5 СЕРИ
«Адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл»
(Цӕуы 30:47)
Йесо тынг бирӕ адӕмы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд сӕ хохыл ахуыр кӕнын райдыдта. Уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдон тынг зындгонд сты. Ацы серийы ӕвдыст цӕуынц ацы хабӕрттӕ:
Йесо бирӕ адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кӕны (Лукайы 6:17–19; Матфейы 5:1)
Йесо адӕмы хохыл ахуыр кӕнын райдыдта; амондджын чи у ӕмӕ мӕгуыр йӕ бон кӕмӕн у (Матфейы 5:2–12; Лукайы 6:20–26)
«Зӕххы цӕхх» ӕмӕ «ацы дунейӕн рухс» (Матфейы 5:13–16)
Йесо Закъон сӕххӕст кодта (Матфейы 5:17–20)
Уынаффӕтӕ: маст хӕссын ӕмӕ искӕимӕ бафидауын (Матфейы 5:21–26)
Уынаффӕтӕ: хӕтындзинад ӕмӕ хицӕн кӕнын (Матфейы 5:27–32)
Уынаффӕтӕ: сомы кӕнын, маст исын ӕмӕ знӕгты уарзын (Матфейы 5:33–48; Лукайы 6:27–30, 32–36)
Адӕмы цӕстмӕ уӕхи рӕстгӕнджытӕй ма ӕвдисут (Матфейы 6:1–4)
Йесо амоны, куыд ӕмӕ цӕй тыххӕй хъӕуы кувын (Матфейы 6:5–15)
Ком куы дарат, уӕд уый адӕмы цӕстмӕ ма аразут (Матфейы 6:16–18)
Хӕзнатӕ зӕххыл ӕмӕ уӕлӕрвты (Матфейы 6:19–24)
Мӕт мауал кӕнут; фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад (Матфейы 6:25–34)
Макӕй кой кӕнут; дӕттут ӕмӕ уын дӕтдзысты (Матфейы 7:1–6; Лукайы 6:37–42)
Курут, агурут ӕмӕ хойут (Матфейы 7:7–11)
Куыд уӕ фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр (Матфейы 7:12; Лукайы 6:31)
Нарӕг дуар (Матфейы 7:13, 14)
Мӕнг пехуымпартӕ; бӕлӕстӕ сӕ дыргътӕй бӕрӕг вӕййынц (Матфейы 7:15–23; Лукайы 6:43–46)
Къӕдзӕхыл арӕзт хӕдзар ӕмӕ змисыл арӕзт хӕдзар (Матфейы 7:24–27; Лукайы 6:47–49)
Адӕм дисӕй мардысты, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта, ууыл (Матфейы 7:28, 29)

