2 Паддзӕхты 13:1—25

13  Ииуйы фырт+ Иоахаз+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иудӕйы Охозийы фырт+ Иоас+ дыууын ӕртыккӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ ӕвддӕс азы уыд паддзах.  Иоахаз арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ ӕмӕ, Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта+ ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта+, уыдонӕй фӕсте ницы ныууагъта, йӕ къух сыл нӕ систа.  Ӕмӕ Йегъовӕйӕн Израилмӕ йӕ маст ссыгъд+, ӕмӕ-иу сӕ Сирийы паддзах Азаилы+ къухмӕ ӕмӕ Азаилы фырт Венадады+ къухмӕ радта.  Фӕлӕ стӕй Иоахаз Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта*+, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фехъуыста+, уымӕн ӕмӕ уыдта, Сирийы паддзах+ израилӕгты куыд ӕфхӕрдта, уый+.  Ӕмӕ сын Йегъовӕ ирвӕзынгӕнӕджы радта+, ӕмӕ Сирийы дӕлбар нал уыдысты. Ӕмӕ та Израилы фырттӕ раздӕрау сӕ хӕдзӕртты цардысты+.  Ӕрмӕст, Йеровоамы хӕдзарвӕндаг цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагътой+. Уыцы тӕригъӕдтӕ кодтой уыдон дӕр+. Самарийы ма лӕууыд кувӕн цӕджындз дӕр+.  Иоахазы ӕфсадӕй фӕндзай барӕджы, дӕс бӕхуӕрдоны ӕмӕ дӕс мин фистӕг хӕстоны йеддӕмӕ нал баззад+, уымӕн ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах ныццагъта+ – найгӕнӕн мусы зӕхх куыд ныссӕндынц, афтӕ сӕ ныссӕста+.  Иоахазы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.  Ӕппынфӕстаг Иоахаз йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Самарийы бавӕрдтой+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иоас+. 10  Иоахазы фырт Иоас+ Самарийы Израилӕн паддзах сси, Иудӕйы паддзах Иоас ӕртын ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ ӕхсӕрдӕс азы уыд паддзах. 11  Иоас арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Наваты фырт Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕды цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта, уыдон нӕ ныууагъта+. Уый дӕр уыцы тӕригъӕдтӕ арӕзта. 12  Иоасы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – йӕ хъомысы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, стӕй Иудӕйы паддзах Амасиимӕ куыд хӕцыд+, уый тыххӕй дӕр – фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 13  Ӕппынфӕстаг Иоас йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ фӕстӕ йӕ паддзахбадӕныл ӕрбадт Йеровоам+. Иоасы бавӕрдтой Самарийы, Израилы паддзӕхты фарсмӕ+. 14  Елисей+ мӕлӕтдзаг рынчын куы уыд+, уӕд ӕм Израилы паддзах Иоас ӕрбацыд, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ ныккуыдта: «Мӕ фыд!+ Мӕ фыд! Израилы хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ йӕ барджытӕ!»+ 15  Елисей йын загъта: «Ӕрдын ӕмӕ фаттӕ райс». Ӕмӕ сӕ уый дӕр райста. 16  Уӕд Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Ӕрдын дӕ къухмӕ райс». Уый дӕр ӕй райста, ӕмӕ уӕд Елисей йӕ къухтӕ паддзахы къухтыл+ ӕрӕвӕрдта. 17  Стӕй йын загъта: «Скӕсӕнырдӕм чи кӕсы, уыцы рудзынг бакӕн», ӕмӕ йӕ уый дӕр бакодта. «Ныр фат ауадз!» – загъта йын Елисей, ӕмӕ йӕ уый дӕр фехста. Стӕй Елисей загъта: «Уый Йегъовӕйы ирвӕзынгӕнӕг фат у, сириӕгтӕй уӕ чи фервӕзын кӕндзӕн+, уыцы фат! Ды сириӕгты Афекы+ бындзагъд фӕкӕндзынӕ». 18  Уый фӕстӕ Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Фаттӕ райс». Уый дӕр сӕ райста, ӕмӕ йын уӕд Елисей загъта: «Ныр фаттӕй зӕхх цӕв». Паддзах зӕхх ӕртӕ хатты ӕрцавта ӕмӕ ӕрлӕууыд+. 19  Уӕд ӕм ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг+ смӕсты ӕмӕ йын загъта: «Фондз кӕнӕ ӕхсӕз хатты хъуыди цӕвын! Уӕд сириӕгты бындзагъд фӕкодтаис, ныр та сӕ ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты ныппырх кӕндзынӕ»+. 20  Елисей амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой+. Моавӕгтӕ+ та-иу алы афӕдзы райдианы дӕр Израилмӕ ӕрбабырстой+. 21  Ӕмӕ иухатт иу адӕймаджы куы ныгӕдтой, уӕд кӕсынц, ӕмӕ моаваг абырджытӕ ӕрбацӕуынц. Гъемӕ марды, Елисей кӕм ныгӕд уыд, уырдӕм баппӕрстой ӕмӕ сӕхӕдӕг лидзынмӕ фесты. Мард куыддӕр Елисейы стджытыл андзӕвыд, афтӕ райгас+ ӕмӕ сыстад+. 22  Цалынмӕ Иоахаз паддзах уыд, уӕдмӕ Сирийы паддзах Азаил+ израилӕгты ӕфхӕрдта+. 23  Фӕлӕ сын Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад сӕм равдыста+ ӕмӕ сӕм йе ’ргом раздӕхта, Авраам+, Исахъ+ ӕмӕ Иаковимӕ+ бадзырд кӕй скодта, уый тыххӕй+. Йӕ цӕст сӕ нӕ бауарзта фесафын+ ӕмӕ сӕ абоны онг дӕр йӕхицӕй нӕ аппӕрста. 24  Ӕппынфӕстаг Сирийы паддзах Азаил амард, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Венадад. 25  Ӕмӕ Иоас фӕстӕмӕ байста, Азаилы фырт Венадад Иоасы фыд Иоахазӕй цы горӕттӕ байста, уыдон. Иоас Венадады ӕртӕ хатты ныппырх кодта ӕмӕ Израилы горӕттӕ фӕстӕмӕ байста+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цӕсгом ӕрфӕлмӕн кодта».