Мӕлӕты фӕстӕ цард — цы дзуры уый тыххӕй Библи?
«Сыджыт дӕ ӕмӕ сыджытмӕ ныздӕхдзынӕ» (УӔВЫНАД 3:19).
1, 2. а) Цавӕр алыхуызон хъуыдытӕ ис, мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уый тыххӕй? ӕ) Библи уды тыххӕй цы дзуры, уый бамбарынӕн нӕ цы хъӕуы равзарын?
«ӔНУСОН хъизӕмӕртты ахуырадӕн иумӕйагӕй ницы ис, Хуыцау йӕ фӕлдисондты кӕй уарзы, уыимӕ. [...] Уд цалдӕр азы дӕргъы цы рӕдыдтытӕ сарӕзта, уыдон тыххӕй ӕнустӕм ӕфхӕрд кӕй цӕудзӕн, ӕмӕ йын уыимӕ сраст уӕвынӕн кӕй ницы фадат ис, ууыл ӕууӕндын нысан кӕны зонды ныхмӕ цӕуын»,— загъта индусаг философ Никхиланандӕ.
2 Ацы философау абон дӕр бирӕтӕн сӕ бон нӕу ӕнусон хъизӕмӕртты ахуырадимӕ сразы уӕвын. Растдӕр уыцы аххосӕгтӕм гӕсгӕ иннӕтӕ та не ’мбарынц ахӕм цӕстӕнгӕстӕ, куыд нирванӕмӕ бафтын ӕмӕ ӕрдзимӕ сиу уӕвын. Суанг ма афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, сӕ уырнындзинӕдтӕ Библийыл бындуриуӕг кӕнынц, уыдоны ’хсӕн ис алыхуызон цӕстӕнгӕстӕ, уд цы у ӕмӕ йыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уый тыххӕй. Фӕлӕ Библи ӕцӕгӕй цы дзуры уды тыххӕй? Цӕмӕй уый бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библийы дзырд «уд»-ӕй тӕлмац дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдты нысаниуӕг равзарын.
Цы у уд Библимӕ гӕсгӕ?
3. а) Дзуттаг Фыстыты «уд»-ӕй цавӕр рагон дзуттаг дзырд цӕуы тӕлмац ӕмӕ сӕйраджыдӕр цы нысан кӕны? ӕ) Дзырд «уд» гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй кӕй хауы, уый Уӕвынады 2:7-ӕм стих куыд бӕлвырд кӕны?
3 «Уд»-ӕй тӕлмацгонд у дзуттаг дзырд не́феш ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 754 хатт. Цы нысан кӕны не́феш? «Библи ӕмӕ дины дзырдуат» («The Dictionary of Bible and Religion») куыд амоны, афтӕмӕй уый «арӕхдӕр нысан кӕны удӕгас фӕлдисонд, гоймаг ӕнӕхъӕнӕй». Уый бӕлвырд кӕны Библи, Уӕвынады 2:7-ӕм стихӕй: «Хицау Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы зӕххы рыгӕй, ӕмӕ дзы ныффу кодта царды улӕфт, ӕмӕ адӕймаг сси удӕгас уд». Цымыдисаг у, фыццаг адӕймаг йӕхӕдӕг кӕй «сси» уд. Дохтыр чи сси, уый дохтыр куыд у, афтӕ Адамӕн дӕр уд нӕ уыд; уый йӕхӕдӕг уыд уд. Уӕдӕ дзырд «уд» амоны гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй.
4. Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырд «уд»-ӕй цавӕр дзырд ӕрцыд тӕлмац ӕмӕ сӕйраджыдӕр цы нысан кӕны?
