Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цы хъуамӕ зонон секстингы тыххӕй?

Цы хъуамӕ зонон секстингы тыххӕй?

 Цы хъуамӕ зонон секстингы тыххӕй?

 Сексинг у, дзыппыхӕсгӕ телефонӕй ӕнӕгъдау СМС-тӕ, къамтӕ кӕнӕ видеороликтӕ куы фервитынц. Иу нӕлгоймаг зӕгъы: «Нӕ рӕстӕджы адӕм кӕрӕдзимӕ ахӕм цыдӕртӕ кӕй ӕрвитынц, уым диссагӕй ницы ис. Фыццаг кӕрӕдзимӕ ӕнӕуи СМС-тӕ фервитут, фӕлӕ стӕй райдайут ӕрвитын, туг кӕмӕй скусы, ахӕм къамтӕ».

 Адӕмы уый цӕмӕн хъӕуы? Ӕрыгӕттӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй иу юрист газет «Нью-Йорк таймс»-ӕн загъта: «Кӕд дӕ телефоны, кӕимӕ ӕмбӕлыс, уыцы чызджы кӕнӕ лӕппуйы къам бӕгънӕгӕй ис, уӕд ӕй иууылдӕр ӕмбарынц, йемӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕуыс... Уый абарӕн ис, пъайы фӕдимӕ, ӕрмӕст телефоны». Иу чызг та секстинг схуыдта «ӕдас секс», уымӕн ӕмӕ уымӕй «нӕ басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дыл ницы низ ныххӕцдзӕн».

 Ӕрыгӕтты зӕрдӕмӕ ма секстинг цӕуы ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕр:

  •   сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыдонӕн зӕрдӕлхӕнӕн митӕ акӕнынӕн

  •   бӕгънӕг адӕймаджы къам сӕм чи ӕрбарвыста, уымӕн сӕ фӕфӕнды йӕ «хӕс бафидын»

 Цӕмӕ ӕркӕны секстинг?

 Кӕд телефонӕй къам арвыстай, уӕд уыцы къам дӕу нал у ӕмӕ дзы куыд пайда кӕндзысты, стӕй уый дӕ номыл куыд фӕзындзӕн, ууыл дӕ бар нал цӕуы. «Дӕ рӕдыдтыты ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй иннӕтӕ абон куыд тагъд базонынц ӕмӕ сӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд ӕнцонтӕй у фенын, афтӕ никуы»,– зӕгъы Амандӕ Ленхарт, Америкӕйы иртасӕн центры хистӕр зонадон кусӕг (Pew Research Center) ӕмӕ секстингы тыххӕй доклады автор.

 Цавӕр хабӕрттӕ-иу ӕрцыд...

  •    Бӕгънӕг адӕймаджы къам-иу кӕмӕ ӕрбарвыстой, уый-иу ӕй иннӕтӕм арвыста, цӕмӕй-иу сӕ бахъӕлдзӕг кодтаид.

  •    Сӕ уарзӕттӕ-иу кӕй ныууагътой, уыцы лӕппутӕ-иу сӕ маст райсыны тыххӕй иннӕтӕм арвыстой, сӕ уарзӕттӕ бӕгънӕгӕй кӕм уыдысты, ахӕм къамтӕ.

 ЗОНЫС ӔЙ? Бӕгънӕг адӕймаджы къамтӕ-иу телефонӕй кӕй ӕрвыстой, уый-иу бирӕ хӕттыты нымад ӕрцыд сывӕллӕттӕн тыхми аразыныл кӕнӕ, сывӕллӕттӕ ӕвдыст кӕм цӕуынц, ахӕм порнографи парахат кӕныныл. Ӕрыгӕттӕй ахӕм къамтӕ ӕмӕ СМС-тӕ чи ӕрвыста, уыдонӕй кӕмӕндӕрты сӕ хъуыддаг тӕрхондонмӕ бахауд ӕмӕ сын нымад ӕрцыд ӕнӕгъдау ми бакӕныныл.

 Библийы уый тыххӕй цы фыст ис?

 Закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи сты, уыдон сӕ кӕрӕдзи сӕ уарзондзинадӕй кӕй фӕрӕвдауынц, уый Библи ӕвзӕр хъуыддаг нӕ хоны (Ӕмбисӕндтӕ 5:18). Фӕлӕ дзы ӕргом фыст ис, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса. Ахъуыды кӕн, мӕнӕ ацы стихтыл Библийӕ:

  •   «Хӕтынӕн ӕмӕ [уӕм] алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уӕд. Стӕй уын не ’мбӕлы нӕдӕр ӕнӕуаг митӕ, нӕдӕр ӕдылы ныхӕстӕ ӕмӕ нӕдӕр ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ кӕнын» (Ефесӕгтӕм 5:3, 4).

  •   «Амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын» (Колоссӕгтӕм 3:5).

 Ацы стихтӕ нӕ ӕрмӕст «хӕтынӕй» (дӕ цардӕмбал чи нӕу, уыимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕй) нӕ фӕдзӕхсынц, фӕлӕ ма «чъизи хъуыддагӕй» (ацы дзырдӕн йӕ нысаниуӕг у уӕрӕхдӕр ӕмӕ хауы цыфӕнды ӕнӕгъдау хъуыддагмӕ дӕр) ӕмӕ «монцӕй судзынӕй» (ацы дзырд амоны, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи сты, уыдон кӕрӕдзийы сӕ уарзондзинадӕй кӕй фӕрӕвдауынц, уымӕ нӕ, фӕлӕ адӕймаджы арӕхдӕр ӕнӕгъдау ми бакӕнынмӕ чи ӕркӕна, ахӕм монцмӕ).

 Ахъуыды кӕн:

  •   Чидӕр бӕгънӕгӕй кӕм ис, ахӕм къамтӕ ӕрвитын «чъизи хъуыддаг» схонӕн цӕмӕн ис?

  •   Секстингы аххосӕй адӕймаг монцӕй куыд ссудзы?

  •   Бӕгънӕг адӕмы къамтӕм кӕсын ӕмӕ сӕ ӕрвитын ӕвзӕр цӕмӕн у?

 Ацы стихтӕй Библийӕ базондзынӕ, секстингӕй хи хизын ноджы тынгдӕр цӕй тыххӕй хъӕуы, уый:

  •   «Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй, йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы... ахӕм кусӕгӕй» (2 Тимофеймӕ 2:15).

  •   «Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат» (2 Петры 3:11).

 Ацы стихтӕй бӕрӕг у, ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, уӕд уый нӕхицӕн пайда уыдзӕн. Кӕд алы хатт дӕр дӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ фӕдарыс, уӕд ахӕмӕй ницы сараздзынӕ, фӕстӕдӕр дӕхи фӕсмонӕй цӕй тыххӕй хӕрай (Галатӕгтӕм 6:7).

 Ахъуыды кӕн:

  •    Цавӕр адӕймаг дӕн?

  •    Иннӕты номыл хъуыды кӕнын?

  •    Иннӕты зӕрдӕ цы фӕриссын кӕны, уый мӕм худӕг фӕкӕсы?

  •    Секстинг мын мӕ номыл куыд фӕзындзӕн?

  •    Ахӕм СМС-тӕ ӕмӕ къамтӕ кӕй фервитын, уый мӕ ныййарджытӕ куы базоной, уӕд ма мыл ӕууӕнддзысты?

 ӔЦӔГ ХАБАР. «Ме ’мбал чызг сусӕгӕй ӕмбӕлд иу лӕппуимӕ. Иу хатт ын, бӕгънӕгӕй ист кӕм уыд, ахӕм къам арвыста, лӕппу та йӕм йӕхи къам ӕрбарвыста. Дыууӕ боны дӕр нӕ рацыд, афтӕ йын йӕ фыд йӕ телефонмӕ ӕркаст. Уыцы къамтӕ куы федта, уӕд арвыцӕфау фӕци. Фыд йӕ чызгимӕ аныхас кодта, ӕмӕ йын чызг алцыдӕр радзырдта. Зонын ӕй, тынг кӕй фӕсмон кӕны, фӕлӕ сӕ ныййарджытӕн уый карды цӕфӕй уӕлдай нӕ уыд, ӕмӕ сӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст! Ныр ӕй сӕхӕдӕг дӕр нӕ зонынц, ӕууӕндой ма йыл ӕви нӕ».

 Раст зӕгъгӕйӕ... Секстинг халы, хӕлд СМС-тӕ ӕмӕ къамтӕ чи ӕрвиты, уыдонӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ кӕмӕ ӕрвитынц, уыдоны дӕр. «Уый ахӕм ӕлгъаг хъуыддаг у, ӕмӕ мӕхицӕй ме сӕфт уыдтон»,– загъта, йӕ уарзон ахӕм митӕ кӕныныл кӕй бафтыдта, иу ахӕм чызг.

 Секстинг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕны ӕмӕ хатт хъуыддаг тӕрхондонмӕ дӕр кӕй бахауы, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, ацы уынаффӕтӕ Библийӕ дӕ зӕрдыл куы дарис ӕмӕ афтӕ куы кӕнис:

  •   «Ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз» (2 Тимофеймӕ 2:22).

  •   «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын» (Псалом 119:37).

 Ды куыд бакӕндзынӕ?

 Спайда кӕн Библийы уынаффӕтӕй ацы уавӕры. Бакӕс Джанеты ныхӕстӕ ӕмӕ равзар, дӕумӕ растдӕр чи кӕсы, уыцы вариант.

 «Иухатт иу лӕппуимӕ базонгӕ дӕн ӕмӕ кӕрӕдзийӕн нӕ телефоны номыртӕ радтам. Къуыри дӕр нӕма рацыд, афтӕ мын загъта, цӕмӕй, купальникы кӕм дӕн, ахӕм къам ӕм арвитон» (Джанет).

 Дӕумӕ гӕсгӕ, Джанет куыд хъуамӕ бакӕна? Ды та куыд бакӕнис?

  •  ВАРИАНТ А. Чи зоны, ахъуыды кӕна: «Ӕмӕ уым диссагӕй цы ис? Денджызы мӕхи куы надтаин, уӕд мӕ уӕддӕр купальникы федтаид».

  •  ВАРИАНТ Ӕ. Чи зоны, ахъуыды кӕна: «Чи йын цы зоны, йӕ сӕры цы ис. Цӕй ӕмӕ йын, гыццыл ӕхгӕддӕр дзаумайы кӕм дӕн, ахӕм къам арвитон, ӕмӕ бакӕсон, йӕхи куыд дардзӕн, уымӕ».

  •  ВАРИАНТ Б. Чи зоны, ахъуыды кӕна: «Уыцы лӕппуйӕн йӕ сӕры ӕндӕр ницы ис. Ацы СМС хъуамӕ сыхалон».

 Ӕппӕты хуыздӕр вариант у – Б, афтӕ нӕу? Стӕй Библийы дӕр афтӕ ис фыст: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).

 Ацы тестӕй бӕрӕг у, секстингмӕ кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм адӕймаджы арӕхдӕр кӕй ӕркӕнынц ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн: «Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзарын зонын?» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Иу чызг, Сарӕ, дзуры: «Уӕ рӕстӕг ӕрвитут, йӕхи алкӕддӕр хорз чи фӕдары, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕмимӕ». Уыимӕ разы у Делия дӕр. Делия зӕгъы: «Де ’мбалы ном чи хӕссы, уыдонӕй дын иуӕй-иутӕ хӕрзӕгъдау цард кӕнынӕн ӕххуыс нӕ кӕнынц, фӕлӕ дӕ рӕдийын кӕнынц. Сӕхи куыд дарынц, уый кӕд Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ раст нӕу, уӕд ды дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ бар-нӕбары фӕрӕдидзынӕ. Ӕмӕ дӕ уый цӕмӕн хъӕуы?»