1 СЕРИ
Дунемӕ ӕрцыд ӕцӕг рухс
(Цӕуы 1:11:01)
Иосиф ӕмӕ Марийӕмӕ стыр кад ӕрхауд – хъомыл кодтой Йесойы, иннӕты хуызӕн чи нӕ уыд, уыцы сывӕллоны. Ацы серийы ӕвдыст цӕуынц ацы хабӕрттӕ:
Райдианы Дзырд уыди Хуыцауимӕ, ӕмӕ Дзырд уыди хуыцау (Иоанны 1:1, 2)
Хуыцау алцыдӕр сфӕлдыста Дзырды ӕххуысӕй (Иоанны 1:3а)
Цард ӕмӕ рухс фӕзындысты Дзырды ӕххуысӕй (Иоанны 1:3б, 4)
Талынг рухсыл нӕ фӕтых (Иоанны 1:5)
Лука Феофилӕн ӕмбарын кӕны, Евангели фыссынмӕ цӕмӕн бавнӕлдта, уый (Лукайы 1:1–4)
Гавриил рагацау загъта Аргъауӕг Иоанны райгуырды тыххӕй (Лукайы 1:5–25)
Гавриил рагацау загъта Йесойы райгуырды тыххӕй (Лукайы 1:26–38)
Марийӕ ӕрбацыд йӕ хӕстӕг Елизаветӕмӕ (Лукайы 1:39–45)
Марийӕ кадджын кӕны Йегъовӕйы (Лукайы 1:46–56)
Иоанн райгуырд, ӕмӕ йыл ном сӕвӕрдтой (Лукайы 1:57–66)
Захарийы пехуымпарад (Лукайы 1:67–80)
Марийӕ сыгъдӕг тыхӕй басывӕрджын; Иосиф уымӕ цы цӕстӕй ракаст (Матфейы 1:18–25)
Иосиф ӕмӕ Марийӕ ацыдысты Вифлееммӕ; Йесо райгуырд (Лукайы 2:1–7)
Зӕдтӕ быдыры фыййӕуттӕм фӕзындысты (Лукайы 2:8–14)
Фыййӕуттӕ ацыдысты ноггуырды фенынмӕ; ноггуырд уыди кӕвдӕсы (Лукайы 2:15–20)
Йесойы Йегъовӕйы кувӕндонмӕ ӕрбахастой (Лукайы 2:21–24)
Симеон ахӕм кадӕй схайджын, ӕмӕ Чырыстийы федта (Лукайы 2:25–35)
Аннӕ се ’ппӕтӕн дӕр дзырдта сывӕллоны тыххӕй (Лукайы 2:36–38)
Стъалыдӕснытӕ Иродмӕ ӕрбацыдысты; Ирод сфӕнд кодта сывӕллоны амарын (Матфейы 2:1–12)
Иосиф ракодта Марийӕйы ӕмӕ Йесойы ӕмӕ Египетмӕ алыгъд (Матфейы 2:13–15)
Ирод Вифлеемы ӕмӕ йӕ алыварс бӕстӕты гыццыл сывӕллӕтты ныццагъта (Матфейы 2:16–18)
Йесойы бинонтӕ ӕрцардысты Назареты (Матфейы 2:19–23; Лукайы 2:39, 40)
Дыууадӕсаздзыд Йесо кувӕндоны (Лукайы 2:41–50)
Йесо йӕ ныййарджытимӕ Назаретмӕ ӕрыздӕхт (Лукайы 2:51, 52)
Ӕцӕг рухс тагъд хъуамӕ ӕрцыдаид дунемӕ (Иоанны 1:9)

