ирон
«Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» Иегъовӕйы фыстыл аудынӕн
/assets/ct/b4d7e1101e/images/syn_placeholder_sqr.png
w99 1/6 18–23 фф.
«Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» Иегъовӕйы фыстыл аудынӕн

«Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» Иегъовӕйы фыстыл аудынӕн

«Бӕрзондмӕ куы ссыд, уӕд акодта уацайрӕгты, ратта лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (Ефесӕгтӕм 4:8, НД).

1. Иу чырыстон хо йе ’мбырды хистӕрты тыххӕй цы загъта?

 «СТЫР бузныг, афтӕ тынг ныл кӕй аудут, уый тыххӕй. Уӕ мидбылты худт, уӕ рӕвдаугӕ ахаст ӕмӕ уӕ цымыдисдзинад кӕддӕриддӕр вӕййынц сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. Алыхатт дӕр нӕм ӕнӕзивӕгӕй байхъусут ӕмӕ нын ссарут ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ Библийӕ. Ӕз кувын, цӕмӕй кӕддӕриддӕр мӕ бон уа сымахӕн аргъ кӕнын». Ахӕм ныхӕстӕ ныффыста иу чырыстон хо йе ’мбырды хистӕртӕм. Бӕрӕг у, чырыстон фыййӕутты уарзӕгой ахаст ын йӕ зӕрдӕ кӕй фӕцагайдта (1 Петры 5:2, 3).

2, 3. а) Исайы 32:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ тӕригъӕдгӕнаг хистӕртӕ куыд аудынц Иегъовӕйы фыстыл? ӕ) Хистӕры кӕд ис нымайӕн лӕварыл?

2 Хистӕрты Иегъовӕ уый тыххӕй ратта, цӕмӕй йын йӕ фыстыл зӕрдӕбынӕй аудой (Лукайы 12:32; Иоанны 10:16). Иегъовӕйӕн йӕ фыстӕ тынг зынаргъ сты — афтӕ зынаргъ, ӕмӕ сӕ Йесойы зынаргъ тугӕй балхӕдта. Уӕдӕ диссаг нӕу, хистӕртӕн дзугмӕ уарзӕгой ахаст куы вӕййы, уӕд Иегъовӕ кӕй фӕцин кӕны (Куыстытӕ 20:28, 29). Дӕ хъус ма ӕрдар, уыцы хистӕртӕ кӕнӕ «кънйӕзтӕ» пехуымпарады куыд ӕвдыст цӕуынц, уымӕ: «Уыдонӕй алкӕцыдӕр уыдзӕн куыд ӕмбӕрзӕн дымгӕйӕ ӕмӕ ӕмбӕхсӕн хъызтӕй, куыд суадӕттӕ тыгъд быдыры, куыд бӕрзонд къӕдзӕхы аууон хус зӕххы» (Исай 32:1, 2). О, сӕ хӕс у Хуыцауы фысты хъахъхъӕнын, фидар сӕ кӕнын ӕмӕ сӕ рӕвдауын. Уымӕ гӕсгӕ, дзугыл фӕлмӕнзӕрдӕйӕ чи ауды, уыцы хистӕртӕ тырнынц Хуыцауы домӕнтӕм гӕсгӕ архайынмӕ.

3 Ахӕм хистӕртӕ Библийы хуыйнынц «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (Ефесӕгтӕм 4:8, НД). Алчидӕр ӕй зоны, лӕвар, адӕймаджы ӕхсызгонӕй цы хъӕуы кӕнӕ йын циндзинад цы ’рхӕсдзӕн, ахӕм цыдӕр кӕй у. Уӕдӕ хистӕр дӕр йӕ арӕхстдзинӕдтӕй дзугӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ циндзинад хӕссынӕн куы пайда кӕна, уӕд уый нымайӕн ис лӕварыл. Куыд у йӕ бон уый аразын? Дзуапп ссардзыстӕм Ефесӕгтӕм 4:7—16-ӕм стихты фыст Павелы ныхӕсты. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, Иегъовӕйӕн йӕ фыстӕм цы уарзӕгой ахаст ис, уый бамбарынӕн.

«Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» — кӕцӕй?

4. Псалмы 67:19-ӕм стихмӕ гӕсгӕ Иегъовӕ цы хуызы «ссыди бӕрзондмӕ» ӕмӕ чи уыдысты «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы»?

4 Павел ацы ныхӕстӕ, «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы», зӕгъгӕ, куы ныффыста, уӕд ӕрхаста паддзах Давиды ныхӕстӕ. Уый загъта Иегъовӕйы тыххӕй: «Ды ссыдтӕ бӕрзондмӕ, уацайрӕгты уацар фӕкодтай, райстай лӕвӕрттӕ адӕймӕгты тыххӕй [«лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы», НД]» (Псалом 67:19). Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уымӕй бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр Иегъовӕ символикон хуызы «ссыд» Сионы хохмӕ ӕмӕ Иерусалимӕй сарӕзта Израилы паддзахады сӕйраг сахар, паддзахӕй та дзы сӕвӕрдта Давиды. Фӕлӕ чи уыдысты «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы»? Израилӕгтӕ, зӕхх сӕхи бакӕнгӕйӕ, цы уацайрӕгты ракодтой, уыдон. Фӕстӕдӕр уыцы уацайрӕгтӕй иуӕй-иутӕ скинийы раз ӕххуыс кодтой левиттӕн (Ездрӕ 8:20).

5. а) Псалом 67:19-ӕм стих чырыстон ӕмбырды кӕй ӕххӕст кӕны, уый Павел куыд равдыста? ӕ) Йесо цы хуызы ‘ссыди бӕрзондмӕ’?

5 Павел Ефесӕгтӕм ӕрвысты равдыста, псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ стырдӕр масштабы кӕй ӕххӕст кӕнынц чырыстон ӕмбырды. Псалом 67:19-ӕм стих йӕхи ныхӕстӕй ӕмбарынгӕнгӕйӕ, Павел загъта: «Алкӕмӕндӕр нӕ Хуыцауы хорзӕх лӕвӕрд у, Чырысти цӕйбӕрц лӕвар кӕны, уыйбӕрц. Уымӕ гӕсгӕ уый дзуры: — Бӕрзондмӕ куы ссыд, уӕд акодта уацайрӕгты ӕмӕ ратта лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (Ефесӕгтӕм 4:7, 8, НД). Павел ацы псалмы ныхӕстӕ ахаста Йесомӕ куыд Хуыцауы минӕвармӕ. Йесо Хуыцауы зӕрдӕхудты кӕй нӕ бацыд, уымӕй ‘басаста дунейы’ (Иоанны 16:33). Уый фӕуӕлахиз мӕлӕтыл ӕмӕ Сайтаныл дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта (Куыстытӕ 2:24; Дзуттытӕм 2:14). Н. э. 33 азы райгасуӕвӕг Йесо ссыд «ӕппӕт уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр», ома ӕппӕт уӕларвон фӕлдисондтӕй уӕлдӕр бынат бацахста (Ефесӕгтӕм 4:9, 10; Филиппӕгтӕм 2:9—11). Ӕмӕ куыд уӕлахизхӕссӕг, афтӕ Йесо знаджы рӕнхъытӕй акодта «уацайрӕгты». Цы хуызы?

6. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй уӕларвмӕ ссӕуӕг Йесо куыд райдыдта хӕссын Сайтаны хӕдзар ӕмӕ цы фӕкодта «уацайрӕгты»?

