ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2017 аз, октябрь

Ацы брошюрӕйы ис, 2017 азы 27 ноябрӕй 24 декабрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

БИОГРАФИ

Йегъовӕ арфӕ кӕны, чи йӕм хъусы, уыдонӕн

1952 азы Олив Маттьюз йӕ сӕрыхицауимӕ сразы сты Ирландимӕ ацӕуыныл, цӕмӕй уым пионертӕй лӕггад кодтаиккой. Йегъовӕ сын куыд раарфӕ кодта?

«Уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ»

Нӕ бон куыд у равдисын, нӕ уарзондзинад ӕцӕг уарзондзинад кӕй у ӕмӕ йӕм хиндзинадӕй кӕй ницы хӕццӕ кӕны?

Рӕстдзинад фарн нӕ хӕссы, фӕлӕ «хъама»

Йесо цы «хъама» хъуамӕ ӕрхастаид, уый цы у? Йӕ ныхӕстӕ дӕумӕ куыд хауынц?

Аримафейаг Иосиф равдыста хъӕбатырдзинад

Ацы адӕймаг чи уыд? Йесоимӕ йын иумӕйагӕй цы уыд? Йӕ хабар базонын дын пайда цӕмӕй уыдзӕн?

Захарийы цӕстылуайӕнтӕ дӕумӕ куыд хауынц?

Тыхтон фӕтӕхы, ӕхгӕдсӕр чыргъӕды мидӕг сылгоймаг бады ӕмӕ, базыртӕ кӕуыл ис, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы тӕхынц. Цымӕ Хуыцау Захарийӕн ахӕм диссаджы цӕстылуайӕнтӕ цӕмӕн равдыста?

Бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ дӕ кадыхуд куыд хъахъхъӕнынц

Ӕрхуы хӕхтӕ, хӕстмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ, паддзах чи сси, уыцы хистӕр сауджын. Захари фӕстагмӕ цы цӕстылуайӕн федта, уый Хуыцауы адӕмы ныфс куыд уадзы?

Иу хорз хъуыддаг

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ чи уыд, ахӕм адӕймагӕн иу хорз хъуыддаг куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ Библийӕ фылдӕр базонын бафӕндыдаид?

Зыдтай йӕ?

Йесо цӕмӕн дзырдта, сомы ма кӕнут, зӕгъгӕ?