Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Асӕ, Иосафат, Езеки, Иоси

Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уӕд!

Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уӕд!

«О Йегъовӕ... курын дӕ, ӕрхъуыды кӕн, дӕ разы иузӕрдионӕй кӕй цардтӕн, мӕ зӕрдӕ дын ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй радтон» (2 ПАД. 20:3).

ЗАРДЖЫТӔ: 36, 54

1–3. Адӕймагӕн «йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» Йегъовӕимӕ уа, уый цы нысан кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

АДӔМ иууылдӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕдзух рӕдийынц. Фӕлӕ Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы. Кӕд сыл фӕсмон кӕнӕм ӕмӕ йӕм сӕрныллӕгӕй кувӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, уӕд нын, «нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы», уый нӕ бакӕндзӕн (Пс. 103:10). Фӕлӕ хъуамӕ «нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» уа йемӕ (1 Аз. 28:9). Цымӕ куыд ис уымӕн гӕнӕн, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕд?

2 Цӕмӕй уый бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ бон у абарын паддзах Асӕйы ӕмӕ паддзах Амасийы цард. Дыууӕ паддзахы дӕр хорзӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ сарӕзтой ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй уыдысты, уый тыххӕй-иу рӕдийгӕ дӕр кодтой. Фӕлӕ Асӕйы тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Хуыцауимӕ» (2 Аз. 15:16, 17; 25:1, 2; Ӕмб. 17:3). Уый алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаид, ӕмӕ йыл уыд иузӕрдион. Фӕлӕ Амасийӕн та йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй Йегъовӕимӕ нӕ уыд. Хуыцауы знӕгты куы ныппырх кодта, уӕд сын сӕ хуыцӕутты йемӕ рахаста ӕмӕ сын кувын райдыдта (2 Аз. 25:11–16).

3 «Йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» Хуыцауимӕ кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕна. Дзырд «зӕрдӕ» Библийы арӕх фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ – йӕ фӕндтӕм, йӕ бӕллицтӕм, йӕ хъуыдытӕм, йӕ нысӕнттӕм, йӕ курдиӕттӕм, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ исты аразынмӕ цы фӕразӕнгард кӕны, уымӕ. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ «нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр» Йегъовӕимӕ уа. Мах ын уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уый нӕ хӕс у кӕнӕ афтӕ сахуыр стӕм. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ зӕрдиагӕй фӕнды (2 Аз. 19:9).

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уа, уый цы нысан кӕны, уый хуыздӕр бамбарынӕн ӕркӕсӕм Иудӕйы иузӕрдион паддзӕхтӕй цыппары царды хабӕрттӕм: Асӕйы, Иосафаты, Езекийы ӕмӕ Иосийы. Кӕд-иу уыцы паддзӕхтӕ фӕрӕдыдысты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодта. Йегъовӕ уыдта, сӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕй уыдысты. Цымӕ сӕм ахӕм цӕстӕй цӕмӕн каст ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

АСӔЙЫ «ЗӔРДӔ ӔНӔХЪӔНӔЙ ДӔР УЫД ЙЕГЪОВӔИМӔ»

5. Асӕ паддзах куы сси, уӕд цы сарӕзта?

5 Израилы паддзахад дыууӕ дихы куы фӕци, уӕд фӕзындысты Израилы паддзахад ӕмӕ Иудӕйы паддзахад. Ӕмӕ Асӕ уыд Иудӕйы ӕртыккаг паддзах. Асӕ паддзах куы сси, уӕд Иудӕйы зӕххӕй мӕнг хуыцӕутты фесӕфта, стӕй йӕ бӕстӕйӕ фӕсырдта, кувӕндоны цы хӕтаг нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны. Суанг ма йӕ фыдымад Маахӕйӕн дӕр «йӕ бартӕ байста, ӕмӕ ус-паддзах нал уыди, уымӕн ӕмӕ цӕджындзӕн кувынӕн сарӕзта ӕнад мӕнгхуыцау» (1 Пад. 15:11–13). Асӕ адӕмы разӕнгард кодта, «Йегъовӕйы агурут ӕмӕ йын йӕ закъон ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут», зӕгъгӕ. Асӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кодтаид (2 Аз. 14:4).