6 Зӕххыл цӕргӕйӕ, Йесо адӕмы хӕйрӕджыты ахӕстӕй кӕй сӕрибар кодта, уымӕй равдыста, Сайтаныл йӕ бон кӕй цӕуы. Уый уыдис афтӕ, раст цыма Йесо бацыд Сайтаны хӕдзармӕ, сбаста йӕ ӕмӕ йын йӕ хӕдзар фӕхаста (Матфейы 12:22—29). Ахъуыды ма кӕн, Йесо куы райгас ӕмӕ куы райста «алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл», уӕд цас уацайрӕгтӕ сси йӕ бон акӕнын! (Матфейы 28:18). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Йесо ссыд уӕларвмӕ куыд Хуыцауы минӕвар ӕмӕ кӕнын райдыдта «уацайрӕгты» — бирӕ рӕстӕджы дӕргъы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарады ӕмӕ Сайтаны ахӕсты чи уыд, уыцы адӕймӕгты, ӕмӕ афтӕмӕй Сайтаны хӕдзар хӕссын райдыдта. Уыцы «уацайрӕгтӕ», Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнгӕйӕ, барвӕндӕй систы «Чырыстийы цагъартӕ» (Ефесӕгтӕм 6:6). Афтӕмӕй сӕ Йесо ссӕрибар кодта Сайтаны ахӕстӕй ӕмӕ сӕ Иегъовӕйы номӕй ратта чырыстон ӕмбырдӕн куыд «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы». Ахъуыды ма кӕн, Сайтан куыд смӕсты, йӕ тӕккӕ фындзы бынӕй йын адӕмы куы акодтой, уӕд!

7. а) «Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» куыд лӕггад кӕнынц ӕмбырдты? ӕ) Хистӕртӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕмӕндӕр Иегъовӕ цавӕр диссаджы фадат дӕтты?

7 Цымӕ абон дӕр ӕмбырды ис ахӕм «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы»? Бӕгуыдӕр! Уыдон хистӕртӕй лӕггад кӕнынц ӕппӕт зӕххыл Хуыцауы адӕмы 87 000 ӕмбырды ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц ‘Евангели хъусынгӕнджытӕ, фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджыты’ уӕззау хӕстӕ (Ефесӕгтӕм 4:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕртӕн дзугмӕ тызмӕг ахаст куы уаид, уӕд Сайтанӕй ӕхсызгондӕр никӕмӕн уаид. Фӕлӕ сӕ Хуыцау Чырыстийы уылты ӕмбырдӕн уый тыххӕй нӕ ратта. Иегъовӕ уыцы нӕлгоймӕгты уый тыххӕй снысан кодта, цӕмӕй ӕмбырдыл аудой, ӕмӕ сын сӕ бӕрны кӕй бакодта, уыцы фысты тыххӕй йӕ разы дӕттынц дзуапп (Дзуттытӕм 13:17). Кӕд ды дӕр ӕмбырды хистӕрӕй лӕггад кӕныс, уӕд дын Иегъовӕ дӕтты диссаджы фадат, цӕмӕй де ’фсымӕртӕн уай лӕвар кӕнӕ арфӕдзинад. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй та хъӕуы цыппар ахсджиаг хӕсы ӕххӕст кӕнын.

Куы хъӕуа ‘раст кӕнын’

8. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ раст кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы?

8 Фыццаджыдӕр, «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» уый тыххӕй сты, цӕмӕй, Павел куыд загъта, афтӕ «сыгъдӕджыты раст кӕной» (Ефесӕгтӕм 4:12, НД). «Раст кӕнын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд нысан кӕны «разыдзинадмӕ ӕркӕнын». Ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы «раст кӕнын», ома нӕ хъуыдытӕ, нӕ цӕстӕнгас цыдӕр хъуыддагмӕ ӕмӕ нӕ уагахаст Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндонимӕ «разыдзинадмӕ ӕркӕнын». Иегъовӕ зӕрдӕхӕларӕй ратта «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы», цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ивындзинӕдтӕ аразынӕн. Куыд аразынц хистӕртӕ уыцы хъуыддаг?

9. Хистӕрӕн куыд у йӕ бон, чи адзӕгъӕл, уыцы фысӕн баххуыс кӕнын?

