БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Хуыцауы цӕрӕнбынат кӕм ис?

ирон
Хуыцауы цӕрӕнбынат кӕм ис?
https://cms-imgp.jw-cdn.org/img/p/502012488/univ/art/502012488_univ_sqr_xl.jpg
ijwbq 8 статья

Хуыцауы цӕрӕнбынат кӕм ис?

Хуыцауы цӕрӕнбынат кӕм ис?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцауы цӕрӕнбынат ис уӕлӕрвты. Дӕ хъус-ма ӕрдар Библийӕ ацы стихтӕм:

 Хуыцаумӕ кувгӕйӕ паддзах Соломон загъта: «Уӕд-иу ӕй фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй» (1 Паддзӕхты 8:43).

 Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, цӕмӕй куывтаиккой сӕ «уӕларвон Фыдмӕ» (Матфейы 6:9).

 Чырысти куы райгас, уӕд бацыд «комкоммӕ уӕларвмӕ, ӕмӕ ныр уый ис уӕлӕрвты, цӕмӕй... ӕрлӕууа Хуыцауы раз» (Дзуттӕгтӕм 9:24).

 Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ алы ран кӕй нӕй цӕры, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уӕлӕрвты.