ЙЕГЪОВӔЙӔН ЗӔРДӔРАЙГӔЙӔ ЗАРУТ!

«Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл» (118 зарӕг)

ирон
«Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл» (118 зарӕг)
/assets/ct/7e6416ec85/images/syn_placeholder_sqr.png
sjj 118 зарӕг

118 ЗАРӔГ

«Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

«Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

(Лукайы 17:5)

  1. 1. Ӕнӕххӕст ыстӕм не ’ппӕт дӕр, Йегъовӕ,

    Нӕ зӕрдӕ у ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт.

    Ӕнцонтӕй ныл фӕтых вӕййы тӕригъӕд –

    Вӕййы нӕ уырнындзинад хатт лӕмӕгъ.

    БАЗАРД

    Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, Йегъовӕ.

    Ӕххуыс нын кӕн, зын уавӕры куы уӕм.

    Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, цӕмӕй дын

    Ныхасӕй ’мӕ хъуыддагӕй кад хӕссӕм.

  2. 2. Уырнындзинад нӕм хъуамӕ уа ӕнӕмӕнг –

    Дӕ зӕрдӕ нӕ ӕрмӕст уӕд рухс кӕндзӕн.

    Ӕххуыс кӕндзӕн нӕ уырнындзинад махӕн,

    Ныфсджынӕй алчи фидӕнмӕ кӕсдзӕн.

    БАЗАРД

    Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, Йегъовӕ.

    Ӕххуыс нын кӕн, зын уавӕры куы уӕм.

    Ратт нын фылдӕр уырнындзинад, цӕмӕй дын

    Ныхасӕй ’мӕ хъуыддагӕй кад хӕссӕм.

(Ноджыдӕр кӕс Райд. 8:21; Дзут. 11:6; 12:1.)