Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чырысти ӕцӕгдӕр зӕххыл кӕй цард, уыимӕ ахуыргӕндтӕ разы сты?

Чырысти ӕцӕгдӕр зӕххыл кӕй цард, уыимӕ ахуыргӕндтӕ разы сты?

 Ахуыргӕндтӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Чырысти ӕцӕгдӕр зӕххыл кӕй цард, уымӕн. 1-аг ӕмӕ 2-аг ӕнусы историктӕ Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ фыццаг чырыстӕтты тыххӕй цы загътой, уый фӕдыл иу энциклопедийы фыст ис: «Уыцы историктӕй бирӕтӕ кӕд сӕ кӕрӕдзи зонгӕ дӕр нӕ кодтой, уӕддӕр сӕ фыстытӕй бӕрӕг у, раджы заманты суанг чырыстон дины знӕгтӕ дӕр кӕй никуы дызӕрдыг кодтой, Йесо Чырысти зӕххыл ӕцӕгдӕр кӕй цард, ууыл. Уый фыццаг хатт, бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр сын нӕ уыд, афтӕмӕй сдзырддаг кодтой 18-ӕм ӕнусы кӕрон, ууыл дзырдтой 19-ӕм ӕнусы дӕргъы ӕмӕ 20-ӕм ӕнусы райдианы» (Encyclopædia Britannica, 2002 аз).

 Иу чиныджы фыст ис: «Абон иу дзырддзӕугӕ ахуыргонд дӕр нӕ зӕгъдзӕн, ӕмӕ дзуттаг Йесо, Иосифы фырт, зӕххыл нӕ цард. Ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕр сразы уыдзысты, цы арӕзта ӕмӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй дзӕвгар кӕй зонӕм» (Jesus and Archaeology, 2006 аз).

 Библийы Йесойы тыххӕй цы фыст и, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Йесо ӕцӕгдӕр зӕххыл кӕй цард. Зӕгъӕм, фыст дзы сты йӕ фыдӕлты нӕмттӕ, стӕй йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты нӕмттӕ дӕр (Матфейы 1:1; 13:55). Библийы ма сты, Йесо Чырыстийы рӕстӕджы чи цард, уыцы зындгонд хицӕутты нӕмттӕ дӕр (Лукайы 3:1, 2). Уыцы лыстӕг хабӕртты фӕрцы ахуыргӕндтӕн сӕ бон у сбӕлвырд кӕнын, Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ кӕй ис фыст, уый.