НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕйӕ бузныг стӕм уӕ уарзондзинады тыххӕй
Фессалоникӕйы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ се ’мчырыстӕттӕн баххуыс кодтой, кӕд сӕхӕдӕг зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр (2Фс 1:3, 4). Йегъовӕйы адӕм дӕр абон кӕрӕдзийӕн феххуыс кӕнынц. Нӕ мысайнӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ацы зын рӕстӕджыты куыд ӕххуыс кӕнынц, уый фӕдыл нӕ сайты ис бирӕ статьятӕ (кӕс БИБЛИОТЕКА > СЕРИИ СТАТЕЙ > НА ЧТО ИДУТ ВАШИ ПОЖЕРТВОВАНИЯ). Стыр бузныг уын, уӕ уарзондзинад ӕмӕ уӕ рӕдаудзинады тыххӕй!
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔДЗУХДӔР ХУЫЦАУӔН БУЗНЫГ ДЗУРӔМ СЫМАХ ТЫХХӔЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
• Нӕ мысайнӕгтӕ цавӕр хъуыддӕгтыл хардз цӕуынц?
• Зын уавӕры чи бахауд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн нӕ бон куыд у ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын? (Сайты jw.org кӕс статья «Хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм фӕкӕсынц».)