6 СЕРИ
«Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ?»
(Цӕуы 50:35)
Йесо идӕдз сылгоймагӕн йӕ лӕппуйы райгас кодта, адӕмы хуымӕтӕг цӕвиттонты фӕрцы ахуыр кодта ӕмӕ цы арф хъуыдытӕ дзырдта, уыдоны фӕрцы-иу раргом, адӕмӕн сӕ зӕрдӕты цы уыд, уый. Ацы серийы ӕвдыст цӕуынц ацы хабӕрттӕ:
Ӕфсӕддон хицауы уырнындзинад (Лукайы 7:1–10; Матфейы 8:5–13)
Йесо горӕт Наины райгас кодта идӕдз усы фырты (Лукайы 7:11–17)
Аргъауӕг Иоанн Йесомӕ ахӕм фарста арвыста: «Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ?» (Лукайы 7:18–23; Матфейы 11:2–6)
Йесо Аргъауӕг Иоанны тыххӕй дзуры (Лукайы 7:24–30; Матфейы 11:7–15)
Йӕ зӕрдӕ чи ныддур кодта, уыцы фӕлтӕр (Матфейы 11:16–19; Лукайы 7:31–35)
Хоразин, Вифсаидӕ ӕмӕ Капернаумӕн уайдзӕф кӕны (Матфейы 11:20–24)
Йесо йӕ Фыды скадджын кодта, рӕстдзинад сӕрныллӕг адӕмӕн кӕй раргом кодта, уый тыххӕй (Матфейы 11:25–27)
Йесойы ӕфсондз у ӕнцонхӕссӕн ӕмӕ дӕтты удӕнцой (Матфейы 11:28–30)
Тӕригъӕдджын сылгоймаг Йесойы къӕхтыл сой рауагъта (Лукайы 7:36–50)
Йесойы фӕдыл цӕуынц сылгоймӕгтӕ дӕр (Лукайы 8:1–3)
Хӕйрӕджыты Велзевулы хъаруйӕ нӕ суры, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй (Матфейы 12:22–30; Марчы 3:19б, 20)
Хатыр кӕмӕн нӕ уыдзӕн, ахӕм тӕригъӕд (Матфейы 12:31, 32; Марчы 3:22–30)
Бӕлас йӕ дыргътӕй бӕрӕг вӕййы (Матфейы 12:33–37)
Пехуымпар Ионӕйы диссаг (Матфейы 12:38–42)
Дӕлимон фӕстӕмӕ раздӕхы (Матфейы 12:43–45)
Йесойы мад ӕмӕ ӕфсымӕртӕ (Матфейы 12:46–50; Марчы 3:21, 31–35; Лукайы 8:19–21)
Йесо лодкӕйы бады ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕны (Матфейы 13:1, 2; Марчы 4:1, 2; Лукайы 8:4)
Нӕмгуытӕ сагъд ӕрцыдысты цыппар хуызы зӕххы (Матфейы 13:3–9; Марчы 4:3–9; Лукайы 8:5–8)
Йесо фӕсномыг ныхӕстӕ цӕмӕн дзырдта (Матфейы 13:10–17; Марчы 4:10–13; Лукайы 8:9, 10)
Ӕмбарын кӕны фӕсномыг ныхас тауӕджы тыххӕй (Матфейы 13:18–23; Марчы 4:14–29; Лукайы 8:11–18)
Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг (Матфейы 13:24–30)
Хъыцъыйы нӕмыг ӕмӕ ӕнхъизӕн (Матфейы 13:31–33; Марчы 4:30–32)
Йесо фӕсномыг ныхӕстӕй кӕй дзырдта, уымӕй сӕххӕст пехуымпарад (Матфейы 13:34, 35; Марчы 4:33, 34)
Ӕмбарын кӕны фӕсномыг ныхас мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй (Матфейы 13:36–43)
Зӕххы ныгӕд хӕзна ӕмӕ зынаргъ налхъуыт (Матфейы 13:44–46)
Хыз (Матфейы 13:47–50)
Зондамонӕг йӕ къӕбицӕй рахӕссы, ногӕй дӕр ӕмӕ дзы зӕрондӕй дӕр цы ис, уыдӕттӕ (Матфейы 13:51–53)

