Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Ацы куыст кӕй бар ис?»

«Ацы куыст кӕй бар ис?»

ДЫМГӔ ӕмӕ къӕвдаджын бонты фӕстӕ хур ракаст, ӕмӕ рахъарм. Уый уыди 1919 азы 1 сентябры, къуырисӕры, Сидар-Пойнты (штат Огайо, АИШ). Уыцы бон фӕссихор, 2 500 адӕймаджы кӕм цыд, ахӕм залы конгрессы райдианмӕ ӕрӕмбырд 1 000 адӕймаджы бӕрц. Куы ӕризӕр, уӕд ма ӕрбацыд ноджыдӕр 2 000 адӕймаджы. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты наутыл, машинӕтыл ӕмӕ, конгресмӕ кӕй баххуырстой, уыцы поездтыл. Дыццӕджы афтӕ бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ конгресс бахъуыд ӕддейӕ стыр бӕлӕсты бын ауадзын.

Хуры тынтӕ сыфтӕрты ’хсӕнты калдысты ӕмӕ нӕлгоймӕгты костюмтыл рӕсугъд нывӕфтыдты хуызӕн зындысты. Эрийы цадӕй-иу фӕлмӕн дымгӕ радымдта ӕмӕ-иу базмӕлын кодта, сылгоймӕгты худтыл цы бумбулитӕ уыд, уыдон. Иу ӕфсымӕр загъта: «Нӕ алыварс уыди рӕсугъд, бӕрзонд бӕлӕстӕ, стӕй нӕм ацы зӕронд дунейы уынӕр дӕр нӕ хъуыст, ӕмӕ адӕймагмӕ афтӕ каст, цыма дзӕнӕты ис».

Фӕлӕ ӕрдзы рӕсугъддзинад ницы уыд, конгресдзауты цӕсгӕмттӕй цы цины рухс калд, уыимӕ абаргӕйӕ. Бынӕттон газеты ныффыстой: «Бӕрӕг уыд, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты. Стӕй тынг хъӕлдзӕг уыдысты». Библииртасджытӕ иумӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, ууыл уӕлдай тынгдӕр уымӕн цин кодтой, ӕмӕ фӕстаг азты сӕмбӕлдысты уӕззау фӕлварӕнтыл: хӕсты рӕстӕг карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой; ӕмбырды иудзинад нал уыд; Бруклины Вефил сӕхгӕдтой; хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕты ӕрцахстой, ӕрцахстой ма, разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы аст ӕфсымӕры дӕр ӕмӕ сын радтой фӕйнӕ 20 азы *.

Уыцы уӕззау азты Библииртасджытӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныфс асаст ӕмӕ хорз хабар нал хъусын кодтой. Фӕлӕ сӕ фылдӕр уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайдтой, кӕд хицауад сӕ ныхмӕ уыд, уӕддӕр. Иу слестгӕнӕг радзырдта, Библииртасджыты карзӕй кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй мауал хъусын кӕной. Фӕлӕ йын уыдон загътой, зӕгъгӕ, уӕддӕр Хуыцауы Ныхас суанг кӕронмӕ дӕр хъусын кӕндзыстӕм. Ӕмӕ-иу ахӕм хабӕрттӕ арӕх ӕрцыд.

Кӕд уыцы рӕстӕг фӕлварӕнты рӕстӕг уыди, уӕддӕр иузӕрдион Библииртасджытӕ «Хицауы разамынд агуырдтой... алкӕддӕр сӕ уӕларвон Фыдмӕ куывтой ӕмӕ дзы разамынд куырдтой». Ӕмӕ ныр Сидар-Пойнты ногӕй ӕрӕмбырд сты ӕмӕ цин кодтой. Уыцы рӕстӕджыты тыххӕй иу хо цы загъта, уыимӕ бирӕтӕ сразы уыдаиккой. Уый хъуыды кодта, цымӕ та хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ къахыл куыд слӕудзӕн, зӕгъгӕ. Библииртасджыты ӕппӕты тынгдӕр фӕндыд ногӕй уыцы хъуыддагмӕ бавналын.

«СЫЗГЪӔРИН ӔНУС» – НОГ КУСӔНГАРЗ!

Конгрессы программӕтыл, уазӕгдзӕрӕны уазджытӕн цы открыткӕтӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдоныл ӕмӕ, конгресс кӕм цыд, уыцы бынаты алыварс плакаттыл фыст уыди дыууӕ англисаг дамгъӕйы – «GA» (джи эй). Ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ къуырийы дӕргъы хъуыды кодтой, цымӕ цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ. Майрӕмбоны ӕфсымӕр Рутерфордӕн уыди раныхас «Не ’мкусджытӕм сидӕм!». Ӕмӕ уыцы раныхасы 6 000 конгресдзауӕн раргом кодта, уыцы дамгъӕтӕ цы нысан кодтой, уый. Уыдон уыдысты ног журналӕн, «Сызгъӕрин ӕнус», зӕгъгӕ, йӕ номы фыццаг дамгъӕтӕ (The Golden Age) *.

Ӕфсымӕр Рутерфорд сӕрст чырыстӕтты кой кӕнгӕйӕ загъта: «Кӕд ныр уӕззау рӕстӕг у, уӕддӕр уырнындзинады цӕстӕй уынынц, кадджын паддзах Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд цы диссаджы Сызгъӕрин ӕнус ралӕудзӕн, уый. [...] Уыдон се стырдӕр ӕмӕ кадджындӕр хӕсыл нымайынц ӕгас дунейӕн дӕр уыцы ӕрцӕуинаг сызгъӕрин ӕнусы тыххӕй фехъусын кӕнын. Уыцы хъуыддаг дӕр сын бахӕс кодта Хуыцау».

