Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Иаков Исавӕй фиццаг фурти бартӕ ке балхӕдта, уой фӕрци иссӕй Мессийи рагфиддӕл?

Кӕсгути фарстатӕ

Кӕсгути фарстатӕ

Цума рагон Израили, Мессийӕ ке хӕдзарвӕндагӕй гъӕуама рацудайдӕ, уонӕмӕ ӕнӕмӕнгӕй хестӕр фурти бартӕ гъӕуама адтайдӕ?

Раздӕр ӕй нӕ публикацити уотӕ лӕдӕрун кодтан, уомӕн ӕма нӕмӕ е Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:16 стихмӕ гӕсгӕ раст кастӕй. Еци стихи финст ӕй, Исав «Хуцауи гъуддагӕн... [ке] нӕ аргъ кодта» ӕма «хестӕр фурти бартӕ» хуӕруйнаги къосбӕл ке баййивта. Уотӕ гъуди кодтан, ӕма Иаковӕн «хестӕр фурти» бартӕ лӕвӕрд ку ’рцудӕнцӕ, гъе уӕд иссӕй, Мессийӕ ке хӕдзарвӕндагӕй гъӕуама рацудайдӕ, е (Матф. 1:2, 16; Лук. 3:23, 34).

Фал Библи лӕмбунӕгдӕр ку рартастан, уӕд ӕй фӕууидтан, Мессийӕ ке хӕдзарвӕндагӕй рацудӕй, уонӕй алке хестӕр фурт ке н’ адтӕй. Ӕркӕсӕн цалдӕр хабаремӕ.

Иаковӕн, кенӕ Израилӕн, Лийӕй ка рантӕстӕй, еци фурттӕй фиццаг адтӕй Рувим. Фӕстӕдӕр Иаковӕн фиццаг фурт райгурдӕй ӕ уарзон уосӕ Рахилӕй дӕр. Е адтӕй Иосиф. Рувим фудгъуддаг ку бакодта, уӕд хестӕр фурти бартӕ лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ Иосифӕн (Райд. 29:31–35; 30:22–25; 35:22–26; 49:22–26; 1 Анз. 5:1, 2). Фал Мессийӕ нӕдӕр Рувими, нӕдӕр Иосифи хӕдзарвӕндагӕй рацудӕй. Еци кадӕ ӕрхаудтӕй Иудӕмӕ, Иаковӕн Лийӕй ци фурттӕ райгурдӕй, уонӕй цуппӕрӕймагмӕ (Райд. 49:10).

Мессийӕ ке хӕдзарвӕндагӕй рацудӕй, уонӕй фондзей туххӕй финст ӕй Лукай 3:32. Ӕма куд зиннуй, уотемӕй еугурӕйдӕр адтӕнцӕ хестӕр фурттӕ. Зӕгъӕн, Воози фурт Овид ӕма Овиди фурт Йессей (Руф 4:17, 20–22; 1 Анз. 2:10–12).

Фал Йессеййи фурт Давид ба хестӕр фурт н’ адтӕй. Давид адтӕй ӕстӕймаг фурт, фал уӕддӕр Мессийӕ уой хӕдзарвӕндагӕй рацудӕй (1 Сам. 16:10, 11; 17:12; Матф. 1:5, 6). Давиди фӕсте цӕуй Соломон, фал е дӕр Давидӕн ӕ хестӕр фурт н’ адтӕй (2 Сам. 3:2–5).

Е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма кӕмӕдӕр хестӕр фурти бартӕ ке адтӕй, е ӕппундӕр нецӕбӕл дзорӕг ӕй. Фиццаг игурд фуртӕн кадгин бунат адтӕй ӕма ӕ фиди фӕсте хӕдзари хестӕр арӕхдӕр е исуидӕ. Уомӕй уӕлдай ма ин ӕ фиди бунтӕй ӕмбалдӕй дууӕ хаййи (Райд. 43:33; Дук. з. 21:17; Йес. Н. 17:1).