9 Гӕнӕн ис хистӕрмӕ бахатой, цӕмӕй, ‘тӕригъӕды чи бахауд’, ахӕм фысӕн баххуыс кӕна. Ахӕм уавӕры хистӕрӕн цы у йӕ бон саразын? «Ахӕмы раст кӕнут фӕлмас удӕй»,— дзырдӕуы Галатӕгтӕм 6:1. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр уынаффӕ куы дӕтта, уӕд, чи фӕрӕдыд, уымӕ хыл нӕ кӕндзӕн кӕнӕ йемӕ тызмӕгӕй нӕ ныхас кӕндзӕн. Уынаффӕ хъуамӕ ‘тӕрсын ма кӕна’, фӕлӕ фидар (2 Коринфӕгтӕм 10:9; абар Иов 33:7, АМТ). Адӕймаг ӕнӕуи дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фӕсмонӕй йӕхи хӕры, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уарзӕгой фыййау зӕрдӕсӕттӕн ныхӕстӕ нӕ дзурдзӕн. Бӕрӕг куы уа, уынаффӕ, суанг ма карз уайдзӕф дӕр, баххуыс кӕнынӕн ӕмӕ уарзондзинадимӕ кӕй цӕуы лӕвӕрд, уӕд бӕгуыдӕр ахъаз уыдзӕн, цӕмӕй фӕрӕдийӕг йӕ зондахаст, гъе та йӕ уагахаст сраст кӕна ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй фӕстӕмӕ йӕ къӕхтыл слӕууа (2 Тимофеймӕ 4:2).

10. Цы хауы иннӕты раст кӕнынмӕ?

10 Мах раст кӕнынӕн Иегъовӕ «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» куы ратта, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй нын духовон ӕгъдауӕй ӕнцойад хӕссой ӕмӕ нын фӕзминаг цӕвиттон ӕвдисой (1 Коринфӕгтӕм 16:17, 18, НФ; Филиппӕгтӕм 3:17). Иннӕты раст кӕнын, ӕцӕгады фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, ӕрмӕст уыдон бараст кӕнын нӕ нысан кӕны, фӕлӕ ма иузӕрдион чырыстӕттӕн раст фӕндагыл фидар лӕууынӕн ӕххуыс кӕнын дӕр a. Абон царды бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕн сӕ ныфс асӕтты ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы фидар кӕнын. Кӕцыдӕр чырыстоны та, чи зоны, хъӕуы уарзӕгой ӕххуыс, цӕмӕй, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый дӕр афтӕ хъуыды кӕна. Зӕгъӕм, ӕнувыд чырыстӕттӕй иуӕй-иуты удхарӕй марынц ахӕм хъуыдытӕ, цыма ницӕйаг сты кӕнӕ никӕй хъӕуынц. Ахӕм «зӕрдӕсастытӕ» гӕнӕн ис хъуыды кӕной, Иегъовӕ сӕ кӕй никуы бауарздзӕн ӕмӕ йын куыдфӕнды хорз ма лӕггад кӕной, уӕддӕр сӕ райгонд кӕй никуы уыдзӕн (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ). Ӕцӕгӕй та Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм бынтон ӕндӕрхуызон цӕстӕй кӕсы.

11. Хистӕртӕн сӕ бон куыд у, афтӕ чи хъуыды кӕны, цыма никӕй хъӕуынц, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын?