6. Ефиопӕгтӕ Иудӕмӕ куы ’рбабырстой, уӕд Асӕ куыд бакодта?

6 Асӕйы хицаудзинады фыццаг дӕс азы дӕргъы Иудӕйы зӕххыл уыди сабырдзинад. Фӕлӕ стӕй Иудӕйы ныхмӕ рацыд ефиопаг Зара 1 милуан ӕфсӕддонимӕ ӕмӕ 300 бӕхуӕрдонимӕ (2 Аз. 14:1, 6, 9, 10). Цымӕ уыцы уавӕры Асӕ куыд бакодта? Уый ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын. Асӕ Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй сын тохы баххуыс кодтаид. (Бакӕс 2 Азфыстыты 14:11.) Израилы паддзӕхтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы нӕ уыдысты, уӕддӕр-иу сын иуӕй-иу хатт се знӕгты сӕ къухмӕ радта. Афтӕ-иу уымӕн бакодта, цӕмӕй-иу равдыстаид, ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый (1 Пад. 20:13, 26–30). Фӕлӕ ацы хатт Йегъовӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, Асӕ йыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта, уый тыххӕй. Йегъовӕ Асӕйы куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ израилӕгтӕ фӕуӕлахиз сты (2 Аз. 14:12, 13). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Асӕ стыр рӕдыд ӕруагъта. Ӕххуыс Йегъовӕйӕ нӕ ракуырдта, фӕлӕ Сирийы паддзахӕй (1 Пад. 15:16–22). Ӕмӕ кӕд афтӕ бакодта, уӕддӕр Йегъовӕ уыдта, Асӕ йӕ кӕй уарзы, уый. «Цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ». Махӕн та нӕ бон куыд у Асӕйы иузӕрдиондзинад бафӕзмын? (1 Пад. 15:14).

7, 8. Дӕ бон куыд у Асӕйы бафӕзмын?

7 Куыд ис базонӕн, нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ ис ӕви нӕ? Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Зын мын куы уа, уӕд дӕр Йегъовӕйы коммӕ бакӕсдзынӕн? Фидарӕй архайын ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕныныл?» Ахъуыды-ма кӕн, Асӕйы цас хъӕбатырдзинад хъуыдаид, цӕмӕй йӕ фыдымад Маахӕйӕн йӕ бартӕ байстаид. Дӕу дӕр, чи зоны, бахъӕуа ахӕм хъӕбатырдзинад. Зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй исчи кӕнӕ де ’мбал тӕригъӕд сарӕзта, нӕ йыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Алцыдӕр сараздзынӕ, цӕмӕй дын уыцы адӕймагимӕ иумӕйагӕй мацыуал уа? Дӕ зӕрдӕ дӕ цӕмӕ баразӕнгард кӕндзӕн?

8 Йе та паддзах Асӕйау махмӕ дӕр хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма иууылдӕр нӕ ныхмӕ сты. Чи зоны дӕ де ’мкъласӕгтӕ кӕнӕ ахуыргӕнджытӕ фӕхынджылӕг кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй. Кӕнӕ та дыл, чи зоны, де ’мкусджытӕ фӕхудынц, конгресмӕ ацӕуыны тыххӕй отпуск кӕй райсыс кӕнӕ фӕскуыст арӕх кӕй нӕ баззайыс, уый тыххӕй, кӕд афтӕмӕй фылдӕр ӕхца бакусис, уӕддӕр. Ахӕм уавӕрты-иу ды дӕр Асӕйау дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Кув ӕм, хъӕбатыр у ӕмӕ дарддӕр дӕр, раст цы у, уый араз. Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ Асӕйӕн кӕй баххуыс кодта. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн.

9. Хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

9 Асӕ ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ ма иннӕты дӕр разӕнгард кодта «Йегъовӕйы агурынмӕ». Мах дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Йегъовӕйы тыххӕй адӕмӕн уымӕн дзурӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм, стӕй сын сӕхиуыл дӕр тыхсӕм. Ӕмӕ Йегъовӕ уый куы фӕуыны, уӕд ын тынг ӕхсызгон вӕййы!

ИОСАФАТ АГУЫРДТА ЙЕГЪОВӔЙЫ

10, 11. Нӕ бон куыд у Иосафаты бафӕзмын?