4 Чырыстон Грекъаг Фыстыты сӕдӕ хаттӕй фылдӕр ӕмбӕлы «уд»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд психе́. Куыд не́феш, афтӕ ацы дзырд дӕр арӕх хауы гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй. Цӕвиттонӕн ӕркӕс цалдӕр стихмӕ: «Мӕ уд сызмӕст ныр» (Иоанны 12:27); «Уыд тасдзинад алкӕцы удыл дӕр» (Куыстытӕ 2:43); «Сымахӕй иу уд дӕр нӕ фесӕфдзӕн» (Куыстытӕ 27:22, НФ); «Амардысты Сывӕллоны уды агурджытӕ» (Матфейы 2:20). Куыд не́феш, афтӕ психе́ дӕр хауынц гоймагмӕ ӕнӕхъӕнӕй. Библииртасӕг Найджел Тернер куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы дзырд «хауы адӕймагӕн йӕхимӕ, йӕ физикон буармӕ, кӕцыйы Хуыцау баулӕфыд руах [уд]... [...] Дзырд цӕуы адӕймагыл ӕнӕхъӕнӕй».
5. Цӕрӕгойтӕ дӕр удтӕ сты? Бамбарын ӕй кӕн.
5 Библийы дзырд «уд» ӕрмӕст адӕймӕгтӕм нӕ хауы, фӕлӕ цӕрӕгойтӕм дӕр. Зӕгъӕм, Уӕвынады 1:20-ӕм стих куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй доны цӕрӕгойтӕ фӕлдисгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Уадз доны сӕвзӕрӕд уырынгонтӕ, удӕгас удтӕ». Иннӕ сфӕлдыстадон бон та Хуыцау загъта: «Уадз сӕвзӕрӕд зӕххыл удӕгас удтӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, фос, ӕмӕ хилджытӕ, ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ» (Уӕвынад 1:24; абар Нымӕцтӕ 31:28).
6. Дзырд «уд» Библийы куыд пайдагонд цӕуы, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?
6 Уӕдӕ дзырд «уд» Библийы хауы адӕймагмӕ кӕнӕ цӕрӕгоймӕ; афтӕ ма нысан кӕны адӕймӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты цард дӕр (Кӕс рамкӕ). Удӕн Библи цы бӕрӕггӕнӕн дӕтты, уый у хуымӕтӕг ӕмӕ фӕдфӕдылон, сӕрибар у ныхмӕдзыд философон ахуырӕдтӕ ӕмӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ мӕнгуырнындзинӕдтӕй. Фӕлӕ ӕвзӕры фарст, Библимӕ гӕсгӕ удыл мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
Мӕрдтӕ сты ӕнӕмбаргӕ уавӕры
7, 8. а) Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Фыстад цы дзуры? ӕ) Ӕрхӕсс Библийӕ цӕвиттонтӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц, уд кӕй мӕлы.
7 Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тынг хорз ӕвдыст у Екклесиасты 9:5, 10-ӕм стихты: «Мӕрдтӕ ницы зонынц... Ингӕны, кӕдӕм ацӕуай, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр хъуыдыкӕнынад, нӕдӕр зонындзинад, нӕдӕр зондджындзинад». Куыд зыны, афтӕмӕй мӕлӕт у ӕдзард уавӕр. Псаломзарӕггӕнӕг фыста, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд «аздӕхы йӕ зӕхмӕ; уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иуылдӕр» (Псалом 145:4). Уӕдӕ мӕрдтӕ ницы ӕмбарынц ӕмӕ сӕ бон ницы у аразын.
8 Адамӕн тӕрхон хӕсгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Сыджыт дӕ ӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Уӕвынад 3:19). Цалынмӕ йӕ Хуыцау сыджытӕй не скодта ӕмӕ дзы цард нӕ ныуулӕфыд, уӕдмӕ Адам нӕ уыд. Ӕмӕ куы амард, уӕд та фӕстӕмӕ аздӕхт йӕ раздӕры уавӕрмӕ. Хуыцау Адамӕн рахаста, уӕвынады ӕндӕр формӕмӕ ахизыны тӕрхон нӕ, фӕлӕ мӕлӕты тӕрхон. Ӕмӕ уӕд йӕ уд та цы фӕци? Библийы дзырд «уд» арӕх гоймагмӕ кӕй хауы, уымӕ гӕсгӕ Адам амард, зӕгъгӕ, уый нысан кӕны, кӕй амард уд Адам. Чи зоны, ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй уырны, уыдонмӕ уый диссаг фӕкӕса. Фӕлӕ Библи дзуры: «Тӕригъӕд саразӕг уд амӕлдзӕн» (Иезекиль 18:4). Назорейтӕ фӕдзӕхст уыдысты, цӕмӕй «мард буармӕ [«мард удмӕ», НД]» хӕстӕг ма цыдаиккой (Нымӕцтӕ 6:6). Нымӕцты 23:10-ӕм стихы та Валаам загъта: «Уадз амӕлӕд мӕ уд рӕстаг лӕджы мардӕй».
9. Куыд ӕмбарын хъӕуы Библийы фыст ныхӕстӕ, Рахиль йӕ «уд иста», зӕгъгӕ?
9 Цы зӕгъӕн ис Рахилы трагикон мӕлӕты тыххӕй та, кӕцы амард йӕ дыккаг фырты аргӕйӕ? Уӕвынады 35:18-ӕм стихы дзырдӕуы: «Куы марди ӕмӕ йӕ уд куы иста, уӕд ыл сӕвӕрдта ном: Бенони. Фӕлӕ йӕ йӕ фыд схуыдта Вениамин». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, мыййаг, Рахиль куы амард, уӕд дзы цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ хай кӕй ахицӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, дзырд «уд» адӕймаджы цардмӕ дӕр кӕй хауы. Уымӕ гӕсгӕ ацы стихы Рахилы «уд» нысан кӕны йӕ «цард». Уымӕ гӕсгӕ Библийы ӕндӕр тӕлмӕцты «йӕ уд иста», зӕгъгӕ, тӕлмац у «аргӕ-арын амард» (НТ). Ам, Рахилы мӕлӕты фӕстӕ цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ хай цӕргӕйӕ кӕй баззад, уымӕн йӕ кой дӕр нӕй.
10. Куыд ӕмбарын хъӕуы, идӕдз сылгоймаджы фыртмӕ йӕ уд «фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт», зӕгъгӕ?
10 Ахӕм хъуыды ма ис Паддзахӕдты 3-аг чиныджы 17 сӕры дӕр, цыран дзырдӕуы идӕдз сылгоймаджы фырты райгасдзинадыл. 22 стихы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Илиа лӕппуйы уӕлхъус куы скуывта, уӕд, «Хицау фехъуыста Илиайы хъӕлӕс, ӕмӕ лӕппумӕ йӕ уд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ уый райгас». Ӕмӕ та ам дӕр дзырд «уд» нысан кӕны «цард». Уымӕ гӕсгӕ «Нырыккон тӕлмацы» дзырдӕуы: «Лӕппумӕ йӕ цард фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ уый райгас». Ӕцӕгдӕр, дзырд цыд лӕппуйы буармӕ чи ӕрыздӕхт, ахӕм ӕндӕргон удыл нӕ, фӕлӕ цардыл. Ацы ныхӕстӕ ӕмдзых кӕнынц, Илиа лӕппуйы мадӕн цы загъта, уыимӕ: «Уыныс, дӕ лӕппу [гоймаг ӕнӕхъӕнӕй] удӕгас у» (3 Паддзахӕдты 17:23).
Цы у уд [руах]?
11. Цӕуылнӕ ис гӕнӕн, ӕмӕ «уд» хауа адӕймаджы буарӕй ахицӕнуӕвӕг хаймӕ, кӕцы куыд дзурынц, афтӕмӕй цӕргӕйӕ баззайы?
11 Библийы дзуырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд «рацӕуы йӕ уд, ӕмӕ уый аздӕхы йӕ зӕхмӕ» (Псалом 145:4). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, уд ӕцӕгдӕр буарӕй кӕй ссӕрибар вӕййы ӕмӕ адӕймаджы мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ кӕй баззайы? Уый гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ дарддӕр псаломзарӕггӕнӕг дзуры: «Уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иуылдӕр». Уӕдӕ цы у уд, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы куыд «рацӕуы»?
12. Цы нысан кӕнынц Библийы дзырд «уд»-ӕй тӕлмац рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ?
12 Библийы дзырд «уд» (дзуттагау руа́х; грекъагау пне́ума) сӕйраджыдӕр нысан кӕны «улӕфт». Уымӕ гӕсгӕ «рацӕуы йӕ уд»-ы бӕсты Р. Э. Нокс йӕ тӕлмацы 145 псалмы 4 стихы ныффыста, зӕгъгӕ, «буар нал фӕулӕфы». Фӕлӕ дзырд «уд» ӕрмӕст улӕфты процесс нӕ нысан кӕны. Цӕвиттонӕн, Уӕвынады 7:22-ӕм стихы Ӕппӕтдунеон хъаймӕты адӕймӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты цард кӕй скуынӕг, уый афтӕ ӕвдыст у: «Зӕххыл йӕ фындзыхуынчъыты царды уды [дзуттагау руа́х] улӕфт кӕмӕн уыдис, уыдон иуылдӕр амардысты». Уӕдӕ уд хауы царды тыхмӕ дӕр, кӕцы ис ӕппӕт удӕгас фӕлдисондты, куыд адӕймӕгты, афтӕ цӕрӕгойты дӕр, ӕмӕ ис улӕфты фӕрцы.
13. Мӕлӕты фӕстӕ уд Хуыцаумӕ кӕй сыздӕхы, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?
13 Фӕлӕ уӕд Екклесиасты 12:7-ӕм стихы цӕмӕн ис фыст, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕла, уӕд «уд, чи йӕ ратта, Уымӕ, Хуыцаумӕ сыздӕхдзӕн»? Уый, миййаг, ууыл дзурӕг у, уд ӕцӕгдӕр тыгъдады уылты Хуыцаумӕ кӕй стӕхы? Ацы стихы бынтондӕр уый кой нӕй. Уд царды тых кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уд «сыздӕхдзӕн Хуыцаумӕ», зӕгъгӕ, нысан кӕны, амӕлӕг адӕймаджы дарддӕры царды ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй у баст. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы бон у уд, кӕнӕ царды тых фӕстӕмӕ раттын, цӕй фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон суыдзӕн ногӕй цӕрын (Псалом 103:30). Фӕлӕ Хуыцау уый саразынвӕнд кӕны?
«Райгас уыдзӕн»
14. Цавӕр ныхӕстӕй бафидар кодта Йесо се ’фсымӕр Лазӕры мӕлӕтыл хъынцъымгӕнӕг хоты?
14 Иерусалимӕй ӕртӕ километры дарддӕр къаннӕг хъӕу Вифанийы хотӕ Мариа ӕмӕ Марфӕ хъынцъым кӕнынц, се ’фсымӕр Лазӕр цӕрынхъуагӕй кӕй амард, ууыл. Йесо Лазӕр ӕмӕ йӕ хоты кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр семӕ хъыг кӕны сӕ зианыл. Куыд бафидар кодта Йесо зӕрдӕрыст хоты? Цавӕрдӕр ӕмбисӕндтӕй нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадӕй. Уый загъта: «Райгас уыдзӕн де ’фсымӕр». Йесо бацыд зӕппадзмӕ ӕмӕ Лазӕры райгас кодта, ома цыппар бон мард цы адӕймаг уыд, уый фӕстӕмӕ цардмӕ ӕрыздӕхта! (Иоанны 11:18—23, 38—44).
15. Йесо цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уый куыд бандӕвта Марфӕйыл?
15 Цымӕ Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, Лазӕр «райгас уыдзӕн», уый Марфӕмӕ диссаг фӕкаст? Нӕ, нӕ йӕм фӕкаст диссаг, ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Зонын, кӕй райгас уыдзӕн райгасдзинады, фӕстаг бон». Марфӕ уӕдмӕ дӕр ӕууӕндыд райгасдзинадыл. Уӕд ын Йесо загъта: «Ӕз Дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард; Мӕныл ӕууӕндӕг, куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:23—25). Лазӕр фӕстӕмӕ цардмӕ цы диссаджы хуызы ӕрыздӕхт, уый йын тынгдӕр бафидар кодта йӕ уырнындзинад, афтӕ ма ахъаз уыд иннӕты уырнындзинадӕн дӕр (Иоанны 11:45). Фӕлӕ уӕддӕр цы нысан кӕны «райгасдзинад»?
16. Цы нысан кӕны дзырд «райгасдзинад»?
16 Дзырд «райгасдзинад»-ӕй тӕлмац у грекъаг дзырд ана́стасис, ӕмӕ комкоммӕ нысан кӕны «ногӕй сыстын». Грекъаг дзырд ана́стасис тӕлмац ӕрцыд дзуттаг дзырдбаст техийа́т хаммети́м-ӕй, кӕцы нысан кӕны «мӕрдты ӕрыздӕхт цардмӕ» a. Уымӕ гӕсгӕ райгасдзинад у адӕймаджы ӕрыздӕхт мӕлӕты ӕдзард уавӕрӕй, адӕймаджы йе ’ппӕт хицӕнгӕнӕг миниуджытимӕ ногӕй сфӕлдисын.
17. а) Адӕмы райгас кӕнын Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн зын цӕуылнӕ у? ӕ) «Зӕрдыллӕуӕн зӕппӕдзты» чи ис, уыдон тыххӕй Йесо цавӕр зӕрдӕвӕрд ратта?
17 Иегъовӕ Хуыцау ӕгӕрон зонды хицау кӕй у ӕмӕ алцыдӕр кӕй хъуыды кӕны, уымӕ гӕсгӕ йын зын нӕу адӕймаджы райгас кӕнын. Хуыцау адӕймаджы тыххӕй ӕппӕтдӕр — йӕ миниуджытӕ, йӕ ивгъуыд цард, йӕ удыхъӕды хицӕндзинӕдтӕ — кӕй хъуыды кӕны, уый диссаг нӕу (Иов 12:13; абар Исай 40:26). Ӕмӕ Лазӕры райгасы хабар куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Йесо Чырыстийы мӕрдты райгас кӕнын фӕндгӕ дӕр кӕны ӕмӕ йӕ бон дӕр у. (Абар Лукайы 7:11—17; 8:40—56.) Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты [«зӕрдыллӕууӕн зӕппӕдзты», НД] уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). О, Йесо Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, Иегъовӕ кӕй хъуыды кӕны, уыдоны иуылдӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Уӕдӕ нын Библи бӕлвырдӕй ӕвдисы, уд кӕй амӕлы ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзынӕн иунӕг амал кӕй у райгасдзинад. Фӕлӕ абоны онг зӕххыл миллиардгай адӕймӕгтӕ цард ӕмӕ амард. Чи ис ӕппӕт уыдонӕй Хуыцауы хъуыдыйы, цӕмӕй сӕ райгас кӕна?
18. Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн?
18 Иегъовӕ райгас кӕндзӕн, рӕстады фӕндагыл цӕугӕйӕ йын чи лӕггад кодта, уыдоны. Фӕлӕ милуангай ӕндӕр адӕймӕгтӕ афтӕмӕй амардысты, ӕмӕ сын нӕ уыд, Хуыцауы рӕстаг нормӕтӕм гӕсгӕ цӕрын сӕ фӕндыд ӕви нӕ, уый равдисыны фадат. Иегъовӕйы домӕнты тыххӕй уыдон кӕнӕ бынтондӕр ницы зыдтой, кӕнӕ та сын нӕ бантыст ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ивындзинӕдтӕ саразын. Хуыцау ахӕм адӕймӕгты дӕр хъуыды кӕны ӕмӕ уыдоны дӕр райгас кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы дзырдӕуы: «Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15).
19. а) Райгасдзинады тыххӕй апостол Иоаннӕн цавӕр цӕстылуайӕн ӕрцыд лӕвӕрд? ӕ) Цы ӕрцӕудзӕн ӕппӕрст «артын цадмӕ» ӕмӕ ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбарын хъӕуы?
19 Апостол Иоаннӕн лӕвӕрд ӕрцыд диссаджы цӕстылуайӕн, цыран райгасуӕвджытӕ лӕууыдысты Хуыцауы паддзахбадӕны раз. Иоанн уыцы ныв ахӕм ныхӕстӕй афыста: «Денджыз ратта йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты, мӕлӕт дӕр, зындон дӕр раттой уым уӕвӕг мӕрдты; ӕмӕ алчидӕр тӕрхонгонд уыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ мӕлӕт, ӕмӕ зындон ӕппӕрст уыдысты артын цадмӕ. Уый — дыккаг мӕлӕт» (Раргомад 20:12—14). Ахъуыды ма кӕн! Хуыцау кӕй хъуыды кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр ссӕрибар уыдзысты зындонӕй, ома адӕймагады иумӕйаг ингӕнӕй (Псалом 15:10; Куыстытӕ 2:31). Уый фӕстӕ «мӕлӕт ӕмӕ зындон» ӕппӕрст ӕрцӕудзысты, «артын цад» кӕй хонынц, уырдӕм, ӕмӕ нысан кӕны ӕнусон куынӕгдзинад. Ӕмӕ уӕд адӕймагады иумӕйаг ингӕн нал уыдзӕн.
Диссаджы фидӕн!
20. Цавӕр уавӕрты райгас уыдзысты милуангай адӕймӕгтӕ?
20 Милуангай адӕймӕгттӕ ӕдзӕрӕг зӕххыл нӕ райгас уыдзысты (Исай 45:18). Уыдон райхъал уыдзысты диссаджы уавӕрты: цӕттӕ сын уыдзӕн цӕрӕнбынӕттӕ, дарӕс ӕмӕ алыхуызон хӕринаг (Псалом 66:7; 71:16; Исай 65:21, 22). Фӕлӕ сын чи ӕрцӕттӕ кӕндзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххон райгасдзинады размӕ ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм. Фӕлӕ чи сты уыцы адӕм?
21, 22. Ацы «фӕстаг бонты» чи цӕры, уыдонӕн цавӕр диссаджы фадат ис?
21 Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, ацы цардыуагон системӕйы «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм b (2 Тимофеймӕ 3:1). Тынг тагъд Иегъовӕ Хуыцау ӕркӕсдзӕн адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕмӕ зӕххыл фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 36:10, 11; Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:21, 22). Ӕмӕ уӕд Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон та цы фӕуыдзысты?
22 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ фыдгӕнджытимӕ рӕстгӕнджыты нӕ фесафдзӕн (Псалом 144:20). Ивгъуыд заманты афтӕ никуы бакодта; уӕдӕ зӕхх фыддзинадӕй куы сыгъдӕг кӕна, уӕд дӕр нӕ бакӕндзӕн афтӕ. (Абар Уӕвынад 18:22, 23, 26.) Библийы фӕстаг чиныджы дзырдӕуы, кӕй ис, «стыр утӕхсӕнӕй» (НФ) чи ӕрбацыд, ахӕм «тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Раргомад 7:9—14). О, ацы фыдцардыуагон системӕ кӕм скуынӕг уыдзӕн, уыцы стыр утӕхсӕны «тынг бирӕ адӕм» баззайдзысты удӕгасӕй ӕмӕ бацӕудзысты Хуыцауы ног дунемӕ. Уым коммӕгӕс адӕймагад ӕххӕст пайда райсдзӕн, Хуыцау адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнынӕн цы ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй (Раргомад 22:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ «тынг бирӕ адӕм» мӕлӕт никуы бавзардзысты. Цӕй диссаджы фидӕн у, ӕвӕдза!
Цард ӕнӕ мӕлӕтӕй
23, 24. Кӕд дӕ ӕнустӕм Дзӕнӕты зӕххыл цӕрын фӕнды, уӕд цы хъуамӕ аразай?
23 Цымӕ ацы диссаджы зӕрдӕвӕрдыл ӕууӕндӕн ис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о! Йесо Чырысти фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕм нал мӕлдзысты. Йӕ хӕлар Лазӕры райгас кӕныны размӕ Йесо Марфӕйӕн загъта: «Алкӕцы цӕрӕг ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг нӕ амӕлдзӕн мыггагмӕ» (Иоанны 11:26).
24 Фӕнды дӕ ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрын? Бӕллыс дӕ зынаргъ адӕймӕгты ногӕй фенынмӕ? «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ»,— дзуры апостол Иоанн (1 Иоанны 2:17). Ныр дӕ ӕвӕстиатӕй хъӕуы Хуыцауы фӕндон базонын ӕмӕ уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ уӕд, Хуыцауы фӕндон ныридӕгӕн чи ӕххӕст кӕны, уыцы милуангай адӕймӕгтимӕ иумӕ цӕрдзынӕ зӕххыл Дзӕнӕты.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Кӕд дзырд «райгасдзинад» Дзуттаг Фыстыты комкоммӕ не ’мбӕлы, уӕддӕр райгасдзинады ныфс ирдӕй ӕвдыст у ахӕм стихты, куыд Иов 14:13, Данелы 12:13 ӕмӕ Оси 13:14.
b Кӕс Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», 98—107 фӕрстӕ.
Хуъыды ма кӕныс?
◻ Библи цы ӕвзӕгтыл фыст цыд, уыцы ӕвзӕгты «уд»-ӕй тӕлмац дзырдтӕ, сӕйраджыдӕр, цы нысан кӕнынц?
◻ Мӕлӕты фӕстӕ удыл цы ’рцӕуы?
◻ Библимӕ гӕсгӕ мӕлӕтӕй фервӕзынӕн цавӕр амал ис?
◻ Абон зӕххыл Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ 27 фарсыл]
«Уд» куыд цард
Иуӕй-иу хатт дзырд «уд» фӕамоны адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты цардмӕ. Уый нӕ ивы адӕймагмӕ кӕнӕ цӕрӕгоймӕ хауӕг дзырд «уд»-ы библион нысаниуӕг. Цӕвиттонӕн, адӕймагӕй фӕдзурынц, зӕгъгӕ йын иуыл зынаргъдӕр цы ис, уый у йӕ цард. Афтӕ удӕгас адӕймаг дӕр у уд. Ӕмӕ дзырд удӕгас адӕймагыл кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ «уд»-ӕй зӕгъӕн ис, зӕгъгӕ, уый ис адӕймагӕн.
Зӕгъӕм, Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ уд агурджытӕ се ’ппӕтдӕр амардысты». Бӕрӕг у, знӕгтӕ Моисейы кӕй хъавыдысты марынмӕ (Рацыд 4:19; абар Йесо Навин 2:14; Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:10, АМТ). Ахӕм хуызы спайда кодта Йесо дӕр ацы дзырдӕй: «Адӕймаджы Фырт... ӕрцыд, цӕмӕй... ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28; абар 10:28.) Ацы цӕвиттонтӕй алкӕцыйы дӕр дзырд «уд» нысан кӕны «цард».
[Нывтӕ 27 фарсыл]
Адон иуылдӕр сты удтӕ.
[Барлӕвӕрдӕй]
Hummingbird: U.S. Fish and Wildlife Service, Washington, D.C./Dean Biggins
[Ныв 29 фарсыл]
Йесо равдыста, мӕлӕтӕй фервӕзыны амал райгасдзинад кӕй у.
[Ныв 31 фарсыл]
«Алкӕцы цӕрӕг ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг нӕ амӕлдзӕн мыггагмӕ» (Иоанны 11:26).

