2 СЕРИ
«Ай у мӕ уарзон Фырт»
(Цӕуы 52:46)
Аргъауӕг Иоанн адӕмӕн дзырдта, Мессийӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Йесо йӕ лӕггад райдыдта. Ацы серийы ӕвдыст цӕуынц ацы хабӕрттӕ:
Аргъауӕг Иоаннӕн йӕ лӕггад райдыдта (Лукайы 3:1, 2; Иоанны 1:6)
Иоанн рухсы тыххӕй дзырдта (Иоанны 1:7, 8)
Иоанн адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой (Матфейы 3:1–12; Лукайы 3:3–18; Марчы 1:1–8)
Йесо донаргъуыд райста (Матфейы 3:13–17; Марчы 1:9–11; Лукайы 3:21, 22)
Йесойы Хуыцауы сыгъдӕг тых акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ (Марчы 1:12, 13; Матфейы 4:1; Лукайы 4:1, 2)
Йесо Чырыстийы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд (Лукайы 3:23–38; Матфейы 1:1–17)
Йесо фидар фӕлӕууыд, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвӕрдта, уӕд (Матфейы 4:2–11; Лукайы 4:3–13)
Иоанн ӕргом дзырдта, Чырысти кӕй нӕу, фӕлӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи хъӕр кӕны, уый хъӕлӕс (Иоанны 1:19–28)
Иоанн Йесойы схуыдта «Хуыцауы Уӕрыкк» (Иоанны 1:29–31)
Иоанн дзуры, Йесойыл сыгъдӕг тых кӕй ӕрцыд, ӕмӕ Йесо кӕй дӕтдзӕн аргъуыд сыгъдӕг тыхӕй (Иоанны 1:32–34)
Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы фӕдыл цӕуынц (Иоанны 1:35–39)
Андрей йе ’фсымӕр Петры Йесомӕ ӕрбакодта (Иоанны 1:40–42)
Филипп ӕмӕ Нафанаил систы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ (Иоанны 1:43–51)
Галилейаг горӕт Канӕйы чындзӕхсӕвы Йесо дон сӕн фестын кодта (Иоанны 2:1–12)
Йесо фыццаг хатт Иерусалимы кувӕндон ссыгъдӕг кодта (Иоанны 2:13–17)
Йесо дзуттӕгтӕн дзуры, кувӕндон ӕртӕ бонмӕ кӕй сараздзӕн (Иоанны 2:18–22)
Йесо диссӕгтӕ арӕзта, ӕмӕ йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты (Иоанны 2:23–25)