11 Хистӕртӕ, куыд у уӕ бон ахӕм адӕймӕгтӕн ӕххуыс кӕнын? Библион стихты бындурыл сын ӕвдисут, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕцыйыл дӕр кӕй ауды ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнут, уыцы стихтӕ сӕрмагондӕй уыдонмӕ кӕй хауынц (Лукайы 12:6, 7, 24). Фенын сын кӕнут, Иегъовӕ сӕ йӕхӕдӕг кӕй ‘ӕрбакодта’ йӕ организацимӕ, уымӕ гӕсгӕ йын тынг зынаргъ кӕй сты (Иоанны 6:44). Ӕмбарын сын кӕнут, иунӕг кӕй не сты — Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕм кӕй фӕзыны ахӕм хъуыдытӕ. Иу рӕстӕджы пехуымпар Илиа афтӕ ныфссаст уыдис, ӕмӕ мӕлӕтмӕ бӕллыд (3 Паддзахӕдты 19:1—4). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕй иуӕй-иутыл ‘тӕрхон кодтой’ сӕ зӕрдӕтӕ (1 Иоанны 3:20). Стыр ныфс дӕтты, Библи куы фыстой, уыцы рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр «не ’нкъарӕнты хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ» кӕй уыд, уый зонын (Иаковы 5:17, НД). Ныфссаст адӕймагимӕ ма равзарӕн ис зӕрдӕфидаргӕнӕн статьятӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ӕй дӕр. Ахӕм адӕймӕгты бафидар кӕныныл зӕрдиагӕй кӕй архайут, уый ӕнӕфӕхатгӕ нӕ фӕуыдзӕн, сымах «лӕвӕрттӕй адӕймӕгты хуызы» чи ратта, уыцы Хуыцауӕй (Дзуттытӕм 6:10).

Дзуг «аразынмӕ»

12. Цӕмӕ ис ахӕссӕн дзырдбаст «Чырыстийы буар аразын» ӕмӕ дзуг фидар кӕнынӕн сӕйраджыдӕр цы хъӕуы?

12 Дыккаг уый, ӕмӕ «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» лӕвӕрд сты «Чырыстийы буар аразынмӕ» (Ефесӕгтӕм 4:12). Ам Павел спайда кодта метафорӕйӕ. «Аразын» амоны арӕзтадмӕ, дзырдбаст «Чырыстийы буар» та хауы адӕммӕ — сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды уӕнгтӕм (1 Коринфӕгтӕм 12:27; Ефесӕгтӕм 5:23, 29, 30). Хистӕрты хъӕуы се ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй духовон ӕгъдауӕй фидар уой. Уыдон тырнынц дзуг ‘фехалынмӕ нӕ, фӕлӕ аразынмӕ’ (2 Коринфӕгтӕм 10:8). Уый тыххӕй та сӕйраджыдӕр хъӕуы уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ «уарзондзинад аразы» (1 Коринфӕгтӕм 8:1, НД).

13. Цы нысан кӕны тӕригъӕд кӕнын ӕмӕ хистӕртӕ цӕмӕн хъуамӕ уой тӕригъӕдгӕнаг?

13 Уарзондзинад ма ӕххуыс кӕны хистӕртӕн, цӕмӕй дзугӕн тӕригъӕд кӕной. Тӕригъӕд кӕнын та нысан кӕны, адӕймаджы уавӕртӕ хынцгӕйӕ, уымӕн йӕ рис, йӕ хъуыдытӕ ӕмбарын ӕмӕ уый цы ӕнкъары, уый ӕнкъарын (1 Петры 3:8). Хистӕртӕ тӕригъӕдгӕнаг цӕмӕн хъуамӕ уой? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» чи дӕтты, уыцы Хуыцау Иегъовӕ йӕхӕдӕг у тӕригъӕдгӕнаг. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ куы фӕхъизӕмар кӕнынц кӕнӕ зӕрдӕрыст куы вӕййынц, уӕд уый дӕр семӕ фӕхъынцъым кӕны (Рацыд 3:7; Исай 63:9). Уый сын ӕмбары сӕ уавӕртӕ (Псалом 102:14). Фӕлӕ цӕмӕй хистӕртӕ тӕригъӕдгӕнаг уой, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы аразын?

14. Хистӕрты бон куыд у тӕригъӕд кӕнын?