«Сызгъӕрин ӕнус»-ы ӕддаг цъарыл фыст уыди, «бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ныфс ӕмӕ фидар уырнындзинады журнал» кӕй у. Ацы журналы фӕрцы хорз хабар хъусын кӕнынӕн фӕзынд ног мадзал – хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуын ӕмӕ адӕмӕн дзурын, сӕ бон кӕй у ацы журнал рафыссын. Конгресдзауты куы бафарстой, уыцы куыст кӕнын кӕй фӕнды, зӕгъгӕ, уӕд се ’ппӕт дӕр сӕ бынӕттӕй фестадысты. Сӕ зӕрдӕты сыгъди, «ӕрмӕстдӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты зӕрдӕты цы зынг фӕсудзы, уый», ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй ныззарыдысты: «Хицау, рарвит дӕ рухс ӕмӕ дӕ рӕстдзинад». Ӕфсымӕр Дж. М. Норрис загъта: «Афтӕ зынди, цыма нӕ зарынӕй бӕлӕстӕ дӕр базмӕлыдысты, ӕмӕ мӕ уыцы хабар никуы ферох уыдзӕн».

Программӕйы фӕстӕ конгресдзаутӕ цалдӕр сахаты рады фӕлӕууыдысты, цӕмӕй уыцы журнал рафыстаиккой. Бирӕтӕ хъуыды кодтой, хо Мейбл Филбрик куыд хъуыды кодта, афтӕ. Уыцы хо загъта: «Ногӕй та нын куыст кӕй фӕзынд, уый фехъусын нын афтӕ ӕхсызгон уыд, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй!»

«АЦЫ КУЫСТ КӔЙ БАР ИС?»

Библииртасджытӕй 7 000 бӕрц цӕттӕ уыдысты уыцы хъуыддагмӕ бавналынмӕ. Куыд арӕзт цӕудзӕн, уый тыххӕй бӕстон фыст уыд буклеты, «Куыст куыд хъуамӕ цӕуа», зӕгъгӕ, ӕмӕ брошюрӕйы, «Ацы куыст кӕй бар ис?», зӕгъгӕ. Уыцы куыстӕн разамынд дӕттыны тыххӕй сӕйраг хайады арӕзт ӕрцыд уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайад. Цӕмӕй-иу уыцы хайады разамынд ӕмбырдтӕм фӕхӕццӕ уыдаид, уый тыххӕй алы ӕмбырды дӕр хъуыди уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитет саразын ӕмӕ разамынддӕттӕг ӕфсымӕры снысан кӕнын. Территори хъуыди адих кӕнын, иу-150–200 хӕдзары кӕм уыдаид, ахӕм участоктыл. Цыппӕрӕмы-иу изӕрӕй уыди хъусын кӕныны фембӕлд, ӕмӕ-иу уым ӕфсымӕртӕ радзырдтой, хъусын кӕныны хъуыддаджы сын цы бантыст, уый тыххӕй ӕмӕ-иу сӕ уацамынды хыгъд радтой.

«Нӕ хӕдзӕрттӕм куы ӕрыздӕхтыстӕм, уӕд не ’ппӕт дӕр хъуыддагмӕ бавнӕлдтам – адӕмӕн дзурын райдыдтам, цӕмӕй журнал рафыстаиккой»,– загъта Херман Филбрик. Библииртасджытӕ-иу алы ран дӕр ссардтой, чи сӕм хъуыста, ахӕм адӕмы. Иу хо, Бьюлӕ Кови, загъта: «Хӕсты фӕстӕ адӕм мастӕфхӕрд кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сын сабыр цардӕн ӕрмӕст йӕ кой дӕр ӕхсызгон уыди». Ӕфсымӕр Артур Клаус ныффыста: «Журнал уыйбӕрц адӕм рафыста, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырд дӕр дис кодта». «Сызгъӕрин ӕнус»-ы фыццаг номыр куы рацыд, уый фӕстӕ ацы журналӕй дыууӕ мӕймӕ апарахат кодтой 500 000 экземпляры бӕрц, 50 000 адӕймаджы та йӕ фысгӕ ракодта.

1920 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди статья «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар». Ӕфсымӕр А. Х. Макмиллан фӕстӕдӕр загъта, зӕгъгӕ, уыцы статьяйы нӕ организаци Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ разӕнгард кодта ӕгас дунейы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, ӕмӕ уый уыди фыццаг хатт. Уыцы статья сӕрст чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй «хъусын кодтаиккой, уӕларвон Паддзахад ӕввахс кӕй у». Абон Чырыстийы ӕфсымӕртӕн, «ацы куыст кӕй бар ис», уыдонӕн, хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кӕнынц милуангай адӕм, ӕмӕ уыдон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Чырыстийы хицаудзинады «сызгъӕрин ӕнусмӕ».

^ 5 абз. Кӕс чиныг «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога», 6 сӕр, «Время испытаний (1914–1918)».

^ 9 абз. Уыцы журналӕн 1937 азы йӕ ном аивтой ӕмӕ йӕ схуыдтой «Удӕнцой». 1946 азы та йӕ схуыдтой «Райхъал ут!».