко афтӕ хорз уыд, ӕмӕ мӕ зӕрдӕйӕн садджын ис. Алы къуыри дӕр иумӕ хорз хабар хъусын кодтам ӕмӕ ӕмбырдтӕм цыдыстӕм. Фӕхуыдта-иу мӕ цай цымынмӕ, хӕринаг-иу мын ӕрбахаста ӕмӕ мӕм арӕх писмотӕ ӕмӕ открыткӕтӕ фыста. Мамӕ Рицукойы фӕрцы цардмӕ раст цӕстӕй кӕсын райдыдтон».

Каорийы мады мӕлӕтыл рацыд дыууадӕс азы. Ныр Каори ӕмӕ йӕ цардӕмбал сӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынц. «Мамӕ Рицуко мыл абон дӕр хи хъӕбулау тыхсы,– зӕгъы Каори.– Нӕхимӕ куы ӕрцӕуын, уӕд ӕй алы хатт дӕр абӕрӕг кӕнын ӕмӕ йемӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕ фӕкӕнын».

Иннӕты ӕххуыс ма стыр пайда фӕци Полийӕн дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн Кипрӕй. Полийы цардӕмбал Созос уыд тынг фӕлмӕн адӕймаг. Ӕмбырды лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ-иу арӕх сӕхимӕ уазӕгуаты фӕхуыдта сидзӕрты ӕмӕ идӕдзты (Иаковы 1:27). Созосыл 53 азы куы цыд, уӕд амард, йӕ сӕры рак кӕй фӕзынд, уымӕй. Поли зӕгъы: «Мӕ цардӕмбалимӕ иумӕ фӕцардыстӕм 33 азы».

Ахъуыды кӕн, зианджынӕн дӕ бон баххуыс кӕнын цӕмӕй уаид

Зианы фӕстӕ Поли ӕмӕ йӕ кӕстӕр фырт, 15-аздзыд Дэниел, Канадӕмӕ цӕрынмӕ ацыдысты. Ӕмӕ уым дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой. Поли радзырдта: «Нӕ ног ӕмбырды нын нӕ раздӕры царды ӕмӕ нӕ зындзинӕдты тыххӕй ничи ницы зыдта. Фӕлӕ-иу ныл алы хатт дӕр бацин кодтой ӕмӕ нын сӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй ӕмӕ се ’ххуысӕй нӕ ныфс фидар кодтой. Уый нӕ уӕды хуызӕн никуы хъуыди – уыцы рӕстӕг мӕ лӕппуйӕн ӕнӕ фыдӕй тынг зын уыди! Ӕмбырды разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон Дэниелмӕ сӕ хъус тынг дардтой. Уӕлдайдӕр та мӕ фӕнды иу ӕфсымӕры тыххӕй зӕгъын. Йе ’мбӕлттимӕ абадынмӕ кӕнӕ-иу футболӕй хъазынмӕ куы цыди, уӕд-иу Дэниелы алы хатт дӕр йемӕ акодта». Раздӕримӕ абаргӕйӕ Поли ӕмӕ Дэниелӕн абон бирӕ ӕнцондӕр у.

Зианджынтӕн нӕ бон бирӕ цӕмӕйдӕрты у баххуыс кӕнын. Стыр удӕнцойы хос ма нын у, Библи нын фидӕнӕй цы диссаджы ныфс ӕвӕры, уый дӕр.

^ 6 абз. Иуӕй-иутӕ, зиан цы бон ӕрцыд, уый сӕ къӕлиндарты дӕр фӕнысан кӕнынц. Уыцы бон кӕнӕ уыцы бонмӕ ’ввахс зианджыны се ’мбӕлтты ӕххуыс уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы.