ИНДОНЕЗИ
Бандӕйы хистӕр сси хӕрзӕгъдау адӕймаг
Хисар Сомин
-
РАЙГУЫРД: 1911 аз.
-
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1952 аз.
-
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: раздӕр уыд бандӕйы хистӕр, фӕстӕдӕр лӕггад кодта Филиалы комитеты.
ИУХАТТ сгарджыты хайады сӕргълӕууӕг ӕфсымӕр Соминмӕ фӕдзырдта сӕйраг прокуроры кабинетмӕ.
– Индонезиаг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ мӕ демӕ фӕнды ӕргом аныхас кӕнын,– загъта йын хицау.– Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгӕй Индонезийы цы кусынц?
– Кӕд гӕнӕн ис, уӕд дын ӕз мӕхи хабар радзурдзынӕн,– загъта йын ӕфсымӕр Сомин.– Кӕддӕр ӕз уыдтӕн бандӕйы хистӕр, фӕлӕ ныр та адӕмӕн амонын, Библийы цы фыст ис, уый. Гъе уыцы куыст кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Индонезийы. Мӕн хуызӕн ницӕйӕгтӕй фӕзминаг адӕймӕгтӕ рауайын кӕнынц.
Фӕстӕдӕр уыцы хицау загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ хъаст кӕнынц. Фӕлӕ ӕз зонын, уый хорз дин кӕй у, уымӕн ӕмӕ Соминӕн баххуыс кодта, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм аивтаид».