Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Military equipment: Anton Petrus/Moment via Getty Images; money: Wara1982/iStock via Getty Images Plus

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Хӕстытыл хардз кӕнынц триллионтӕ. Фӕлӕ адӕм уымӕй стырдӕр аргъ нӕ фидынц?

Хӕстытыл хардз кӕнынц триллионтӕ. Фӕлӕ адӕм уымӕй стырдӕр аргъ нӕ фидынц?

 Хӕстытӕ адӕмӕн тынг зынаргъ слӕууынц.

  •   «Фарон ӕгас дунейы дӕр хицауӕдтӕ хӕстытыл бахардз кодтой 2,2 триллион доллӕры. Иу азмӕ хӕстытыл уыйбӕрц ӕхца никуыма бахардз кодтой» (The Washington Post, 2024 аз, 13 февраль).

 Фӕлӕ дзырд ӕрмӕст ӕхцайыл нӕ цӕуы. Райсӕм Украинӕйы хӕст.

  •   Ӕфсӕддонтӕ. Иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дыууӕ азмӕ ӕфсӕддонтӕй чи фӕмард кӕнӕ чи фӕцӕф, уыдон сты 500 000 бӕрц.

  •   Ӕнӕуи адӕм. Иугонд Нациты Организаци куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй ӕнӕуи адӕмӕй фӕмард кӕнӕ фӕцӕф 28 000 фылдӕр. Фӕлӕ Иугонд Нациты Организацийы бӕрнон кусджытӕй иу загъта: «Ацы хӕст зиан цас адӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн банымайӕн дӕр нӕй» a.

 Ӕгас дунейы дӕр хӕстыты ӕмӕ змӕстыты аххосӕй адӕм тынг бирӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарынц.

  •   114 милуаны – уыйбӕрц у сӕ нымӕц, 2023 азы сентябрмӕ ӕгас дунейы дӕр хӕстыты ӕмӕ тыхмийы аххосӕй йӕ хӕдзарӕй лидзинаг чи фӕци, уыдонӕн.

  •   783 милуаны – уыйбӕрц у сӕ нымӕц, хӕринагцух чи ӕййафы, уыдонӕн. «Адӕм раздӕрау ӕххормаг сӕйраджыдӕр ӕййафынц алыхуызон быцӕуты аххосӕй. Хӕринаг фаг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сӕ 70 проценты цӕрынц, хӕстытӕ кӕм цӕуы ӕмӕ тыхми арӕх кӕм у, ахӕм рӕтты» (Иугонд Нациты ӕппӕтдунеон хойраджы программӕ).

 Искуы хӕстытӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн? Зӕххыл искуы сабыр цард уыдзӕн? Искуы ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ мӕгуыртӕ нал уыдзӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хӕринаг парахатӕй уыдзӕн? Библийы цы фыст ис?

Хӕстытӕ

 Библийы раджы ӕрцыд фыст, ӕгас дунейы дӕр хӕстытӕ кӕй цӕудзӕн. Библийы хӕст ӕвдыст цӕуы барӕджы хуызы.

  •   «Рацыд ӕндӕр, сырх-сырхид, бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырдзинад айсыны бар, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи марой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыди стыр хъама» (Раргомад 6:4).

 Уыцы барӕджы фӕстӕ рацыд дыууӕ ӕндӕр барӕджы. Уыдон амонынц, ӕгас дунейы дӕр ӕххормагдзинад кӕй уыдзӕн ӕмӕ адӕм низтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхты тыххӕй кӕй цагъды кӕндзысты, уымӕ (Раргомад 6:5–8). Ацы пехуымпарады тыххӕй ӕмӕ, нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Цыппар барӕджы чи сты?».

Сабыр фидӕн

 Тагъд ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ хӕстытыл ӕхца хардз нал цӕудзӕн. Фӕлӕ уый адӕмӕн сӕхи фӕрцы нӕ уыдзӕн. Библийы фыст ис:

  •   Хуыцау «зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ» (Псалом 46:9).

  •   Адӕм хӕстыты аххосӕй цытӕ бавзӕрстой, уыдӕттӕй Хуыцау фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).

  •   Хуыцау афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр фӕрнӕй цӕрдзысты. «Мӕ адӕмӕн сӕ цӕрӕнбынӕттӕ уыдзысты фӕрнӕйдзаг, сӕ хӕдзӕрттӕ уыдзысты ӕдас, кӕм цӕрдзысты, уым сӕ ничи хъыгдардзӕн» (Исай 32:18).

 Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, хӕстытӕ ӕмӕ, абон цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ сабыр цард тынг тагъд ралӕудзӕн.

 Хуыцау зӕххыл сабыр цард цӕй фӕрцы скӕндзӕн? Йӕ уӕларвон хицауады, кӕнӕ Паддзахады, фӕрцы (Матфейы 6:10). Уыцы Паддзахад цы у ӕмӕ дӕуӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый базондзынӕ цыбыр видеороликӕй «Цы у Хуыцауы Паддзахад?».

a Мирослав Енча, Иугонд Нациты сӕйраг секретары ӕххуысгӕнӕг, 2023аз, 6 декабрь