3 СЕРИ
«Ӕз дӕн уыцы адӕймаг»
(Цӕуы 39:40)
Йесо ахуыр кӕны Никодимы, самариаг сылгоймаджы ӕмӕ Назареты цӕрджыты. Фӕлӕ йӕм адӕм се ’ппӕт хорз цӕстӕй нӕ ракастысты. Ацы серийы ӕвдыст цӕуынц ацы хабӕрттӕ:
Йесо Никодимӕн ӕмбарын кӕны, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй адӕймаг донаргъуыд райса ӕмӕ цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уа ӕмӕ афтӕмӕй райгуыра (Иоанны 3:1–13)
Ӕдзӕрӕг быдыры калм уӕлӕмӕ ист куыд ӕрцыд, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр уӕлӕмӕ ист ӕрцӕудзӕн (Иоанны 3:14, 15)
Хуыцау йӕ иунӕг Фырты дунемӕ уый тыххӕй нӕ рарвыста, цӕмӕй дунейӕн тӕрхон кӕна, фӕлӕ цӕмӕй дуне уый фӕрцы фервӕза (Иоанны 3:16–21)
Иоанн фӕстаг хатт хъусын кӕны Йесойы тыххӕй (Иоанны 3:22–30)
Уӕларвӕй чи ’рцыд, уыцы Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй (Иоанны 3:31–36)
Иоанны ахӕстоны бакодтой (Марчы 6:17–20; Матфейы 4:12; 14:3–5; Лукайы 3:19, 20)
Йесо ӕрцыд самариаг горӕт Сихармӕ ӕмӕ фӕлладӕй цъайы цур бады (Иоанны 4:1–6)
Йесо самариаг сылгоймагимӕ ныхас кӕны (Иоанны 4:7–15)
Йесо самариаг сылгоймагӕн дзуры, Хуыцауӕн кӕй хъӕуы куывын йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ (Иоанны 4:16–24)
Йесо самариаг сылгоймагӕн раргом кодта, Мессийӕ кӕй у (Иоанны 4:25, 26)
Самариаг сылгоймаг иннӕтӕн Йесойы тыххӕй дзуры (Иоанны 4:27–30)
Йесо Хуыцауы фӕндон бары хӕринагимӕ; Йесо дзуры «хуымтӕ» кӕрдынмӕ цӕттӕ кӕй сты (Иоанны 4:31–38)
Самариӕгтӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты, Йесо дунейы ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, ууыл (Иоанны 4:39–42)
Йесо райдыдта хъусын кӕнын Галилейӕйы (Иоанны 4:43–45; Марчы 1:14, 15; Матфейы 4:17; Лукайы 4:14, 15)
Галилейаг горӕт Канӕйы Йесо сдзӕбӕх кодта паддзахы лӕггадгӕнӕджы фырты (Иоанны 4:46–54)
Назареты Йесойыл нӕ баууӕндыдысты (Лукайы 4:16–30)
Йесо цӕуы Капернауммӕ (Матфейы 4:13–16)
Йесо сарӕзта диссаг – кӕсагахсджытӕ тынг бирӕ кӕсаг ӕрцахстой; фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ (Лукайы 5:1–11; Матфейы 4:18–22; Марчы 1:16–20)