14 Зӕрдӕрыст адӕймаг сӕм куы бацӕуы, уӕд ӕм лӕмбынӕг байхъусынц ӕмӕ йын уый фӕрцы бамбарынц йӕ сагъӕс ӕмӕ йӕ рис. Уыдон архайынц, цӕмӕй сӕ зӕрдыл дарой се ’фсымӕрты удыхъӕд, сӕ ивгъуыд цард ӕмӕ ныртӕккӕ цы уавӕрты сты, уый. Ӕмӕ уӕд фыстӕн ӕнцон уыдзӕн, Фыстады бындурыл сын цы ӕххуыс лӕвӕрд цӕуы, уый райсын, уымӕн ӕмӕ сын ӕй дӕттынц, ӕцӕгӕйдӕр сӕ чи ӕмбары ӕмӕ сыл зӕрдӕбынӕй чи ауды, ахӕм фыййӕуттӕ (Фӕсномыг ныхӕстӕ 16:23). Тӕригъӕдгӕнаг хистӕртӕ ма ноджыдӕр сӕ зӕрдыл дарынц фыстӕн сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕм уыцы уавӕрты аххосӕй цы ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕры, уыдон. Зӕгъӕм, арӕх иузӕрдион чырыстӕттӕн, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ та се ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый аххосӕй Хуыцауӕн сӕ бон, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл фӕхуды. Уый хыгъд ӕндӕр кӕйдӕр та хъӕуы йӕ лӕггаддзинад фӕхуыздӕр кӕнынмӕ сразӕнгард кӕнын (Дзуттытӕм 5:12; 6:1). Тӕригъӕдгӕнаг хистӕртӕ ӕмбырды уӕнгты бафидар кӕнынӕн ӕнӕмӕнг ссардзысты «зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ» (Екклесиаст 12:10). Иегъовӕйы фысты куы фӕфидар кӕнынц ӕмӕ сӕ куы феппӕлынц, уӕд сӕ Хуыцаумӕ уарзондзинад фӕразӕнгард кӕны, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынмӕ!

Иудзинадӕн ахъаз нӕлгоймӕгтӕ

15. Цӕмӕ амоны дзырдбаст «иудзинад уырнындзинады»?

15 Ӕртыккаг: «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» уый тыххӕй сты нысангонд, цӕмӕй «иуылдӕр ӕрцӕуӕм иудзинадмӕ уырнындзинады ӕмӕ Хуыцауы Фырты базоныны» (Ефесӕгтӕм 4:13). Дзырдбаст «иудзинад уырнындзинады» канд динон ахуырӕдты иудзинадмӕ нӕ амоны, фӕлӕ ма уырнджыты иудзинадмӕ дӕр. Уый ма у ноджыдӕр иу аххосаг, Хуыцау «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» цӕй тыххӕй ратта — цӕмӕй ахъаз уой йӕ адӕмы иудзинадӕн. Хистӕртӕ уый куыд аразынц?

16. Хистӕртӕн сӕ кӕрӕдзийы ’хсӕн иудзинад хъахъхъӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Фыццаджыдӕр иудзинад хъуамӕ уа сӕ кӕрӕдзийы ’хсӕн. Фыййӕуттӕн иу хъуыды куы нӕ уа, уӕд фыстӕ уыдзысты ӕнӕхицау ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг. Хистӕртӕ фыстӕн ӕххуыс кӕнынӕн цы рӕстӕг хъуамӕ хардз кӕной, уый исдзысты ӕнӕхъуаджы дӕргъвӕтин раныхас-баныхӕстӕ ӕмӕ ӕнӕахсджиаг фарстытыл быцӕутӕ (1 Тимофеймӕ 2:8). Хистӕртӕ иухуызон нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ лыггӕнинаг фарстытӕм алы хатт ӕмхуызон цӕстӕнгас нӕ вӕййы. Иудзинад уый нӕ нысан кӕны, хистӕртӕ иухуызон кӕй хъуамӕ хъуыды кӕной кӕнӕ истӕимӕ разы куы нӕ уой, уӕд ӕй ӕргом зӕгъын сӕ бон кӕй нӕу. Хистӕртӕ иудзинад хъахъхъӕнынц, кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг куы фӕхъусынц ӕмӕ кӕрӕдзийы ныхасӕн аргъ куы фӕкӕнынц, уӕд. Ӕмӕ кӕд Библийы принциптӕ нӕ цӕуынц хӕлд, уӕд алчидӕр хъуамӕ цӕттӕ уа йӕхи басӕттынмӕ ӕмӕ, хистӕрты совет цы уынаффӕ рахаста, уымӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Ахӕм зондахаст сӕм кӕд ис, уӕд уымӕй бӕрӕг у, уыдон кӕй архайынц «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй», уымӕн ӕмӕ уый у «сабыр, уӕздан» (Иаковы 3:17, 18).

