Ездрӕ 5:1—17

5  Пехуымпар Аггей+ ӕмӕ пехуымпар Захари+, Иддойы+ фыртыфырт, Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы цы дзуттӕгтӕ уыд, уыдонӕн дзырдтой Израилы Хуыцауы номӕй+, семӕ чи уыд+, уыцы Хуыцауы номӕй.  Уӕд Салафиилы фырт+ Зоровавел+ ӕмӕ Иоседекы фырт Йесо+ ногӕй бавнӕлдтой, Хуыцауӕн Иерусалимы цы хӕдзар уыд, уый аразынмӕ. Семӕ уыдысты Хуыцауы пехуымпартӕ+ дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кодтой.  Уыцы рӕстӕг сӕм, Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы зӕххытӕ ис, уыдоны хицау Фафнай+ ӕмӕ Шефар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Чи уын радта бар, цӕмӕй ацы хӕдзар ӕмӕ ацы хъӕдын къултӕ аразат?»+  Стӕй сӕ бафарстой: «Ацы хӕдзар чи аразы, уыдонӕн сӕ нӕмттӕ куыд хуыйнынц?»  Фӕлӕ Хуыцау дзуттӕгты хистӕр лӕгтӕм йӕ цӕст дардта+, ӕмӕ сын сӕ куыст не ’рлӕууын кодтой, цалынмӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл Даримӕ нӕ фӕхабар кодтой ӕмӕ дзы дзуапп не ’рцыд, уӕдмӕ.  Стыр цӕугӕдоны+ иннӕ фарс цы зӕххытӕ ис, уыдоны хицау Фафнай+ ӕмӕ Шефар-Бознай+ йе ’мбӕлттимӕ+, Стыр цӕугӕдоны иннӕ фарс ма цы дӕлбар хицӕуттӕ уыди, уыдонимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой+,  уым фыст уыд: «Паддзах Даримӕ. Фӕрнӕйдзаг у!+  Паддзах ӕй зонӕд, мах дӕ дӕлбар бӕстӕ+ Иудӕйы, стыр Хуыцауы хӕдзары+ кӕй уыдыстӕм. Уыцы хӕдзар аразынц стыр дуртӕй, йӕ къулты та йын хъӕдтӕ ӕвӕрынц. Адӕм тынг зӕрдиагӕй кусынц ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысы.  Сӕ хистӕр лӕгтимӕ ныхас кодтам ӕмӕ сӕ бафарстам: „Чи уын радта бар, цӕмӕй ацы хӕдзар ӕмӕ ацы хъӕдын къултӕ аразат?“+ 10  Сӕ нӕмттӕй дӕр сӕ бафарстам, цӕмӕй дӕм сӕ хистӕрты нӕмттӕ ныффыссӕм, ӕмӕ, чи сты, уый зонай+. 11  Ӕмӕ нын ахӕм дзуапп радтой: „Мах стӕм арв ӕмӕ зӕхх+ скӕнӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ ныр ногӕй аразӕм, бирӕ азты размӕ цы хӕдзар арӕзт ӕрцыд, уый – уыцы хӕдзар Израилы номдзыд паддзах сарӕзта+. 12  Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ уӕлӕрвты Хуыцауы кӕй мӕсты кодтой+, уый тыххӕй сӕ Хуыцау Вавилоны паддзах халдейаг+ Навуходоносоры+ къухмӕ радта+. Ӕмӕ Навуходоносор ацы хӕдзар ныппырх кодта+, адӕмы та Вавилонмӕ уацары акодта+. 13  Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Кир+ фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар ногӕй саразой+. 14  Ӕмӕ, Хуыцауы хӕдзары цы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ+ уыд, Навуходоносор Иерусалимы кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны+ кувӕндоны кӕй сӕвӕрдта, уыдон дӕр паддзах Кир+ Вавилоны кувӕндонӕй рахаста ӕмӕ сӕ Шешбацармӕ+, хицауӕй кӕй сӕвӕрдта+, уыцы адӕймагмӕ, радта 15  ӕмӕ йын загъта: „Ацу ӕмӕ ацы мигӕнӕнтӕ ахӕсс+, Иерусалимы цы кувӕндон ис, уырдӕм. Ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар йӕ раздӕры бынаты ногӕй саразӕнт“+. 16  Шешбацар Иерусалиммӕ куы ’рцыд, уӕд Хуыцауы хӕдзарӕн бындур сӕвӕрдта+. Ӕмӕ йӕ уӕдӕй абоны онг аразынц, фӕлӕ арӕзт нӕма фӕци“+. 17  Уӕдӕ кӕд паддзах разы у, уӕд, паддзахӕн Вавилоны цы хӕзнадон ис, уым къухфыстытӕм ӕркӕсӕнт ӕмӕ сбӕлвырд кӕнӕнт+, паддзах Кир ӕцӕгдӕр рахаста ахӕм уынаффӕ+, цӕмӕй Иерусалимы Хуыцауы хӕдзар ногӕй саразой ӕви нӕ. Ӕмӕ, ацы хъуыддаджы фӕдыл паддзах цы зӕгъа, уый нын фехъусын кӕнӕнт».

Фиппаинӕгтӕ