10 Асӕйы фырт Иосафат «цыди йӕ фыд Асӕйы фӕндагыл» (2 Аз. 20:31, 32). Иосафат дӕр йӕ фыдау адӕмы разӕнгард кодта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Иудӕйы горӕттӕм кънйӕзты, левитты ӕмӕ сауджынты арвыста, цӕмӕй адӕмӕн, «Йегъовӕйы закъоны чиныджы» цы фыст уыд, уый амыдтаиккой (2 Аз. 17:7–10). Суанг ма цӕгат паддзахад Израилмӕ дӕр ацыд, цӕмӕй, Ефремы хӕхбӕсты чи цард, уыцы адӕмы фӕстӕмӕ «Йегъовӕмӕ раздӕхтаид» (2 Аз. 19:4). Иосафат уыд, «Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи агуырдта», ахӕм паддзах (2 Аз. 22:9).

11 Абон не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у, Йегъовӕ ӕгас зӕххыл дӕр цы хъуыддаг аразы, уым архайын – нӕ бон у адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй алы мӕй дӕр уыцы хъуыддаджы архайай? Фӕнды дӕ иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой? Уый тыххӕй фӕкувыс? Кӕд дӕхӕдӕг дӕр архайыс, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай, уӕд дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. Цӕттӕ дӕ дӕ сӕрибар рӕстӕгӕй рахицӕн кӕнынмӕ, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнай? Уымӕй уӕлдай ма, Иосафат иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ раздӕхтаиккой, афтӕ нӕ бон у, чи ’рлӕмӕгъ, уыдонӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та фӕбӕрӕг кӕнынц, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл чи ’рфӕсмон кодта, уыдоны ӕмӕ сын феххуыс кӕнынц.

12, 13. а) Иосафаты тас куы бацыд, уӕд куыд бакодта? б) Цӕмӕн уаид хорз Иосафаты бафӕзмын?

12 Иудӕйы ныхмӕ стыр ӕфсад куы рацыд, уӕд Иосафат йӕ фыдау йӕ ныфс сӕвӕрдта Йегъовӕйыл. (Бакӕс 2 Азфыстыты 20:2–4.) Ӕмӕ кӕд Иосафаты тас бацыди, уӕддӕр «йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы бацагурон», зӕгъгӕ. Иосафат скуывта, ӕмӕ йӕхи номӕй ӕмӕ йӕ адӕмы номӕй сӕрныллӕгӕй загъта: «Махмӕ нӕй уыцы тых, цӕмӕй нӕм цы дуне адӕм ӕрбабырсы, уыдоны ныхмӕ фӕлӕууӕм. Мах нӕ зонӕм, цы кӕнӕм, уый, фӕлӕ нӕ каст дӕумӕ у». Иосафат ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл (2 Аз. 20:12).

13 Мах дӕр хатт нӕ фӕзонӕм, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты куыд ахизӕм, уый ӕмӕ ма тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнӕм (2 Кор. 4:8, 9). Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Иосафат куыд бакодта, уый. Ӕппӕт адӕмы раз дӕр скуывта ӕмӕ загъта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр се знаджы раз ӕдых кӕй сты (2 Аз. 20:5). Бинонты хистӕртӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ Иосафаты бафӕзмой. Уӕ бинонтӕ цавӕрдӕр зындзинадыл куы сӕмбӕлой, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй уын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕна ӕмӕ, куыд кӕнгӕ у, уый дӕр уын бацамона. Уадз ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр уыцы куывдтытӕ фехъусой, ма-иу фефсӕрмы у. Уый фӕрцы йӕ фендзысты, дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс. Ӕмӕ Йегъовӕ Иосафатӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ сымахӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн.

ЕЗЕКИ АРӔЗТА, РАСТ ЦЫ УЫД, УЫЙ

14, 15. Езеки йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

14 Езеки дӕр «Йегъовӕйыл ӕнувыд уыд». Фӕлӕ Иосафатӕй уӕлдай уымӕн йӕ фыд фӕзминаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ куывта мӕнг хуыцӕуттӕн. Езеки «кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодта, кувӕн дуртӕ ныссаста ӕмӕ кувӕн цӕджындз афӕлдӕхта, стӕй, Моисей цы ӕрхуы калм скодта, уый дӕр ныцъцъӕл кодта», уымӕн ӕмӕ йын израилӕгтӕ табу кодтой. Езекийӕн йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ. Уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? «Йегъовӕ Моисейы уылты цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон ӕххӕст кодта» (2 Пад. 18:1–6).

