Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Украинӕйы цы хӕст цӕуы, уымӕ динтӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Библи цы зӕгъы?

Украинӕйы цы хӕст цӕуы, уымӕ динтӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Библи цы зӕгъы?

 Украинӕйы хӕст кӕй цӕуы, уымӕ динты зындгонд разамонджытӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

  •   «Патриарх Кирилл, Уырыссаг православон аргъуаны хистӕр, иу ныхас дӕр нӕ загъта, Уӕрӕсе Украинӕмӕ кӕй бабырста, уый ныхмӕ... Йӕ аргъуан Украинӕйӕ цы мӕнг ныхӕстӕ кӕны, уымӕй Путин спайда кодта, цӕмӕй йӕ бон зӕгъын уыдаид, Украинӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ бабырста» («EUobserver», 2022 аз, 7 мартъи).

  •   «Патриарх Кирилл... зӕгъы, Уӕрӕсе раст кӕй бакодта, Украинӕмӕ кӕй бабырста, уымӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ бӕстӕ афтӕмӕй тох кӕны тӕригъӕды ныхмӕ» («AP News», 2022 аз, 8 мартъи).

  •   «Киевы ӕмӕ ӕппӕт Украинӕйы митрополит Епифаний къуырисӕры йӕ адӕмы Хуыцауыл бафӕдзӕхста, цӕмӕй тох кӕной Уӕрӕсейӕ сӕм чи ӕрбабырста, уыдонимӕ... Стӕй ма загъта, уырыссаг салдӕтты марын тӕригъӕдыл нымад кӕй нӕу» («Jerusalem Post», 2022 аз, 16 мартъи).

  •   «Мах [Украинӕйы аргъуанты ӕмӕ динон организациты совет] стӕм Украинӕйы ӕфсады ӕмӕ йын чи ӕххуыс кӕны, уыдоны фарс. Мах сӕ Хуыцауыл фӕдзӕхсӕм, цӕмӕй сӕм Украинӕйы знӕгтимӕ тох кӕнынӕн тыхтӕ уа ӕмӕ уыдоны тыххӕй кувӕм» (Украинӕйы аргъуанты ӕмӕ динон организациты советы a ныхас адӕммӕ, 2022 аз, 24 февраль).

 Куыд хъуыды кӕныс, йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы аргъуантӕ хъуамӕ адӕмы хӕстмӕ ӕрвитой? Библи цы зӕгъы?

Динтӕ хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

 Динтӕ дзурынц, сӕ сӕйраг мӕт сабырдзинад кӕй у. Фӕлӕ историйӕ бӕрӕг у, арӕх-иу хӕстыты ныхмӕ кӕй нӕ уыдысты, чи-иу хӕцыд, уыдоны-иу кӕй рӕстытӕ кодтой кӕнӕ та-иу хӕст уыдоны аххосӕй дӕр райдыдта. Сӕ цӕстмӕ митӕ сын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ азты дӕргъы ӕргом кӕнынц. Уымӕн дӕлдӕр ис цалдӕр цӕвиттоны нӕ публикацитӕй.

  •   Статьяйӕ «Крестовые походы – „трагическая иллюзия“» базонӕн ис, Ромаг-католикон аргъуан Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы номӕй адӕмы куыд мардта, уый тыххӕй.

  •   Статьяйы «Католикон аргъуан Африкӕйы» (англ.) дзырд цӕуы, адӕмыхӕттыты ’хсӕн-иу хӕст куы рауади кӕнӕ-иу суанг кӕцыдӕр адӕмыхатт ныццӕгъдынмӕ куы хъавыдысты, уӕд-иу сӕ аргъуанӕн йӕ бон бауромын кӕй нӕ баци, ууыл.

  •   Статьятӕй «Виновна ли религия?», «Динтӕ хӕстытӕн куыд ӕххуыс кодтой» (англ.) ӕмӕ «Динтӕ ӕххуыс кӕнынц, чи хӕцы, уыдонӕн» (англ.) базонӕн ис, бирӕ хӕстыты-иу католикон, православон ӕмӕ протестантон сауджынтӕ кӕй ӕххуыс кодтой, кӕрӕдзиимӕ чи хӕцыд, уыцы ’фсӕдтӕн.

Чырыстон динтӕ хъуамӕ хӕстытӕн ӕххуыс кӕной?

 Йесо цы дзырдта? «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матфейы 22:39). «Уарзут уе знӕгты» (Матфейы 5:44–47).

 Ахъуыды кӕн. Кӕд динтӕ сӕ адӕмы хӕстмӕ иннӕты марынмӕ ӕрвитынц, уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц? Ацы фарстайӕн дзуапп ссардзынӕ статьяты «Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ хӕстытӕ» ӕмӕ «Возможно ли любить своих врагов?».

 Йесо цы дзырдта? «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин» (Иоанны 18:36). «Чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матфейы 26:47–52).

 Ахъуыды кӕн. Чырыстӕттӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй суанг Йесойы бахъахъхъӕныны тыххӕй дӕр сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз райстаиккой. Ӕмӕ сын уӕд уый бар ис, цӕмӕй сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй райсой? Бакӕс статья «Совместимо ли христианство с войной?». Уымӕй базондзынӕ, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Йесойы къахфӕдтыл куыд цыдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кодтой.

Хӕстытӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы динтӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

 Библийӕ базонӕн ис, йӕхи чырыстон чи хоны, фӕлӕ Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыцы динтӕ Хуыцауӕн ӕнад кӕй сты (Матфейы 7:21–23; Титмӕ 1:16).

  •   Раргомады чиныджы фыст ис, уыцы динтӕ Хуыцау аххосджыныл кӕй нымайы, «зӕххыл кӕйдӕриддӕр фыдмард акодтой», уыдоны мӕлӕты (Раргомад 18:21, 24). Цӕмӕн, уый базоныны тыххӕй бакӕс статья «Цы у Стыр Вавилон?».

  •   Йесо бамбарын кодта, Хуыцауӕн ӕнад кӕй сты, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыцы динтӕ, ӕмӕ сӕ кӕй фесафдзӕн. Уыцы динтӕ Йесо абарста, ӕвзӕр дыргътӕ кӕуыл зайы, ахӕм бӕласимӕ. Ахӕм бӕлас та акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц (Матфейы 7:15–20). Хуыцау уый куыд сараздзӕн, уый базоныны тыххӕй бакӕс статья «Тагъд мӕнг дин фесӕфдзӕн!».

Къамтӕ галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Photo by Sefa Karacan/Anadolu Agency/Getty Images; Maxym Marusenko/NurPhoto via Getty Images

a Украинӕйы аргъуанты ӕмӕ динон организациты советмӕ хауы 15 аргъуаны. Уыдон сты православон, грекъаг-католикон, ромаг-католикон ӕмӕ протестантон аргъуантӕ, стӕй иудейтӕ ӕмӕ пысылмӕттӕ.