Фал еуӕй-еухатт хестӕр фурт дӕр ӕ бартӕй фенӕхай уидӕ. Зӕгъӕн, Авраам хестӕр фурти бартӕ Измаилӕн нӕ равардта, фал Исаккӕн (Райд. 21:14–21; 22:2). Удта ма минкъий раздӕр куд загътан, уотемӕй Иакови хӕдзари дӕр хестӕр фурти бартӕ лӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ Иосифӕн, Рувимӕн нӕ, фал.

Нур ба лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн, Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:16 ци финст ес, уомӕ: «Уӕ гъос лӕмбунӕг даретӕ... цӕмӕй уӕ астӕу ма уа хӕтагӕ кенӕ, Исави хузӕн Хуцауи гъуддӕгтӕн ка нӕ аргъ кӕнуй, уӕхӕн – е хестӕр фурти бартӕ баййивта хуӕруйнаги къосбӕл». Цума апостол Павел ци зӕгъунмӕ гъавта?

Ами Павел Мессийи хӕдзарвӕндаги кой нӕ кодта. Е киристӕнтти разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕхецӕн «кодтайуонцӕ раст нӕдтӕ». Уотӕ ку кодтайуонцӕ ӕма сӕхе хӕтундзийнадӕй ку хизтайуонцӕ, уӕд «Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕй ӕнӕхай... [нӕ] фӕцайуонцӕ» (Дзиуит. 12:12–16). Павели унаффӕмӕ ку нӕ байгъустайуонцӕ, уӕд адтайуонцӕ Исави хузӕн. Исав ба Хуцауи гъуддагӕн нӕ аргъ кодта ӕма ӕ бауӕри монцти фӕдбӕл рацудӕй.

Исави дзаманти хӕдзарвӕндаги хестӕр ӕнхӕст кодта саугини ихӕстӕ, ӕма бийнонти номӕй нивӕндтӕ хаста (Райд. 8:20, 21; 12:7, 8; Иов 1:4, 5). Ӕма Исавӕн дӕр, ка ’й зонуй, ӕ бон адтайдӕ нивӕндтӕ хӕссун. Фал Хуцауи гъуддӕгтӕн ке нӕ аргъ кодта, уой туххӕй хестӕр фурти бартӕ цумуйнаги къосбӕл баййивта. Ӕвӕдзи ӕй уотемӕй фӕндадтӕй, Авраами байзӕддӕгтӕ ци зиндзийнӕдтӕбӕл гъӕуама исӕмбалдайуонцӕ, уонӕй ӕхе багъӕуай кӕнун (Райд. 15:13). Хуцауи гъуддӕгтӕн ке нӕ аргъ кодта, е ма бӕрӕг ӕй, мӕнгӕ хуцӕуттӕн ка кувта, дууӕ уӕхӕн силгоймаги ке ракурдта, ӕма уомӕй ӕ ниййергутӕн устур маст ке ӕрхаста, уомӕй дӕр (Райд. 26:34, 35). Фал Иаков ба уой хузӕн н’ адтӕй ӕма ракурдта, ӕцӕг Хуцауӕн ка кувта, уӕхӕн кизгӕ (Райд. 28:6, 7; 29:10–12, 18).

Мадта ци ес зӕгъӕн, Мессийӕмӕ, гъома Киристемӕ ка кодта, еци хӕдзарвӕндаги туххӕй? Еци хӕдзарвӕндаги хестӕр алкӕд хестӕр фурт нӕ уидӕ. Ӕма уой дзиуиттӕгтӕ дӕр зудтонцӕ. Еухатт ма сӕхуӕдтӕ дӕр загътонцӕ, Киристе Йессеййи кӕстӕр фурт Давиди хӕдзарвӕндагӕй ке гъӕуама рацӕуа (Матф. 22:42).