Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

137 ЗАР

Еузӕрдон силгоймӕгтӕ, нӕ киристон хуӕртӕ

Еузӕрдон силгоймӕгтӕ, нӕ киристон хуӕртӕ

(Ромӕгтӕмӕ 16:2)

  1. 1. Саррӕ, Есфир, Марийӕ, Руф ма Аннӕ –

    Адтӕнцӕ еузӕрдон, сӕрниллӕг, нифсхаст.

    Рохс адтӕй уонӕй Йеговӕн ӕ зӕрдӕ.

    Фӕнзуйнаг нин ӕнцӕ етӕ, зонӕн мах.

    Берӕ хуарз силгоймӕгтӕ уӕд адтӕй.

    Уарзта сӕ Йеговӕ ӕма син кодта аргъ.

  2. 2. Ездон, нифсгун ма фӕлмӕн силгоймӕгтӕ –

    Адтӕнцӕ алкӕддӕр кадгинбӕл нимад.

    Еци силгоймӕгтӕн адтӕй раст сӕ цард.

    Гъӕйдӕ мадта махӕн уӕнтӕ фӕнзуйнаг.

    Айтӕ еузӕрдон, хуӕртӕ, сумах дӕр.

    Арфӕ уӕ лӕггадӕн, сӕрустур ан уи мах.

  3. 3. Хуӕртӕ, кизгуттӕ, мадтӕлтӕ, идӕдзтӕ,

    Хуарз хабар дзоргӕй уӕ зӕрди содзуй арт.

    Бонзонгӕ, коммӕгӕс айтӕ алли хатт,

    Ӕ дӕлбазур даруй ’Стур Хуцау сумах.

    Арфӕ уин кӕнӕд Йеговӕ алкӕд!

    Уодзӕй уин ’нӕмӕнгӕй устур хуӕрзеуӕг тагъд.