Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийы аборты тыххӕй цы фыст ис?

Библийы аборты тыххӕй цы фыст ис?

Дзуапп Библийӕ

 Кӕд Библийы дзырд «аборт» никуы ӕмбӕлы, уӕддӕр Библийы стихтӕй бирӕтӕй бӕрӕг у, Хуыцау адӕймаджы цардмӕ, уыимӕ, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны цардмӕ дӕр, цы цӕстӕй кӕсы, уый.

 Цард у Хуыцауы лӕвар (Райдиан 9:6; Псалом 36:9). Хуыцауӕн алкӕй цард дӕр зынаргъ у, уыимӕ, мады гуыбыны чи ис, ахӕм сывӕллоны цард дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны цард аскъуынын лӕг амарынӕй уӕлдай нӕу.

 Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым загъд уыд: «Лӕгтӕ куы хыл кӕной ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы куы ныццӕвой ӕмӕ йӕ сывӕллон афонӕй раздӕр куы райгуыра, фӕлӕ сӕ мӕлгӕ куы ничи акӕна, уӕд ӕй чи ныццавта, уый хъуамӕ бафида, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау цас зӕгъа, уыйбӕрц. Фидгӕ та сӕ хъуамӕ бакӕна тӕрхонгӕнджыты уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ сӕ исчи куы амӕла, уӕд та хъуамӕ фыст ӕрцӕуа уды тыххӕй уд» (Рацыд 21:22, 23) a.

 Адӕймагӕн йӕ цард кӕд райдайы?

 Хуыцауы цӕсты адӕймагӕн йӕ цард райдайы, йӕ мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕд. Хуыцау, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллӕтты хицӕн адӕймӕгтыл кӕй нымайы, уый бӕрӕг у йӕ Ныхас Библийӕ. Гуыбыны чи ис, уыцы сывӕллӕттӕм ӕмӕ, чи райгуырд, уыдонмӕ иухуызон цӕстӕй кӕй кӕсы, уый феныны тыххӕй ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

  •   Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй паддзах Давид Хуыцауӕн загъта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд» (Псалом 139:16). Давид нырма гуыбыны куы уыд, уӕд дӕр ӕм Хуыцау ахӕм цӕстӕй каст, цыма хицӕн адӕймаг у.

  •   Пехуымпар Йеремийы тыххӕй та Хуыцаумӕ уыд бӕлвырд фӕнд, Йереми гуыргӕ дӕр куы нӕма ракодта, уӕд. Хуыцау ын загъта: «Дӕ мады гуыбыны дӕр дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ зыдтон, гуыргӕ дӕр нӕма ракодтай, афтӕ дӕ равзӕрстон табуйаг хъуыддагӕн. Ӕз дӕ скодтон адӕмтӕн пехуымпар» (Йереми 1:5).

  •   Библийы фысджытӕй иу, Лука (уыд дохтыр), чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны ӕмӕ ноггуырд сывӕллоны кой кӕнгӕйӕ спайда кодта уыцы иу грекъаг дзырдӕй (Лукайы 1:41; 2:12, 16).

 Аборт чи скодта, уымӕн Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн?

 Аборт чи скодта, уыдонӕн Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн, кӕд цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын райдайой, уӕд. Ӕмӕ сӕхи хъуамӕ фӕсмонӕй мауал хӕрой. «Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг... [...] Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ» (Псалом 103:8–12) b. Йӕ раздӕры тӕригъӕдтыл, уыимӕ аборт кӕй скодта, ууыл, зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн (Псалом 86:5).

 Мады кӕнӕ сывӕллоны цард тӕссаг уавӕры куы уа, уӕд аборт скӕнӕн ис?

 Чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны царды тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдзӕн, сылгоймаг, йӕ цардӕн кӕнӕ йӕ сывӕллоны цардӕн тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй аборт куы скӕна.

 Фӕлӕ искуы иу хатт афтӕ куы рауайы, ӕмӕ фӕхъӕуы кӕнӕ мады фервӕзын кӕнын, кӕнӕ сывӕллоны, уӕд ныййарджытӕ уынаффӕ хъуамӕ сӕхӕдӕг рахӕссой.

a Иуӕй-иу Библийы тӕлмацтӕй афтӕ уайы, цыма ацы закъоны дзырд ӕрмӕстдӕр, сылгоймагӕн цы зиан ӕрхастаиккой, ууыл цӕуы. Фӕлӕ дзуттаг текстӕй бӕрӕг у, дзырд ӕрмӕст мадыл кӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ сывӕллоныл дӕр.

b Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ (Псалом 83:18).