Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галаады скъола (2017 аз)

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Галаады скъола. Ахуыр дзы кӕнынц студенттӕ алы бӕстӕтӕй

Галаады скъола. Ахуыр дзы кӕнынц студенттӕ алы бӕстӕтӕй

2020 АЗ, 1 ДЕКАБРЬ

 Ӕнӕхъӕн дунейы цы сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иуты алы аз дӕр фӕхонынц Галаады скъоламӕ a. Уыцы скъола фӕцӕуы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк). Галаады скъолайы студенттӕ сахуыр вӕййынц, Йегъовӕйы организацийы сыл цы хӕстӕ ис, уыдон ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын. Студенттӕ уым цы базонынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы, се ’мбырдты ӕмӕ филиалты цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ лӕггад кӕны, уыдоны фидар кӕнын.

 Галаады скъолайы чи фӕахуыр кӕны, уыдон вӕййынц алы бӕстӕтӕй. Зӕгъӕм, 2019 азы 147 къласы ахуыр кодта 56 студенты, ӕмӕ уыдысты 29 бӕстӕйӕ. Галаады скъоламӕ фӕхонынц сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты: вефилӕгты, районон цӕстдарджыты, миссионерты ӕмӕ сӕрмагонд пионерты.

 Цалынмӕ уроктӕ нӕ райдайынц, уӕдмӕ фӕхъӕуы бирӕ цыдӕртӕ бацӕттӕ кӕнын. Зӕгъӕм, балцыты хайад, Галаады скъоламӕ кӕй фӕхуыдтой, уыдонӕн хӕдтӕхӕгмӕ билеттӕ балхӕны. Цӕмӕй, 147 къласы чи ахуыр кодта, уыцы фӕсарӕйнаг студенттӕй алчидӕр Паттерсонмӕ ӕрцыдаид ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхтаид, уый тыххӕй иу студентӕн рӕстӕмбис нымадӕй бахъуыд 1 075 доллӕры. Соломоны сакъадӕхтӕй чи уыд, уыдон цӕмӕй Паттерсонмӕ ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй сӕ бахъуыд цыппар хатты хӕдтӕхӕгыл тӕхын. Ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы тахтысты, уӕд та – ӕртӕ хатты. Ӕдӕппӕтӕй сӕ тӕхын бахъуыд 35 400 километры! Уыцы студенттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ билеттӕ кодтой 2 300 доллӕры. Мысайнӕгтӕ фӕстауӕрц кӕныны тыххӕй балцыты хайад пайда кӕны, асламдӕр билеттӕ чи агуры, ахӕм компьютерон программӕйӕ. Ӕмӕ уыцы программӕ билеттӕ куы равзары, уӕддӕр ма цалдӕр къуырийы кӕнӕ суанг цалдӕр мӕйы дӕргъы дӕр фӕагуры ноджы асламдӕр билеттӕ. Билеттӕ ӕлхӕнгӕйӕ ма балцыты хайад фӕпайда кӕны, мысайнагӕн кӕй раттынц, уыцы авиамильтӕй.

 Студенттӕй бирӕты фӕхъӕуы визӕтӕ, цӕмӕй Америкӕйы Иугонд Штаттӕм ӕрцӕуой. Визӕтӕ скӕнынӕн сын баххуыс кӕны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады чи ис, уыцы юридикон хайад. Иу студентӕн визӕ скӕнынӕн ӕмӕ ӕндӕр документтӕ бацӕттӕ кӕнынӕн рӕстӕмбис нымадӕй бахъӕуы 510 доллӕры.

 Галаады скъола каст чи фӕвӕййы, уыдон се ’мбырдтӕн цы пайда ’рхӕссынц? Ӕфсымӕр Хендрӕ Гунаван Хуссар-Скӕсӕн Азийы ӕмбырдтӕй иуы лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Йе ’мбырды ис, Галаады скъола каст чи фӕци, ахӕм къай. Уый загъта: «Раздӕр не ’мбырды иу ӕххӕстрӕстӕг пионер дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ уыцы хо ӕмӕ ӕфсымӕр куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц, уый уынгӕйӕ не ’мбырды цалдӕрӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Иу хо ма Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы дӕр сахуыр кодта!»

 Серджио Панджайтан лӕггад кӕны Вефилы, Хуссар-Скӕсӕн Азийы. Уым чи лӕггад кӕны, уыдонӕй иу ӕфсымӕр ӕмӕ цыппар хойы каст фесты Галаады скъола. Серджио зӕгъы: «Уыцы скъолайы кӕй сахуыр кодтой, уый стыр арфӕдзинад у сӕхицӕн дӕр ӕмӕ махӕн дӕр! Кӕд бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, уӕддӕр сӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссынц, фӕлӕ сӕ зонындзинӕдтӕй иннӕтӕн дӕр хай кӕнынц. Уыдон мах кӕй бафидар кӕнынц, уый фӕрцы нӕхи бон дӕр вӕййы иннӕты фидар кӕнын».

 Галаады скъолайы чи фӕахуыр кӕны, уыдоны хӕрдзтӕ бамбӕрзынӕн нӕ организацийӕн ӕхца кӕм вӕййы? Нӕ организацимӕ ӕхца ’фты, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕй кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы. Бирӕтӕ сӕ мысайнӕгтӕ арвитынц, donate.jw.org чи хуыйны, уыцы сайты уылты. Стыр бузныг уын, мысайнӕгтӕ рӕдауӕй кӕй дӕттут! Уый фӕрцы ӕгас дунейӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон вӕййы Галаады скъолайы сахуыр кӕнын.

a Ацы скъолайы программӕ Ахуырадон комитеты разамындӕй бацӕттӕ кӕны скъолаты хайад. Ахуыргӕнджытӕ дзы вӕййынц, ацы хайады чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ кӕнӕ хуынд ӕфсымӕртӕ, уыимӕ Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр.