23 ЗАР
Йегови Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй
-
1. Кадӕ Сфӕлдесӕгӕн уӕд,
Ӕ хецауадӕ ’й ӕвӕрд.
Паддзӕхти Паддзах ӕ сӕргълӕууӕг ӕй.
Цийнӕйдзаг алкедӕр уӕд,
Арфӕ Йеговӕн кӕнӕд.
Йесо Киристе нур
Уӕлӕрвти Паддзах ӕй.
БАЗАРД
Уодзӕй зӕнхӕ Йегови барӕ,
Уодзӕнӕй адӕни ’хсӕн уарзт.
Ӕрхӕсдзӕнӕй ӕ Паддзахадӕ
Амонд ӕма ӕносон цард.
Уӕд Хуцау Йеговӕн кадӕ –
Уомӕ ’й алкӕддӕр нӕ каст.
-
2. Йесо нӕ Паддзах иссӕй.
Армагеддон хӕстӕг ӕй.
Сайтани дуйне исӕфтмӕ цӕуй.
Мадта уӕд хабар хӕссӕн,
Беретӕн банхус кӕнӕн.
Сӕрниллӕг ка ’й –
Хуцауи фарс ӕрбалӕууӕд.
БАЗАРД
Уодзӕй зӕнхӕ Йегови барӕ,
Уодзӕнӕй адӕни ’хсӕн уарзт.
Ӕрхӕсдзӕнӕй ӕ Паддзахадӕ
Амонд ӕма ӕносон цард.
Уӕд Хуцау Йеговӕн кадӕ –
Уомӕ ’й алкӕддӕр нӕ каст.
-
3. Йесойӕн кадӕ кӕнӕн –
Хестӕр Разамонӕгӕн.
Е ӕй Хуцауӕй, нимайӕн ӕй мах.
Табу Йеговӕн кӕнӕн,
Уой хуарзӕнхӕй хайгин уӕн.
Алцидӕр бакӕндзӕй
Ӕ Фурти барӕ тагъд.
БАЗАРД
Уодзӕй зӕнхӕ Йегови барӕ,
Уодзӕнӕй адӕни ’хсӕн уарзт.
Ӕрхӕсдзӕнӕй ӕ Паддзахадӕ
Амонд ӕма ӕносон цард.
Уӕд Хуцау Йеговӕн кадӕ –
Уомӕ ’й алкӕддӕр нӕ каст.
(Кӕсӕ ма 2 Сам. 7:22; Дан. 2:44; Рарг. 7:15.)