15 Езекийы заман Ассирийы хъомысджын ӕфсад Иудӕмӕ бабырста, ӕмӕ ассириӕгтӕ ӕртхъирӕн кодтой, Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты. Ассирийы паддзах Сеннахирим Йегъовӕйӕ хынджылӕг кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй Езекийы тас бацыдаид ӕмӕ йӕхи йӕ къухмӕ раттаид. Уыцы уӕззау рӕстӕг Езеки йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдта. Езеки зыдта, Хуыцау ассириӕгтӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй у ӕмӕ йӕ бон кӕй у йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын. (Бакӕс Исайы 37:15–20.) Йегъовӕ Езекийы куывдӕн дзуапп радта – зӕды арвыста, ӕмӕ уый ассириӕгты ӕфсадӕй 185 000 ӕфсӕддоны ныццагъта (Ис. 37:36, 37).

16, 17. Дӕ бон куыд у Езекийы бафӕзмын?

16 Цасдӕры фӕстӕ Езеки афтӕ фӕрынчын, ӕмӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Уыцы уӕззау рӕстӕг Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй ӕрхъуыды кодтаид, куыд иузӕрдионӕй йын лӕггад кодта, уый ӕмӕ йын баххуыс кодтаид. (Бакӕс 2 Паддзӕхты 20:1–3.) Йегъовӕ Езекийӕн йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Мах ӕй Библийӕ зонӕм, Йегъовӕ нӕ абон диссаджы хуызы кӕй не сдзӕбӕх кӕндзӕн кӕнӕ нын нӕ царды бонтӕ кӕй нӕ фӕфылдӕр кӕндзӕн. Фӕлӕ Езекийау махӕн дӕр нӕ бон у нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын ӕмӕ йӕм кувын: «О Йегъовӕ, лӕгъстӕ дын кӕнын, курын дӕ, ӕрхъуыды кӕн, дӕ разы иузӕрдионӕй кӕй цардтӕн, мӕ зӕрдӕ дын ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй радтон». Уырны дӕ, Йегъовӕ дыл алкӕддӕр кӕй тыхсдзӕн, суанг, рынчын куы уай, уӕд дӕр? (Пс. 41:3).

17 Нӕ бон ма куыд у Езекийы бафӕзмын? Гӕнӕн ис, цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм кӕнӕ нын нӕ лӕггадӕн рӕстӕг мауал уа. Зӕгъӕм, абон бирӕтӕ зындгонд адӕмӕн афтӕ кад кӕнынц, цыма хуыцӕуттӕ сты. Сӕ цӕсты стыр кад вӕййы, зындгонд чи у, фӕлӕ зонгӕ дӕр кӕимӕ нӕ вӕййынц, уыдонӕн. Бирӕтӕ дзӕвгар рӕстӕг фӕхардз кӕнынц, цӕмӕй интернеты уыцы адӕмы тыххӕй фылдӕр базоной ӕмӕ сын сӕ къамтӕм кӕсой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, интернетӕй алыхуызон социалон сетьты фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕ бинонтимӕ ӕмӕ не ’ввахс ӕмбӕлттимӕ ныхас кӕнын кӕнӕ сӕм истытӕ фыссын. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕнӕм. Суанг ма, чи зоны, социалон сетьты цы къамтӕ сӕвӕрӕм кӕнӕ дзы цы ныффыссӕм, уыдӕттӕ бирӕты зӕрдӕмӕ кӕй фӕцӕуынц, уымӕй дӕр хъал уӕм. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, хъыг дӕр фӕуӕм, исчи интернеты йӕхи не ’мбӕлтты номхыгъдӕй куы айса, уӕд. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, апостол Павелыл кӕнӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйыл. Цымӕ абон куы цардаиккой, уӕд сӕ рӕстӕг алы бон дӕр ууыл хардз кодтаиккой, цӕмӕй сӕ къамтӕ интернеты ӕвӕрой ӕмӕ кӕйдӕрты царды тыххӕй алы лыстӕг хабар дӕр базоной, уӕлдайдӕр та, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи нӕу, уыдоны тыххӕй? Библийы Павелы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ». Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ та сӕ рӕстӕгӕй пайда кодтой, цӕмӕй-иу иннӕтӕн «Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр бамбарын кодтаиккой» (Хъуыд. 18:4, 5, 26). Уӕдӕ нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мӕхи уымӕй хизын, цӕмӕй адӕмы Хуыцауы бынаты ма ӕвӕрон? Архайын, цӕмӕй, ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл бирӕ рӕстӕг ма хардз кӕнон?» (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.)

