Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Раргомады 17 сӕры цы сырх-сырхид сырды кой ис, уый кӕмӕ амоны?

Раргомады 17 сӕры цы сырх-сырхид сырды кой ис, уый кӕмӕ амоны?

Дзуапп Библийӕ

 Раргомады 17 сӕры цы сырх-сырхид сырды кой ис, уый амоны, йӕ нысан ӕппӕт адӕмты дӕр баиу кӕнын ӕмӕ сӕ номӕй архайын кӕмӕн у, уыцы организацимӕ. Фыццаг уыцы организаци уыди Нациты Лигӕ. Абон та уый у Иугонд Нациты Организаци.

Сырх-сырхид сырд кӕмӕ амоны, уый куыд ис базонӕн?

  1.   У политикон организаци. Сырх-сырхид сырдӕн ис «авд сӕры». Ӕмӕ, Раргомады куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы авд сӕры амонынц «авд хохмӕ» ӕмӕ «авд паддзахадмӕ», кӕнӕ хицауадмӕ (Раргомад 17:9, 10). Библийы хӕхтӕ ӕмӕ сырдтӕ хатт фӕамонынц хицауӕдтӕм (Йереми 51:24, 25; Данел 2:44, 45; 7:17, 23).

  2.   У дунеон политикон системӕйы хуызӕн. Уыцы сырх-сырхид сырд у, Раргомады 13 сӕры кӕй кой ис, уыцы сырды хуызӕн, ис ын «авд сӕры». Уыцы сырд амоны дунеон политикон системӕмӕ. Дыууӕ сырдӕн дӕр ис фӕйнӕ авд сӕры ӕмӕ фӕйнӕ дӕс сыкъайы, сӕ сӕртыл та ис Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ (Раргомад 13:1; 17:3). Тынг ӕмхуызон кӕй сты, уый хуымӕтӕджы нӕу. Сырх-сырхид сырд у дунеон политикон системӕйӕн йӕ «ныв» (Раргомад 13:15).

  3.   Бартӕ йын дӕттынц хицауӕдтӕ. Сырх-сырхид сырд «равзӕрд» иннӕ хицауӕдтӕй, ома уыдоны фӕрцы ис (Раргомад 17:11, 17).

  4.   Баст у динимӕ. Стыр Вавилон (зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдон) бады сырх-сырхид сырдыл. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, сырдыл динтӕ кӕй ӕндавынц (Раргомад 17:3–5).

  5.   Хуыцауы ӕгад кӕны. Сырд йедзаг у «Хуыцауы фауӕн нӕмттӕй» (Раргомад 17:3).

  6.   Цасдӕр рӕстӕг йӕ бон ницы уыдзӕн. Сырх-сырхид сырд цасдӕр рӕстӕг уыдзӕн «дӕлдзӕхы» a, ома йӕ бон ницы уыдзӕн. Фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ «схиздзӕн дӕлдзӕхӕй» (Раргомад 17:8).

Библийы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты

 Ӕркӕсӕм, сырх-сырхид сырды тыххӕй пехуымпарад куыд сӕххӕст Иугонд Нациты Организацийыл ӕмӕ, йӕ размӕ чи уыд, уыцы организацийыл – Нациты Лигӕйыл.

  1.   У политикон организаци. Иугонд Нациты Организаци архайы, цӕмӕй, уыцы организацийы цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕн «сӕ бартӕ мачи ссӕнда», ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кӕны политикон системӕйӕн b.

  2.   У дунеон политикон системӕйы хуызӕн. 2011 азы Иугонд Нациты Организацимӕ ӕрбаиу 193-ӕм бӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ Иугонд Нациты Организаци зӕгъы, йӕ бон кӕй у дзурын, зӕххыл цы бӕстӕтӕ ис ӕмӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдонӕн сӕ фылдӕры номӕй.

  3.   Бартӕ йын дӕттынц хицауӕдтӕ. Иугонд Нациты Организаци ис, цы бӕстӕтӕ дзы ис, уыдоны фӕрцы. Ӕмӕ йын ис, уыдон ын цас бартӕ дӕттынц, ӕрмӕстдӕр уыйбӕрц бартӕ.

  4.   Баст у динимӕ. Нациты Лигӕйӕн ӕмӕ Иугонд Нациты Организацийӕн алкӕддӕр ӕххуыс кодтой динтӕ c.

  5.   Хуыцауы ӕгад кӕны. Иугонд Нациты Организаци уый тыххӕй ӕрцыд арӕзт, «цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр уа сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» d. Ӕмӕ кӕд йӕ нысан хорз у, уӕддӕр Хуыцауы ӕгад кӕны. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ дзуры, кӕй сараздзӕн, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ бон цы у саразын, уый (Псалом 46:9; Данел 2:44).

  6.   Цасдӕр рӕстӕг йӕ бон ницы уыдзӕн. Нациты Лигӕ фӕзынд, Фыццаг дунеон хӕст куы фӕци, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Йӕ нысан уыд, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл сабырдзинад уыдаид. Фӕлӕ уый йӕ къухы нӕ бафтыд. 1939 азы Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд Нациты Лигӕ нал уыд. 1945 азы, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ, фӕзынд Иугонд Нациты Организаци. Ӕмӕ йын цы нысӕнттӕ ис, куыд архайы ӕмӕ, куыд конд у, уымӕй у Нациты Лигӕйы хуызӕн.

a Грекъаг ӕвзаг чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, «дӕлдзӕх»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзырд нысан кӕны «ӕнӕбын арф» кӕнӕ «ӕнӕбын дзыхъхъ». Библийы уый амоны ахӕм бынатмӕ кӕнӕ уавӕрмӕ, ӕмӕ уым кӕнӕ уыцы уавӕры чи ис, уый у ахсты хуызӕн ӕмӕ йӕ бон ӕппындӕр ницы у.

b Кӕс Иугонд Нациты Организацийы устав, 2-аг статья.

c Зӕгъӕм, 1918 азы, Америкӕйы протестантон динтӕй бирӕтӕн сӕ минӕвӕрттӕ кӕм уыдысты, уыцы совет загъта, Нациты Лигӕ кӕй у, «зӕххыл Хуыцауы номӕй чи архайы, уыцы организаци». 1965 азы буддистты, индуистты, иудаистты, католикты, православон аргъуаны, протестантты ӕмӕ пысылмӕтты минӕвӕрттӕ Сан-Францискойы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, Иугонд Нациты Организацийы фарс кӕй сты, уый равдыстаиккой ӕмӕ йын скуывтаиккой. 1979 азы та Ромы папӕ Иоанн Павел Дыккаг загъта, зӕгъгӕ йӕ ныфс ис, ӕмӕ Иугонд Нациты Организаци «алкӕддӕр уыдзӕн, зӕххыл сабырдзинад ӕмӕ рӕстдзинад кӕй фӕрцы уыдзӕн, уыцы организаци».

d Кӕс Иугонд Нациты Организацийы устав, 1-аг статья.