17. Хистӕртӕн куыд у сӕ бон ӕмбырды мидӕг иудзинад хъахъхъӕнынӕн ӕххуыс кӕнын?

17 Уымӕй уӕлдай хистӕртӕ хъуамӕ архайой ӕгас ӕмбырды иудзинадыл дӕр. Дихгӕнӕг ӕндӕвдадӕй — зианхӕссӕг дам-думтӕ, иннӕты тыххӕй ӕвзӕр хъуыды кӕнын кӕнӕ быцӕутӕм ӕмхицдзинадӕй — ӕмбырды сабырдзинадӕн тӕссаг куы уа, уӕд хистӕртӕ ӕвӕстиатӕй ратдзысты ӕмбӕлон уынаффӕ (Филиппӕгтӕм 2:2, 3). Зӕгъӕм, хистӕртӕ фӕхатыдысты, ӕмбырды чидӕр иннӕтӕм ӕдзух фаутӕ кӕй хӕссы кӕнӕ иннӕты хъуыддӕгты йӕхи кӕй тъыссы (1 Тимофеймӕ 5:13; 1 Петры 4:15). Хистӕртӕ бацархайдзысты, цӕмӕй ахӕм адӕймагӕн баххуыс кӕной, йӕ зондахаст, Хуыцау нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый ныхмӕ ӕмӕ, «алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн», уыцы принципы ныхмӕ кӕй у, уый бамбарынӕн (Галатӕгтӕм 6:5, 7; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:9—12). Сыгъдӕг Фыстады ӕххуысӕй хистӕртӕ бамбарын кӕндзысты, Иегъовӕ нын бирӕ хъуыддӕгтӕ нӕхи бар кӕй бакодта ӕмӕ ахӕм фарстыты иннӕтыл тӕрхон кӕныны бар кӕй никӕмӕн ис (Матфейы 7:1, 2; Иаковы 4:10—12). Цӕмӕй ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ иу иннӕмӕ ӕнӕууӕнк ахаст хъуамӕ ма дара. Бахъуаджы сахат Фыстадӕй уынаффӕ дӕтгӕйӕ, «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» ӕххуыс кӕнынц ӕмбырды фидыддзинад ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕнынӕн (Ромӕгтӕм 14:19).

Дзуг хъахъхъӕнынӕн

18, 19. а) Кӕмӕй хъахъхъӕнынц мах «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы»? ӕ) Цавӕр къӕппӕгӕй ма хъӕуы хъахъхъӕнын фысты ӕмӕ уый тыххӕй хистӕртӕ цы аразынц?

18 Цыппӕрӕм хӕс: Иегъовӕ «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» уый тыххӕй ратта, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕной «адӕймӕгты хиндзинадмӕ гӕсгӕ, хинӕй сайыны дӕсниадӕй», алыхуызон дымгӕйон ахуырады ӕндӕвдадӕй (Ефесӕгтӕм 4:14). «Хиндзинад»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырды тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый нысан кӕны «хъулӕй хъазгӕйӕ хинӕй рацӕуын», кӕнӕ «хъулӕй хъазынмӕ арӕхсын». Цымӕ нын уый нӕ зӕрдыл нӕ лӕууын кӕны, ӕцӕгадӕй чи аздӕхт, уыдоны цӕстфӕлдахӕн митӕ? Мӕнг ӕмӕ хинӕйдзаг ӕвдисӕйнӕгтӕ хӕсгӕйӕ, уыдон Библийы стихтӕй арӕхстджынӕй «хъазынц», цӕмӕй ӕцӕг чырыстӕтты уырнындзинадӕй фӕиппӕрд кӕной. Хистӕртӕ хъуамӕ цырд лӕууой, цӕмӕй уыцы «тугдзых бирӕгътӕ» дзугӕн мацы зиан ӕрхӕссой! (Куыстытӕ 20:29, 30, НФ).

19 Иегъовӕйы фысты ма хъахъхъӕнын хъӕуы ӕндӕр къӕппӕджытӕй дӕр. Раг заманы Давид фысгӕс куы уыд, уӕд йӕ фыды дзуг хъӕбатырӕй хъахъхъӕдта тугдзых сырдтӕй (1 Паддзахӕдты 17:34—36). Абон дӕр чырыстон ӕмбырды ӕнувыд фыййӕутты хаттӕй-хатт бахъӕуы Иегъовӕйы фысты, уӕлдайдӕр та дзы алцыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг чи хӕссы, уыдоны чи ӕфхӕры кӕнӕ сӕм дӕрзӕг ахаст чи дары, уыдонӕй хъӕбатырӕй хъахъхъӕнын. Хистӕртӕ ӕвӕстиатӕй бацархайдзысты, цӕмӕй, фыддзинад саразыны тыххӕй барӕй цӕстфӕлдахӕн, фӕлитой митӕ чи кӕны ӕмӕ мӕнг чи дзуры, ахӕм тӕригъӕдракӕнджытӕ ӕмбырдӕй цухгонд ӕрцӕуой b (1 Коринфӕгтӕм 5:9—13, абар Псалом 100:7).

20. «Лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» ныл кӕй аудынц, уый фӕрцы ӕдасдзинады цыхуызы стӕм?

20 Уӕдӕ куыд тынг бузныг хъуамӕ уӕм «лӕвӕрттӕй адӕймӕгты хуызы»! Зӕрдӕбынӕй ныл кӕй аудынц, уый фӕрцы мах стӕм ӕдас, уымӕн ӕмӕ нӕ арӕхстджынӕй раст кӕнынц, рӕвдаугӕйӕ нӕ фидар кӕнынц, зӕрдиагӕй архайынц ӕмбырды иудзинадыл ӕмӕ нӕ хъӕбатырӕй хъахъхъӕнынц. Фӕлӕ «лӕвӕрттӕн адӕймӕгты хуызы» ӕмбырды цы бартӕ ис, уымӕ сын цавӕр ахаст ис? Ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд у нӕ бон ӕвдисын? Ацы фарстытыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Грекъаг Септуагинтӕйы «раст кӕнын»-ӕй тӕлмац мивдисӕг пайдагонд цӕуы Псалмы 16:5-ӕм стихы, цыран иузӕрдион Давид куывта йӕ къахдзӕфтӕ Иегъовӕйы фӕндӕгтыл сфидар кӕныны тыххӕй.

b Цӕвиттонӕн кӕс 1979 азы 15 ноябры «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» 31, 32-ӕм фӕрстыл мыхуыргонд «Кӕсджыты фарстытӕ» (анг.) ӕмӕ 1997 азы 1 январы 26—29 фӕрстыл мыхуыргонд статья «Нӕхи хизӕм фыддзинадӕй» (уыр.).

Хъуыды ма кӕныс?

◻ Чи сты «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» ӕмӕ сӕ Хуыцау Чырыстийы уылты ӕмбырдӕн цӕй тыххӕй ратта?

◻ Хистӕртӕ куыд ӕххӕст кӕнынц дзуг раст кӕныны хӕслӕвӕрд?

◻ Хистӕрты бон цы у саразын, цӕмӕй се ’мчырыстӕтты фидар кӕной?

◻ Хистӕртӕн сӕ бон куыд у ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Тӕригъӕд кӕнын хистӕртӕн ӕххуыс кӕны ныфссаст адӕймӕгты фидар кӕнынӕн.

[Ныв 20 фарсыл]

Хистӕрты ’хсӕн иудзинад ахъаз у ӕгас ӕмбырды иудзинадӕн.