ИОСИ ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔДЗӔХСТЫТӔ ӔХХӔСТ КОДТА

18, 19. Нӕ бон куыд у Иосийы бафӕзмын?

18 Езекийы фырты фыртыфырт Иоси дӕр Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» ӕххӕст кодта (2 Аз. 34:31). Рӕзгӕ кары ма куы уыд, уӕд «райдыдта... Давиды Хуыцауы агурын». 20 азы йыл куы цыд, уӕд бавнӕлдта Иудӕ мӕнгхуыцӕуттӕй сыгъдӕг кӕнынмӕ. (Бакӕс 2 Азфыстыты 34:1–3.) Иоси ӕппӕт тыхтӕй архайдта Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Уый хуызӕн зынгзӕрдӕ Иудӕйы паддзӕхтӕй бирӕтӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ иу бон хистӕр сауджын кувӕндоны Хуыцауы закъоны чиныг куы ссардта (уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд, Моисей йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, уыцы чиныг) ӕмӕ йӕ Иосийӕн йӕ писыр куы бакаст, уӕд паддзах бамбӕрста, Хуыцауы хъуыддаджы йӕ фылдӕр кӕй хъӕуы аразын. Уымӕй уӕлдай ма иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кодта. Ӕмӕ уый руаджы адӕм сӕ «Хуыцау Йегъовӕйӕ нӕ аздӕхтысты», цалынмӕ Иоси ӕгас уыди, уӕдмӕ (2 Аз. 34:27, 33).

19 Иосийау ӕрыгӕттӕ дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы ӕрыгонӕй райдайой агурын. Иоси, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыды фыдӕй, паддзах Манассийӕ, базыдта, Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, дӕ бинонтӕй ӕмӕ ӕмбырдӕй хистӕр кары чи ис, уыдонимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын. Йегъовӕ сын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый тыххӕй дын сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у радзурын. Стӕй дӕ рох ма уӕд, Иоси Фыстадӕй цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй бахъардта. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ, цы хъуыди, уыдӕттӕ уайтагъд фӕивта. Ды дӕр Библи куы кӕсай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕмӕ хъусын. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы та ӕввахсдӕр кӕндзынӕ, уыдзынӕ амондджындӕр ӕмӕ дӕ фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. (Бакӕс 2 Азфыстыты 34:18, 19.) Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ма, гӕнӕн ис, бамбарай, дӕ лӕггады дӕ цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ уӕд дӕ бон у Иосийау ӕппӕт тыхтӕй бацархайын ӕмӕ, цы хъӕуы, уыдӕттӕ фӕивын.

ДӔ ЗӔРДӔ ӔНӔХЪӔНӔЙ ДӔР ЙЕГЪОВӔИМӔ УӔД!

20, 21. а) Иудӕйы цыппар паддзахӕн иумӕйагӕй цы уыд? б) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

20 Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, уыцы цыппар паддзахы хабӕрттӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Уыцы нӕлгоймӕгтӕн сӕ фидар фӕнд уыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йын цӕрӕнбонты лӕггад кӕнын. Сӕ ныхмӕ-иу хъомысджын знӕгтӕ куы рацыдысты, уӕд-иу сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йын лӕггад кодтой, кӕй йӕ уарзтой, уый тыххӕй.

21 Кӕд уыцы цыппар паддзахы ӕнӕххӕст уыдысты ӕмӕ рӕдыдысты, уӕддӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтой. Йегъовӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ уыдта ӕмӕ йӕ зыдта, ӕцӕгдӕр ӕй кӕй уарзынц. Мах дӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдийӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Иннӕ статьяйӕ та базондзыстӕм, уыцы цыппар паддзахы рӕдыдтытӕ нын зондзонӕн куыд сты, уый.